kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Гом урок. Миногон.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Гом урок.Миногон.Миногоны грамматикон аууалта.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Гом урок. Миногон.»

Гом урок.

Ирон æвзаджы урок 4 «Б» къласы.

Урочы темæ:Миногон. Миногонты грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.

Ныхасы темӕ:« Æрдз хъахъхъᴁнын -нæ хᴁс».

Урочы нысан: :1. Миногонты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл

Æрлæууын кæнын,равзарын миногоны грамматикон

æууæлтæ æмæ хуызтæ.

2.Раст сæ пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы; скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын .

3. Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын



Урочы метод:беседæ

Урочы эпиграф:«Адæймагæн хъуамæ йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад уына».

И.В.Гете.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:чингуытæ,тетрæдтæ,карточкæтæ, дзырдбыд,зымӕгон ныв интерактивон фæйнæгыл,æмбисæндтæ,уыци-уыцитæ.

Урочы цыд:

1.Мотиваци.

-Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ, æмæ нæм алыбоныæгас цæут. Тынг æхсызгон нын у, абон нæм кæй саккагкодтат, уый.

- Нӕ уазджытӕн зӕгъӕм, уӕ бон хорз.


-Зӕгъут ма мын ныртӕккӕ цавӕр афӕдзы афон у ?

-Ныртӕккӕ у зымӕг.

-Зымӕджы фӕстӕ цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Уалдзӕг.

-Уалдзӕджы фӕстӕ та цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Сӕрд.

-Сӕрды фӕстӕ та цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Фӕззӕг.

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ ныртӕккӕ цавӕр къуырийы бон у?

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ абон у дыццӕг.

-Райсом та цавӕр къуырийы бон уыдзӕн?

-Райсом уыдзӕн ӕртыццӕг.

-Знон та цавӕр къуырийы бон уыди?

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ знон уыди къуырисӕр.

-ᴁмӕ цымӕ боныхъӕд та цавӕр у?

-Асӕст,уазал,мит,бырынцъаг,цъыф.

-Цавӕр боныхъӕдыл ӕрдзырдтам?

-Зымӕгон боныхъӕдыл.

2.Дзырдбыд саразын.

-Уӕд ма мын зӕгъут ӕппӕты уазалд р афӕдзы афон цавӕр у?

-Зымӕг.

-Зымӕджы арӕх цы фӕуары?

-Мит.

-Гыццыл сывӕллӕттӕн цы балхӕдтой (санки)?

--Дзоныгъ.

-Зымӕджы хъармбӕстӕм чи нӕ атӕхы ахӕм маргъ.

-Халон.

-Цӕгатӕй радымдта?

-Дымгӕ.

-Зымӕджы сывӕллӕттӕ уарзынц бырын….

-Къахдзоныгътыл.

-Хъызт аразы рудзгуытыл рӕсугъд ...

-Нывтӕ.

-Цавӕр дзырд уыд нӕ дзырдбыды?

-Миногон.

ӕдӕ абон цæуыл дзурдзыстæм?

-Миногоныл.

ӕдӕ мах абон дзурдзыстӕм миногоныл.

-Сывӕллттæ,цы зонӕм миногоны тыххӕй?

-Миногон у ахӕм сӕрмагонд ныхасы хай,кӕцы ӕвдисы предметӕн йӕ миниуӕг.

Йæ миниуджытæ ма йын ранымайут.

-Ас,формæ,хуыз,ад,хъæд

Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

Дзуапп дӕтты фӕрстытӕн :цавӕр?,цы хуызӕн?,кӕцы?

-мӕ нӕ миногон та цӕмӕн хъӕуы ууыл мах абон æрдзурдзыстæм.

3.Абарӕм ма хъуыдыйӕдтӕ.(интерактивон фӕйнӕг).

Зымæг фæци. Фæци хъызт зымæг.

Дымгæ дымы.. Уазал дымгæ дымы.

-Бакæсæм ма сæ.Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ.

-Дыккаг хъуыдыйæдтæ сты æххæстдæр.

-Цы базыдтат миногоны руаджы?

-Миногонтӕ нын нӕ ныхас кӕнынц ӕххӕстдӕр.

æдæ миногон нын æххæстдæр кæны нæ хъуыдыйæдтæ.

æйнæгыл бакодтам дзырд æххæстдæр).









4.Нывмӕ гӕсгӕ куыст (æрфыст).



-Нывимӕ бакусӕм.

-Цавӕ р афӕдзы афон дзы ӕвдыст цӕуы?

-Зымӕгон ӕрдз.

-Нывыл цавӕр предметтӕ ис?

