Ирæфи райони Чиколай гъæуи Махъоти Алихани номбæл муниципалон фиццаг астæуккаг ахуырадон скъола
Игон урокки пълан 1 къласæн Темæ: «Гъæлæсон æма æмгъæлæсон муртæ. Хæдзайрон цæрæгойтæ»
Ахургӕнӕг: Темурти Оксана Кабекки кизгӕ
Урокки тип: нæуæг зонундзийнæдтæ райсуни урок.
Универсалон Ахурадон Арæхстдзийнæдтæ: Нисæнттæ::
1. Регулятивон: - хебарæй нисан æвæрун зонун темæмæ гæсгæ æма 'й æнхæст кæнун (практикон æгъдауæй).
2. Коммуникативон: - хе позици æвдесун, иннети гъудитæмæ игъосун; - скъоладзаутæн урокки дзоруни фадуаттæ аразун;
- сæ ахургæнæги скъоладзаутæ хæццæ архайунцæ алли кусти хузти (индивидуалон, æмкъæйтти, къуæртти).
Ахурадон: - мурти классификаци зонун (гъæлæсонтæ æмæ æмгъæлæсонтæ); - дзубандий ирæзтбæл косун (нæуæг информацион-коммуникацион технологитæй пайдагæнгæй); - хебарæй гъуди кæнун радзурд схемитæ æма хузтæмæ гæсгæ; - ахур кæнун скъоладзаути гъуди кæнун логикон æгъдауæй, хатдзæгтæ аразун, сæхецæн æмæ кæрæдзей куститæн аргъ кæнун; - маддæлон æвзагмæ уарзондзийнади æнкъарæнтæ игурун кæнун; - дзурдтæ дигоронау-иронау раст дзорун.
Уодгоймагон: - раконд гъуддæгтæн раст аргъ кæнун зонун; - раст фæндаг æвзарун зонун; - сувæллæнтти цæстæрзилд парахат кæнун. -игъосун æма урокки бадуни фæлтæрддзийнадæ ирæзун кæнун.
Хъомбæладон ихæс: - фæллойнæмæ уарзондзийнадæ ирæзун кæнун; - уæрæх кæнун сувæллæнтти зонундзийнæдтæ хæдзайрон цæрæгойти туххæй; -Иристони æрдзи хъæздугдзийнæдтæ зонун æма сæ гъæуай кæнун.
Урок цалцæггонд æрцудæй :
Абети киунугæ (автортæ: Химилонти Азæ, Хъарданти Ларисæ).
Фæйнæг.
Компьютер.
4. Къонверттӕ карточкити хæццæ.
5. Интерактивон фæйнæг. 6. Презентацитæ «Хæдзайрон цæрæгойтæ», «Хетæгкати Коста».
Урокки цуд.
Урокки мотивацион этап (бацæттæгæнæн рæстæг).
-Сувæллæнттæ, абети урокки мах циуавæр æвзагбæл фæдздзорæн? (дигоронау, иронау) – Ци æмдзæвгæ ахур кодтан æвзаги туххæй зæрдивæрдæй, уой еумæ бакæсæн.
Не 'взаг дигорон æй Хуннуй- алайнаг.
Хуарз æй ка нæ зона, Уомæн ходуйнаг! Нæ фарсмæ зарагæ Цæруй дууæ мæлгъи. Къоста ма Геуæрги Лæуунцæ нæ сæргъи.(слайд1)
- Ци фæдзахстонцæ Къоста æма Георги сувæллæнттæн?
Цæттæ дæ хызын дар
Тагъд де скъоламæ уай! Æнæзивæг куы уай, - Хуыздæр бынат дæ бар!
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ
Рохсмæ цæуетæ æнгом. Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ, Скæнтæ муггагмæ 'стур ном!
Сувæллæнттæн сæ карæмæ гæсгæ Къостай туххæй цубурæй презентацибæл æнцойнæгæнгæй радзорун.
Зонундзийнæдти актуализаци.
Тексти амад, гъудиади арæзт æма дзурди структурæ.
