Урочы темœ: «Хӕдзарон фосы быцау»
Урочы нысан: 1. Бакœсын œмœ равзарын
радзырд «Хӕдзарон фосы быцау».
2. Ахуыр кœнын аразын дзырдтœ,
дзырдтœй хъуыдыйœдтœ.
Ныхасы рœзтыл кусын.
Сывœллœттœм гуырын кœнын
рœсугъд œнкъарœнтœ.
.
Цœст.œрмœг. Интерактивон фœйнœг, нывтœ, чингуытœ.
Урочы цыд.
Орг.хай.
Фонетикон зарядка.
Хœдзарон куыст сбœрœг кœнын.
Физминуткœ.
Ног œрмœг.
Физминуткœ.
Хатдзœг.
Хœдзармœ куыст раттын.
1. Организацион хай.
Боныхъœдœй бафœрсын.
-Уœ бон хорз.
-Сбадут.
-Цœтœ стœм урокмœ, уœдœ нœ куыст райдайœм.
- Зœгъут ма мын:
-Цавœр афœдзы афон у ныр?
-Уалдзœджы разœй та цавœр афœдзы афон уыди?
-Уалдзœджы фœстœ та цавœр афœдзы афон уыдзœн?
-Цавœр афœдзы афон нœ загътам?
-Абон та кœцы нымœц у?
- Къуырийы бонтœй та абон цы бон у?
-Знон та цавœр къуырийы бон уыди?
-Райсом та цавœр къуырийы бон уыдзœн?
- Уœдœ къуырийы цал боны ис?
2. Фонетикон зарядкœ.
А).
-Ракœсут ныр фœйнœгмœ.
-Фœйнœгыл ис кавказаг мыртœ, сфœлхат сœ кœнœм.
Хъ - хъыбыл, хъœдхой, хъуг…
Къ - къаба, къухтœ…
Гъ - булœмœргъ, зыгъарœг…
Б).
– Фœйнœгыл дамгъœтœ.
- Ракœсут фœйнœгмœ.
-Ацы дамгъœтœй мах œртœккœ сарадзыстœм дзырдтœ.
- Дзырдтœй та хъуыдыйад.
Æрцыд уалдзœг.
- Æрцыд уалдзœг. Бœстœ райхъал. Фœхъармдœр. Хуры тынтœм тайы мит.
- Уалдзœджы ма цавœр ивддзинœдтœ œрцœуы?
(- Цъиутœ хъарм бœстœй œрбатœхынц. Райхъуысы сœ зарын).
3.Хœдзармœ куыст.-Радзурут ма хœдзармœ цы œмдзœвгœ лœвœрд уыд уый.
«Уалдзӕг»
Бон чысыл фӕдаргъдӕр,
Хъарм дымгӕ кӕны.
Уалдзӕг, рацу тагъддӕр,
Зӕрдӕ дӕм бӕллы.
Быдыртӕ’мӕ хъӕдтӕ
Хинымӕр тыхсынц,
Алы бон ӕнхъӕлмӕ
Уалдзӕгмӕ кӕсынц.
(Кочысаты М.)
4. Физминуткœ.
Къухтœ! Къухтœ!
Айрœзут!
Къухтœ! Къухтœ!
Атœхут!
Къухтœ! Къухтœ!
Амбœхсут!
Къухтœ! Къухтœ!
Мœнœ стут!
5. Ног œрмœг.
- Ракœсут ма фœйнœгмœ.
- Нœ фœйнœгыл дœр ис цӕрӕгойты нывтœ.
-Зœгъœм –ма, цавœр цӕрӕгойтӕ сты.
- Ацы цӕрӕгойтӕй иу у уœлдай.
- Ахъуыды ма кœнут œмœ зœгъут, кœцы œмœ цœмœн у уœлдай?
- Цœмœй хицœн кœны иннœ цӕрӕгойтӕй?
- Цавœр хœдзарон цӕрӕгойтӕ ма зонут?
- Дзœгъœлы сœ не’рлœууын кодтам нœ зœрдыл хœдзарон цӕрӕгойты.
Абон бакœсдзыстœм радзырд «Хӕдзарон фосы быцау»
- Базондзыстœм цавœр пайда хӕссынц.
- Кœсыны разма уал дзырдтœ равзарœм.
- Ракœсут ма фœйнœгмœ.
1. Дзырдтœ кœсœм иронау.
Быцӕу - спорить
Хуым кӕнын –
Суг –
Ӕхсыр – молоко
Ӕфсадын – кормлю
хъур – хъур кӕнын- пробурчать
фӕллӕйттӕ –
хъахъхъӕнын – сторожить
уегас - все
2. Ныр уœ чингуытœ байгом кœнут 127 фарсыл. Радзырд « Хӕдзарон фосы быцӕу»
-Текст уœхи нымœр бакœсут.
- Фестœм каст.
- Аныхас кœнœм.
Фœрстытœ.
- Цы загъта бӕх?
- Цы загъта хъуг?
- Цы загъта куыдз?
- Куыд уӕм кӕсы раст быцау кодтой хъуг,куыдз ?
- Цы загъта дзуапп радта цын зӕронд лӕг?
5. Кœсœм рольтœм гœсгœ.(автор, бӕх, хъуг,куыдз, лӕг)
6. Физминуткœ.
Хорз бакуыстам. Ныр слœуыт œмœ иу гыццыл ауылœфœм.
7. Хатдзœг.
- Абон нœ урочы цœуыл дзырдтам.
-Мах дзырдтам хӕдзарон фосы тыххӕй.
-Нœ зœрдыл œрлœууын кодтам хœдзарон цӕрӕгойты œмœ бакастыстœм радзырд «Хӕдзарон фосы быцау». Æмœ базыдтам хӕдзарон фос цавӕр пайда хӕссы.
9. Хœдзармœ куыст.
а). Радзырд кœсын.- 127 фарсыл.
Аив кӕсӕм.