-Бӕлӕстӕ,къудзитӕ,митгӕлӕбутӕ,арв,хъӕд,къуыбыр,уӕлдӕф.

-ᴁмӕ ма сӕ уӕдӕ срӕсугъд кӕнӕм.

-Рӕсугъд зымӕгон хъӕд.Пух митгӕлӕбутӕ хауынц арвӕй.Урс-урсид пӕлӕз бамбӕрзта бӕлӕстӕ ӕмӕ къудзитӕ.Сӕ ног фӕлыст у тынг аив.Уаза луӕлдӕф уӕнгты хизы.Бӕстӕ тарф фынӕй баци.

æ нывы рæсугъддзинад цæй æххуысæй рабæрæг?

-Миногоны хæссы рæсугъддзинад тексты.

-Иу хатт ма бакæсæм н нывмæ. Ныв уæ зæрдæмæ фæцыдис?

æдæ миногонты руаджы нæ ныв кæны рæсугъддæр.(дзырд рæсугъддæр фæйнæгыл бакæнын).

Абон нæ урокæн эпиграфæн райстам зындгонд немыцаг поэт, философ Гетейы ныхæстæ:

«Адæймагæн хъуамæ йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад уына».


- Куыд уæм кæсы, раст уыдис Гете?«Цæмæн хъуамæ уына адæймагæн йæ цæст æрдзы рæсугъддзинад»? ( Проблемон фарст).

(Сывæллæттæ, чи уæ цавæр æрдзон фæзынд фылдæр уарзы , уый тыххæй 1-2 минуты бæрц сæ хъуыдытæ цыбыртæй дзурынц,

Ахуыргæнæг:

Раст уыди уæдæ Гете, «æрдзы рæсугъддзинад фенгæйæ», адæймагæн

-барухс вæййы йæ зæрдæ,

-фæсыгъдæгдæр вæййынц йæ хъуыдытæ,

-фæхуыздæ вæййы йе ’нæниздзинад.

Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

-Хæдзармæ куыст дæр нын уыд ахæм хæслæвæрдимæ .

-Байгом ма кæнут уæ чингуытæ æмæ уæ тетрæдтæ.

-Сбæрæг ма кæнæм кæнæм хæдзармæ куыст.

Бӕлас, ӕмбал,уӕлдӕф, хъӕрццыгъа.



Бæлас –бæрзонд,цъæх.

Ӕмбал-иузæрдыг,хорз.

Уæлдæф –сыгъдæг,чъизи.

Хъæрццыгъа-лæбурæг.

Бæлас бæрзонд фæцыд. Ме мбал у иузæрдыг. Нæ уæлдæф у тынг чъизи.

Хъæрццыгъа у лæбурæг маргъ.







Ахуыргæнæг: 5.Физминутка.

-Къæх лӕууынц… .

Къæхтæ цæуынц … . –-Къӕхтӕ згъорынц… .

Къӕхтӕ кафынц

-О,мӕ къӕхтӕ,гыццыл къӕхтӕ

-Ох!…





Текст куыст.Бакæсут текст.Бавæрут цухгонд дамгъæтæ дзырдты.

Ссарут миногонтæ.

«Ӕрдз - нæ хæлар».

Ӕрдз адæймагæн у йæ дарæг. Хъæуы йæ хъахъхъæнын.Уæд уыдзæн хъæздыг, аив æмæ рæсугъ... æр.Ӕрдзмæ хауынц цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ.

Бæлæсты фæрцы уæлдæф сыгъдæгдæр кæны рыгæй.

Быдираг æмæ хæххон дидинджыты дæр тонын нæ хъæуы.Уæд куынæг кæнынц.

Хъахъхъæнут æрдз, æмæ нæ Райгуырæн бæстæ уыдзæн ка…ын.



-Цавæр дзырдты ис цухгонд дамгъæтæ?Афыссæм ма сæ: рæсугъддæр,кадджын. Конд сты уидаг æмæ фæсæфтуанæй.

-Ссарут ма мын дзырдбаст миногон номдаримæ бастæй.

-Хæххон дидинджыты.

-Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм хауӕнтӕ .Хауӕнтӕм гӕсгӕ кӕрӕтты ивынад куыд хонӕм?

-Ӕркæсæм ма æмæ зæгъæм миногон Г.х. ис?

-Нæй,Н.х. ис.г

-Цæуылнæ?

-Уымæн æм тасындзæг нæ кæны.

-Ӕмæ уырыссаг æвзаджы нæ кæны тасындзæг номдаримæ бастæй?

-Кæны.Дӕнцӕгтӕ:горные цветы,горному цветку…

-Ацы миногон иннæ миногонтæй цæмæй хицæн кæны?