- Нæ нихас цæмæй арæзт æй? (гъудиæдтæй). –Циуавæртæ фæуунцæ гъудиæдтæ? (таурæгъон, фарстон, гъæрон). – Гъудиæдтæ ба? (дзурдтæй) –Цæмæй арæзт æнцæ дзурдтæ? (иуæнгтæй) –Цæмæй арæзт æнцæ иуæнгтæ? (муртæй) – Циуавæртæ фæуунцæ муртæ? (гъæлæсонтæ æма æмгъæлæсонтæ) – Гъæлæсонтæ æмгъæлæсонтæй куд хецæн кæнæн? (ивæзунцæ,уæгъдæ гъæлæсæй сæ дзорæн, бæрæггонд цæунцæ сурхæй хурст кълеткæй). – Ци зонæн æмгъæлæсон мурти туххæй? (ивазун нæ комунцæ, дзоргæй гъæлæс æхгæд цæуй, цидæр цæлхдор цума сæ рази фестуй, уотæ, бæрæггонд цæунцæ цъæхæй хурст кълеткæй) –Циуавæр æууæлтæ зонетæ æмгъæлæсонтæн? (зæллангон, æзæллангон, æмкъай)
2. Гъазт «Раст амонæ!»
- Сувæллæнттæ, алке дæр æ ном циуавæр мурæй райдайуй, уой къарточкæй бавдесæд. – Цал иуæнгемæй арæзт æй ном, уой ба – цифрæй.
- Ци зонетæ мурти туххæй?
- Идарддæр сабийтæ гъуди кæнунцæ сæхе фæндонмæ гæсгæ дзурдтæ æма син сæ иуæнгон – мурон анализ
3. Логикон гъазт «Ма фæррæдуйæ!»
- Ай разæй урокки мах цæбæл дзурдтан? (хæдзайрон мæргътæбæл)
Интерактивон фæйнæгбæл æвдист хузтæй сабийтæ æвзарунцæ еу маргъи ном æма имæ аразунцæ хебæрæй схемæ (хъаз, гогуз,уасæнгæ, карк, бабуз). - Сæ иуæнгти нимæдзæ исбæрæг кæнун. Дæнцæн: кæрдæг – дууæ иуонги (кæр-дæг), æма фондз мури (расæ нимайун).
Хатдзæг: дзурди цал гъæлæсони уа, уал иуонги си фæууй.
- Дзурди хæццæ æргъуди кæнун гъудиадæ. - Циуавæр мæргътæ цæруй уæ кæркдойни, уонæбæл радзоретæ.
4.Абети киунуги 12 – аг фарсбæл схемитæмæ гæсгæ бакæсун гъудиæдтæ. Кæркити тургъæ
Мæнæ тургъи кæркдойнæ. Цæрунцæ си мæргътæ. Етæ æнцæ пайда хæдзарæн. – Мæргъти пайдадзийнадæбæл куд бафæрсдзинан? (Ци дæттунцæ мæргътæ?) - Куд ибæл исдзуапп кæндзинайтæ?
(Хæдзайрон мæргътæ æнцæ пайда. Дæттунцæ фид, айкæ, пакъу. Цæрунцæ кæркдойни)
III. Физминуткæ Ой, ой, Чепена Размæ кафгæ Чепена. Ой, ой, Чепена, Фæстæмæ дæр Чепена. Ой, ой, Чепена, Рахес къахæй Чепена. Ой, ой, Чепена, Галеу къахæй Чепена. Ой, ой, Чепена, Кафгæ, заргæ Чепена
IY. Нæуæг æрмæгбæл бакосун
1.Урокки темæ раргом кæнун бацеу – бацеути фæрци Къæдзелгун æй, цуппæркъахуг, Цийнæбæл телуй æ думæг. Æй хæдзарæн ба - гъæуайгæс, Тургъæй нин соруй дзæгъæл уæс. (Куй)
Лæг нæй, рехгун ба æй, Гал нæй, сиугун ба æй. Æхсир дæттуй, гъог ба нæй. (Сæгъæ)
Уарзун æз цади бадун, Цъумур дон мæхебæл калун. Сикъатæй къурццитæ кæнун, Будури цъæх кæрдæг хуæрун. (Къамбец)
Нæ дæлтъæрæ гъунтъуз арс. (Тикис)
-Зæгъæн дзуæппитæ нæуæгæй. (Куй, тикис, сæгъæ, къамбец) Интерактивон фæйнæгбæл æвдист цæунцæ сæ предметон хузтæ.
-Ка уи базудта нæ урокки темæ? (Хæдзайрон цæрæгойтæ) –Ниввæрайтæ уæ размæ ихæстæ. –Циуавæр хæдзайрон цæрæгойтæ ма зонетæ?
Ахургæнæг фæйнæгбæл ауиндзуй таблицæ «Хæдзайрон цæрæгойтæ», æвдесуй мурон-иуæнгон схемæ дзурд «тикис» -æн æма фæрсуй: -Циуавæр предметон хузи номи аккаг æй аци схемæ? - Иронау ба аци дзурдæн циуавæр ном ес? (гæды)
Дзурд тикис –æн мурон - иуæнгон равзурст искæнун фæйнæгбæл.
