kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Гом урок :"Урсзачъе заронд лаг".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый урок во втором классе. На тему:"Урсзачъе заронд лаг".

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Гом урок :"Урсзачъе заронд лаг".»

Урсзачъе зæронд лæг,

Урс бæхæй æрхызт,

Йемæ нын æрхаста

Диссаджы фæлыст.





Цыппурсы мæй


* Цыппурс зæронд нымадæй бæрæг кодтой, Ног азмæ ма-иу къуыри куы баззад, уæд. Ирон адæмы фыдæлтæ Цыппурс нымадтой Ног азы размæ уд сыгъдæггæнæн къуырийыл, дардтой мархо. Бæрæгбоны-иу бинонты хистæртæ сывæллæтты акодтой кувæндæттæм, ноггуырд лæппуты номыл-иу куывддтæ арæзтой. Хур-иу куы аныгуылд, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ цуры скодта арт. Йæ арт стырдæр æмæ хуыздæр кæмæн у, уый – амондджындæр. Фæсивæд зарыдысты, кафыдысты йæ алыварс, сывæллæттæ йæ сæрты гæппытæ кодтой. Хистæртæ куывтой: Нæ фыдбылызтæ арты басудзæнт, нæ фыдбылызтæ фесæфæнт». Алы бинонты дæр фæндыд, цæмæй сæм Цыппурсы, «хорз къах» кæмæн ис, ахæм адæймаг æрбацæуа.

Бæрæгбоны фынг уыд бæркадджын, бинонты хистæр куывта Цыппурсмæ, куырдта дзы бинонтæн фарн æмæ æххуыс. Сæ фосмæ-иу сын уыцы æхсæв «хорз къах» кæмæн ис бинонтæй, уый зылдис, бинонты хистæр та-иу сæ фæдзæхста фосы Фæлвæрайыл. Райсом раджы та-иу ног арт скодтой, цыдысты сыхæгтæм арфæтæ кæнынмæ.

Цыппурсы бæрæгбон у, цард та ногæй кæй базмæлыд, уый æвдисæн.Хур зæхмæ фæхæстæгдæр, цард йæ иугæндзон цыдæй размæ цæуы.






Тъæнджы мæй

Ног аз

Ног аз у бинонты бæрæгбон. Ног азы бæрæгбон у хъæлдзæгдæр æмæ уарзондæр брæгбон. Хистæр скувы, цæмæй, бинонтæн, сыхбæстæн, ирон адæмæн, æппæт дунейы дзыллæтæн Ног аз ног хæрзтæ æрхæсса, бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсы.

Æртгæнæнтæ

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы сæ кæрты дуармæ арт скæнынц. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сысты, афæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгъгæ. Хистæр раарфæ кæны арты цур чи вæййы, уыдонæн, эианæн рухсаг фæзæгъынц. Уæдмæ фынг сцæттæ вæййы, ныххæлар кæнынц хойраг, нозт, саходынц дзы. Æртгæнæнтæ амоны уый, æмæ тъæнджы мæй ралæууыд, уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ бинонтæй чи фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ йæ алыварс чии с, уыдоны дæр куыд тава уыцы арт.

Бадæнтæ

Ног азæй къуыри куы рацæуы, уæд къуырисæрæхсæв ног мæрдджынтæ фæкæнынц бадæнтæ. Марды æгъдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд марды уд йæ хæдзармæ æртæхы æмæ æхсæв- бонмæ бинонтæм фæкæсы, куыд цæрынц, куыд хъыг кæнынц, кæй нал ис семæ, уый тыххæй. Куы рбарухс вæййы, уæд та, дам , йе нусон бынатмæ атæхы. Бинотæ сæхи бацæттæ кæнынц Бадæнтæм, хойрагæй, нозтæй сцæттæ кæнынц, фæмысынц чи амард, уый. Æхсæвæй бонмæ фæбадынц.

Доныскъæфæн

Ног азæй æхсæз боны фæстæ бæрæг кодтой Доныскъæфæн. Ног азмæ-иу цы басылтæ скодтой, уыдонæй-иу Доныскъæфæнмæ нывæрдтой. Райсом раджы-иу ног чындзытæ æмæ чызджытæ æд басылтæ цыдысты донмæ. Дондзау-иу Хуыцаумæ скуывта, бафæдзæхста-иу бинонты зæдтыл æмæ дауджытыл, басылтæ-иу доны æппæртса, доны чызджытæн. Доныскъæфæнты дон нымад уыд æппæты сыгъдæгдæр кувынæн.

