Просмотр содержимого документа
«Конспект к уроку осетинского языка "Склонение прилагательного"»
Темæ: Миногон, йæ тасындзæг.
Нысан: 1. Раттын скъоладзаутæн зонындзинæдтæ миногонты тасындзæджы тыххæй.
2. Хауæнтæ сфæлхат кæнын.
Урочы цыд.
1. Организацион хай.
2.Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст:
- Цы хонæм миногон?
- Цавæр фæрстытæн домы дзуапп? (Æрхæссын дæнцæгтæ)
3. Равзарын тæблицæтæ ( фæйнæгыл):
Н. бæрзонд бæлас Н. дур, стыр
Г. бæрзонд бæласы Г. дуры, стыры
Д. бæрзонд бæласæн Д. дурæн, стырæн
И. бæрзонд бæласæй И. дурæй, стырæй
А. бæрзонд бæласмæ А. дурмæ, стырмæ
Æ-б. бæрзонд бæласыл Æ-б. дурыл, стырыл
Ц. бæрзонд бæласимæ Ц. дуримæ, стыримæ
Х. бæрзонд бæласау Х. дурау, стырау
- Цавæр хатдзæгтæ скæнын у уæ бон?
а) Миногон номдаримæ бастæй тасындзæг нæ кæны.
æ) Æнæ номдарæй миногон тасындзæг кæны номдары хуызæн.
4. Аулæфт.
5.Чиныгимæ куыст.
а) Дзургæйæ: фæлтæрæн 153-æм, фарс 69.
æ) Раиртæстытæ, ф. 70-71.
б) Иумæ: фæлтæрæн 155-æм; рафыссын æрмæст миногонтæ.
в) Равзарын тæблицæ: фæлтæрæн 156-æм.
6. Æрмæг фидар кæнын.
Атасындзæг кæнын: хорз æмбал, рæсугъд чызг, урс, сау.
7. Урочы кæронбæттæн.
8. Хæдзармæ куыст:
фарс 70-71 раиртæстытæ, фæлтæрæн 157-æм.