2.Хетæгкати Коста ниффинста æмдзæвгæ «Гино», уотæ тикисмæ, æвæдзи, дзурдтонцæ. Гино, гино гис! Иу гæды нæм ис, Хъарм фæлмæн кæрц дары, Къонайыл хуыссы, Аргъæуттæ мысы, Хъал зæрдæйæ зары…
Ахургæнæг аййев кæсуй æмдзæвгæ, косуй мурти растдзоруйнадæбæл иронау, зæрдивæрдæй ахургонд цæуй сабийти хæццæ.
-Хæдзайрон цæрæгойти ма куд фæххонунцæ? (фонс)
- Радзоретæ, уæ хæдзари ци фонс даретæ, куд сæмæ зелетæ, ци пайда уин хæссунцæ, уобæл.
Y. Къуæртти кусти хузæ
Дидактикон гъазт «Аразун схемæ!»
Алли къуарæн дæр раттун хæдзайрон цæрæгоййи предметон хузæ. Къуар хузæ æвзаруй æхе фæндонмæ гæсгæ. Практикон æгъдауæй хузæн æ буни бавдесун йе схемæ (гъог, къамбец, уæс, байраг, хæрæг, сæгъæ), иуæнгон – мурон анализ ин искæнун.
- Дзурдти хæццæ æргъуди кæнун гъудиæдтæ. Уæлæмхасæн информаци дæр цæрæгойбæл рæттун.
YI. Нæуæг зонундзийнæдтæ бафедар кæнун.
1. «Абети» 13- аг фарсбæл сюжетон хузæ равзарун, æргъуди кæнун радзурд схемитæмæ гæсгæ
Дæнцæн текст:
- Скъæтæй кæсуй гъог. Уомæн ес минкъий уæс. -Цал гъудиади исаразтан? (дууæ) -Фарстон гъудиадæ схемæмæ гæсгæ æргъуди кæнетæ. (Циуавæр цæрæгойтæ ма цæруй скъæти?)
YII. Презентаций бавдист. - Байамонун хæдзайрон цæрæгойти бæдæлтти нæмттæ (дигорон æма ирон хузи дæр). Дзурдуатон куст: (бавдесун хузтæ)
кæвдæс – фонси, хуæрæндонæ, хуаллаг – фонси хуæруйнаг (курес, сайæн, хуасæ…), цæу (нæл сæгъæ), далис (анздзуд фус), дæркъæ (сæгъи бæдолæ), къæлæу (хæрæги бæдолæ), фур (нæл фус), къæбис (куййи бæдолæ),уæриккæ (фуси бæдолæ), байраг (бæхи бæдолæ), уæс (гъоги бæдолæ).
==============================================================
Гъог – уæс; хъуг – рæуæд. Фус – уæриккæ; фыс – уæрыкк (далис - анз кæбæл цæуй, уæхæн фус; фур – нæл фус). Сæгъæ – дæркъæ; сæгъ – сæныкк. Бæх – байраг. Хæрæг –къæлæу. Куй – къæбис; куыдз – къæбыла Тикис – гæды.
-Фонсæй устурдæр кæци æй? (къамбец, бæх). –Минкъийдæр ба? (тикис). YIII. «Абети» 13- аг фарсбæл схемитæмæ гæсгæ бакæсун хæдзайрон цæрæгойти нæмттæ: фур, фус, уæриккæ,бæх, байраг, цæу, сæгъæ, дæркъæ, дзæргъæ, хъибил,куй, къæбис, тикистæ.
Хатдзæг: - Хæдзайрон цæрæгойтæ устур æнхус хæссунцæ адæймагæн. – Етæ цæрунцæ скъæти. – Куййæн ба фæууй хецæн цæрæнбунат. – Фонсмæ зелун гъæуй, афонæбæл син дæттун хуæруйнаг, дон, сæ бунæттæ кæдзосæй дарун.
IX. Рефлекси
Абони урокки
-Ӕз базудтон…..
-Мӕ зӕрдӕмӕ фӕццудæй….
-Зин мин адтæй….
- Уæ кустæн аргъ скæнетæ, уӕ рази ци «хортӕ» ес уонӕй. Кӕд фондзи фагæ бакустай, уӕд æй сурхæй ниххуарæ, кӕд цуппари фагæ, уӕд кӕрдӕгхузӕй, кӕд ӕрти фагæ, уæдта арвхузӕй.
Ахургæнæг: -Арфӕ уин кӕнун, сувӕллӕнттœ, хъӕбӕр хуарз бакустайтӕ!
Уæ идарддæри ахури уин ӕнтӕстдзийнӕдтӕ уӕ къохи ӕфтуйӕд!