Бынаты Хицауы æхсæв

Ацы бæрæгбон фæкæнынц фыццаг кæнæ дыккаг къуырисæры. Ирон уырнынадмæ гæсгæ алы хæдзар, алы бинонтæн ис йæхи бардуаг. Цæмæй бинонтæ æнæниз, æнæ фыдбылызæй цæрой афæдзы дæргъы, уый тыххæй Бынаты Хицауыл фæдзæхстой сæхи. Ирон адæм ын циндзинады фынгыл арынц йæ ном, табу йын кæнынц, кæстæрты йыл фæдзæхсынц. Бынаты Хицауыæхсæвмæ цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй æцæгæлонæн хæрыны бар нæй, æрмæстдæр бинонтæн.

Хæйрæджыты æхсæв

Кæддæр, дам, адæм æм1 хæйрæлжытæ иумæ цардысты. Сæ ныхас кæрæдзиуыл бадт. Иурæстæджы фæныхмæ сты, æмæ кæд Уастырджи хæйрæджыты фесæфта, уæддæр сæ адæм тарстысты æмæ сын сæрмагондæй сæ ном ардтой. Ацы хсæвы хойрагæй дæр æрмæст бинонтæ аходынц.

Ногбон

Ирон адæмы бæрæгбонтæй уарзондæр у Ногбон. Хистæртæ-иу куывтой: «Бон кыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæд нæ цард, нæ амонд». Кодтой бæрæгбоны арт, цæттæ кодтой бæркадджын фынгтæ. Ногбоны сæрмагондæй куывтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты Хицауæн, къутутæн, фосæн. Фæсивæд-иу зылдысты хæдзæрттыл, куыд ничи сæ базона афтæ-иу сæхиуыл скодтой алы дарæс, арфæтæ кодтой бинонтæн: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг саг уыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа!».Сылгоймæгтæ хыссæйæ кодтой басылтæ, уазджытæн сæ-иу радтой.

Дыгуры Уастырджи

Алы аз Тъæнджы м1йы райдайæны Дыгуры хъæуты цæрджытæ бæрæг кодтой Дыгуры Уастырджийы Бæрæгбон. Бæрæгбон-иу ахаста къуыри. Кувæндоны-иу скодтой иумæйаг куывд. Куывтой Уастырджимæ, куырдтой дзы бинонты фарн, адæмы йыл фæдзæхстой.

Фæцбадæн

Ацы бæрæгбон-иу æрцыд Ног азы æртыккаг хуыцауæхсæвмæ. Фæцбадæны-иу хъæумæ кæнæ хъæуæй фондз боны дæргъы уазæгуаты ничи цыд. Цыппар боны алы хæдзар дæр уыд кувинæгтæ, фæндзæм бон-иу хъæугуывд сарæзтой Идауæги кувæндоны бын. Фæцбадæн нымад уыд карз бæрæгбоныл, суанг мА-иу уыцы бонты исчи куы амард, уæд æм не внæлдтой, нæ йæ ныгæдтой. Фæцбадæны адæм куывтой Идауæгмæ. Уый у адæмы рын æмæ емынæйæ чи хызта, суанг мæрдтæй дæр адæмы фæстæмæ чи здæхта, ахæм бардуаг.



Æртхъирæны мæй

Нафы дзуар

Нафы бæрæгбон баст у Найфатимæ. Найфат у мыггаджы кувæн бынат. Нафæн йæхицæн уыд хуым. Бакуыстой-иу æй Нафы фысымтæ, цы хор-иу æрзад уыцы хуымы, уымæй-иу алы хæдзарæн дæр скодтой дзул. Нафы фысым уыд радыгай, дыууæ хæдзарæй. Иу уыд хистæр фысым, иннæ – кæстæр фысым. Куывдмæ цыдысты æрмæс нæлгоймæгтæ. Абон дæр-ма фæкувынц: «О, Иры Наф!» Ома, Иры бæркад.

Комахсæн

Адæймаг æрмæст бахæрын æмæ баназынмæ нæ рантыст ацы дунемæ, хуамæ рæстæгæй рæстæгмæ йæ уды сыгъдæгдзинадыл дæр ахъуыды кæна. Ацы бæрæгбонæн ис уыцы нысаниуæг. Бæрæгбон-иу ахаста дыууæ къуырийы. Алы бонæн дæр – сæрмагонд нысаниуæг уыд.












Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Сидахъаты Анжелæ

Беслæны фыццæгæм скъола

2011 аз


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 2 класс

Скачать
Гом урок :"Урсзачъе заронд лаг".

Автор: Бурнацева Илита Федоровна.

Дата: 28.10.2016

Номер свидетельства: 352901


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства