Предметон -хъуыдыйæдты мивдисджытæ агурын зонын; -цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый зонын; | Метапредметон -урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын; -хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын; | Удгоймагон -хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын) |
Архайд æмæ ми æвдисын Мæнæн у алкæддæр мæ хæс. Номдартæм мæхи фæисын, Дæн сын алкæд коммæгæс. ( Мивдисæг). - Мах бызыдтам тæхсæлы тыххæй. Йæ ном у Хъохъо, цæуы йыл 4 азы, ис ын мад æмæ фыд. - Дзырдтæ: лæууы, сæрфы-мæ ма фарстатæ раттут. - Æмæ ма мын зæгъут уæдæ, ацы дзырдтæ цы вдисынц, предмет æви предметы архайд? - Цы ныхасы хай у? Слайд | - Сывæллæттæн сæ хæс у базонын базон – базон. Хъилхъус: Дæ райсом хорз! Тæхсæл: Салам! Кæдæм цæут? Хъилхъус: Мах цæуæм æрдузмæ! Тæхсæл: Кæмæ? Къæбæда: Уызынмæ. Не мбал у. Ды та чи дæ? Тæхсæл: Ӕз дæн Тæхсæл. Мæ ном у Хъохъо. Хъилхъус: Цал азы дыл цæуы? Тæхсæл: Цыппар азы. Къæбæда: Мад æмæ фыд дын ис? Тæхсæл: О. Ис мын мад æмæ фыд. Хъилхъус: Хъохъо, кæдæм цæуыс? Тæхсæл: Никуыдæм. Хъилхъус: Цом махимæ æрдузмæ, уызынмæ. Тæхсæл: Хорз. Цомут! - Хъохъо - 4 азы - мад æмæ фыд - Уæ бон хорз! Мæ ном хуыйны … Мæ мыггаг у … Цæуы мыл … Ис мын мад, фыд, хо æмæ æфсымæр. Æз цæрын горæт Дзæуджыхъæуы. Скъоладзаутæ дзурынц, цы ми кæнынц се мбæлттæ, уый. (Баграт лæууы, Янæ фæйнæг сæрфы) - Цы ми кæны? Цы кæны? - Предметы архайд. - Мивдисæг. Глагол. |