1)Хӕ ххон(уый у мӕгуыр .Нӕй йын бӕрцбарӕнтӕ.У ахастӕвдисӕг)

2)Рӕсугъд(бындурон),хъӕздыг (уӕлахизон), аив(уӕлахизон),кадджын(уӕлахизон). Ацы къорд у хъӕздыг.Ис дзы бындурон,барӕн ӕмӕ уӕлахизон бӕрцтӕ.Сты миниуӕгӕвдисӕг.



Хатдзӕг. Миногонтӕ тасындзӕг кӕнынц.Фӕлӕ миногонтӕ номдартимӕ бастӕй тасындзӕг нӕ кӕнынц.

8.Къордгай куыст.Раст сӕмбырд кӕнын хъуыдыйӕдтӕ.Зӕгъын цавӕр хъуыдыйӕдтӕ сты.( ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыци).

. Сӕрд цыбыр у,зымӕг даргъ.

Зымӕгон ӕхсӕв ӕнӕкӕрон у.

Урс у сӕкӕрау, ӕмӕ адджын нӕу,фӕлмӕн бӕмбӕгау, ӕмӕ хъарм нӕу.(мит).

Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз.

Рӕсугъд уалдзӕг-хъӕздыг фӕззӕг.



Ӕркӕсут уӕ цурмӕ,уӕ разы карточкæтæ. Уыдонӕй саразын хъӕуы хъуыдыйӕдтӕ.Дыгай партӕтӕй кусут.Раздӕр чи фӕуа ,уый йӕ къух сдардзӕн…

-Цы у ацы хъуыдыйад?

-Ӕмбисонд (уыци-уыци).

-Цы нысан кӕны ?Цӕмӕй рӕсугъд у?

-Миногонтӕй.

-Миногонтӕн ма зӕгъут сӕ ныхмӕвӕрд дзырдт(антонимтӕ).

-Цыбыр –даргъ,зымӕгон –уалдзыгон.

-Хорз.Ныр та ма миногонтӕн урс, адджын, хъарм,фӕлмӕн,рӕсугъд, хъӕздыгӕн ссарут сӕ синонимтӕ.

-Урс –фӕлурс,адджын-хӕрзад,фӕлмӕн-пух,хъарм-тӕвд,рӕсугъд аив,хъӕздыг-бонджын.

-Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз.

Кӕцы хауӕны сты миногонтӕ?

-Д.х.

-Уӕдӕ ма йӕ иу хатт зӕгъӕм,цы хонӕм тасындзӕг.

-Хауӕнтӕм гӕсгӕ кӕрӕтты ивынад хонӕм тасындзӕг.

Хауӕнтӕ ма мын сӕ фӕрстытимӕ радзурут.

ӕдӕ нӕ миногонт цӕмӕн хъӕуынц?

-Миногонты руаджы нӕ ныхас кӕны хъæздыгдæр.

æдæ миногон нын рæсугъддæр кæны нæ хъуыдыйæдтæ.

æйнæгыл бакодтам дзырд хъæздыгдæр).

-Тынг хорз бакуыстат.



Ахуыргæнæг:

- Уæдæ цы нысан кæны миногон?

-Миногон у ахæм сæрмагонд ныхасы хай,кæцы æвдисы предметæн йæ миниуæг.Домы фæрстытæ цавæр? Цыхуызæн? Кæцы?


- Нæ ныхасы миногон цæмæн хъæуы?

-(Кусæн фæйнæгыл дзырдтæ)

Нæ ныхас нын кæны æххæстдæр , рæсугъддæр æмæ хъæздыгдæр.




Уæдæ æрдзы тыххæй та цавæр хатдзæгмæ æрцыдыстæм?

Æрдзы рæсугъддзинад мах хъуамæ: (Ахуыргæнæг амоны)

-уарзæм æй, аудæм ыл æмæ йæ хъахъхъæнæм!

-Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй «æрдз у нæ хæдзар» æмæ нæ хæдзары уавæр та нæхи къухтæй аразгæ у !

- Уæдæ уæ зæрдыл бадарут ацы хъуыды, ма куы йæ ферох кæнут æмæ уын уæд æрдз алкæддæр уыдзæн хорз æмбал дæр, хорз дарæг дæр!




11.Хатдзӕгтӕ:

Раст у . Раст нæу .

1.Миногон нысан кæны предмет.

Раст нæу.

2. Миногон дзуапп дæтты фæрстытæн: цавæр?,цы хуызæн?кæцы?

3.Миногон арæхдæр баст вæййы нымæцонимæ.

4.Миногонтæ вæййынц: миниуæгæвдисæг æмæ

ахастæвдисæг.

5. Миногонтæ хъуыдыйады мидæг арæхдæр вæййынц бæрæггæнæнтæ.


Алчидæр уæ сыфмæ æркæсдзæн æмæ йæхицæн сæвæрдзæн бæрæггæнæн.

1 рæдыдимæ «4»,2 рæдыдимæ-«3».





Ахуыргæнæг:

Уæдæ æрдзы тыххæй та цавæр хатдзæгмæ æрцыдыстæм?

Æрдзы рæсугъддзинад мах хъуамæ: (Ахуыргæнæг амоны)

-уарзæм æй, аудæм ыл æмæ йæ хъахъхъæнæм!

-Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй «æрдз у нæ хæдзар» æмæ нæ хæдзары уавæр та нæхи къухтæй аразгæ у !

- Уæдæ уæ зæрдыл бадарут ацы хъуыды, ма куы йæ ферох кæнут æмæ уын уæд æрдз алкæддæр уыдзæн хорз æмбал дæр, хорз дарæг дæр!



12.Таблица рефлекси.

Урок уыд….

Урочы мӕхи ӕнкъардтон…

ᴁз разы дӕн мӕ куыстӕй..





13. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

-Стыр бузныг,урочы активон кæй уыдыстут, кæрæдзийæн кæй æххуыс кодтат.

- Уæ мадæлон æвза гбирæкæй уарзут, уый бæрæг у. Дзурут иронау æмæ уæ ныййарджыты зæрдæтæ рухс кæнут!

. . 14.Хæдзармæ куыст: ныффыссын цыбыр нывæцæн« Æрдз-нæ дарæг».
























ᴁххæстдæр





Рæсугъддæр





Хъæздыгдæр







«Ӕрдз - нæ хæлар».

Ӕрдз адæймагæн у йæ дарæг. Хъæуы йæ хъахъхъæнын.Уæд уыдзæн хъæздыг,аив æмæ рæсугъ... æр.Ӕрдзмæ хауынц цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ.

Бæлæсты фæрцы уæлдæф сыгъдæгдæр кæны рыгæй.

Быдираг æмæ хæххон дидинджыты дæр тонын нæ хъæуы.Уæд куынæг кæнынц.

Хъахъхъæнут æрдз, æмæ нæ Райгуырæн бæстæ уыдзæн ка…ын.



Хæс.Бакæсут текст.Бавæрут цухгонд дамгъæтæ дзырдты.

Ссарут миногонтæ.





«Ӕрдз - нæ хæлар».

Ӕрдз адæймагæн у йæ дарæг. Хъæуы йæ хъахъхъæнын.Уæд уыдзæн хъæздыг,аив æмæ рæсугъ... æр.Ӕрдзмæ хауынц цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ.

Бæлæсты фæрцы уæлдæф сыгъдæгдæр кæны рыгæй.

Быдираг æмæ хæххон дидинджыты дæр тонын нæ хъæуы.Уæд куынæг кæнынц.

Хъахъхъæнут æрдз, æмæ нæ Райгуырæн бæстæ уыдзæн ка…ын.



Хæс.Бакæсут текст.Бавæрут цухгонд дамгъæтæ дзырдты.

Ссарут миногонтæ.



Сӕрд цыбыр у,зымӕг даргъ.

Зымӕгон ӕхсӕв ӕнӕкӕрон у.

Урс у сӕкӕрау, ӕмӕ адджын нӕу,фӕлмӕн бӕмбӕгау, ӕмӕ хъарм нӕу.(мит).

Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз.

Рӕсугъд уалдзӕг-хъӕздыг фӕззӕг.

















Сӕрд



цыбыр у,



зымӕг



даргъ.



Зымӕгон



ӕхсӕв



афӕдзы

дӕргъ у.



Рӕсугъд



уалдзӕг-



хъӕздыг

фӕззӕг.



Хорзӕн



бын

ма скӕн,

ӕвзӕрӕн



бын ма



ныууадз.





Урс у

сӕкӕрау,



ӕмӕ адджын



, нӕу

фӕлмӕн



бӕмбӕгау,



ӕмӕ хъарм



нӕу.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 4 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Гом урок. Миногон.

Автор: Гаппоева Зарема Ацамазовна

Дата: 13.04.2017

Номер свидетельства: 409051

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(97) "Гом урок.Тема:"Миногон.Миногоны грамматикон аууалта"."
    ["seo_title"] => string(54) "gom_urok_tiema_minoghon_minoghony_ghrammatikon_auualta"
    ["file_id"] => string(6) "409046"
    ["category_seo"] => string(16) "nachalniyeKlassi"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1492100242"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства