kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Дадайы дыргъдоны". Мыр т, дамгъое Т, т.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок в первом классе.  Мыр т, дамгъое Т,т.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Дадайы дыргъдоны". Мыр т, дамгъое Т, т.»

Дадайы дыргъдоны.

Мыр т, дамгъӕ Т, т

Урочы темæ: Базонгæ кæнын скъоладзауты æмхъæлæсон мыр æмæ дамгъæ Тт – имæ.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты ног мыр æмæ дамгъæ Тт – имæ:

- текст æмæ хъуыдыйады æмбарынад фидар кæнын

- дамгъæ Тт фæйнæгыл æмæ къухфыстыты фыссын.

Зонадон нысан: Ног мыримæ уæнгтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын.

Хъомыладон хæс: Ирыстоны æрдзы хъæздыгдзинæдтæ зонын æмæ хъахъхъæнын.

Урочы нысаны фæстиуджытæ:

- мырон – дамгъон анализ кæнын зонынц,

- ног мыр Тт – имæ арæхсынц кæсын æмæ фыссын.

Зонадон: Скъоладзаутæ æмбарынц мырты классификации /хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ./

Регулятивон: Скъоладзутæ æмбарынц сæ размæ æвæрд хæстæ æмæ йæ æххæст кæнынц.

Коммуникативон: 1. Скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæгимæ архайынц диалоджы.

2. Скъоладзаутæн сæ цæстæнгас урочы дзурыны фадæттæ ис.

Удгоймагон: Алы скъоладзау дæр цымыдис кæны ног зонындзинæдтæ райсынмæ.

Цæстуынгæ æрмæг урочы: 1. Абеты чиныг.

2. Къухфыст.

3. Компьютер.

4. Фæйнæг.

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм нæ урочы ис уазджытæ æмæ сын «Æгас цу» зæгъæм.( сывæллæттæ се ргом здахынц уазджытæм æмæ сын сæ сæртæй кувынц.)

- Сбадут.

2. - Сывæллæттæ абон уæ чи цы зæрдæйы уагимæ æрбацыд урокмæ, уый сбæрæг кæнæм. ( æвдыст цæуы фæйнæгыл ныв). Уæдæ мæн фæнды, цæмæй уæм урочы кæронмæ дæр уа ахæм зæрдæйы ахаст æмæ иууылдæр баззайат нæ урокæй разыйæ.

3. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм нæ урок цæмæй райдайæм, уый.

Цас уарзæм ирон æвзаг,

Уый зæгъæн дæр нæй.

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.

4.Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

- Зæгъут ма , цæмæй конд у нæ ныхас? (нæ ныхас конд у хъуыдыйадæй.)

Уæдæ хъуыдыйад та цæмæй арæзт у? (хъуыдыйад арæзт у дзырдтæй.)

- Дзырдтæ та цæмæй арæзт сты? (дзырдтæ арæзт сты уæнгтæй.)

- Уæнгтæ та цæмæй арæзт сты? (уæнгтæ арæзт сты дамгъæтæй.)

- Дамгъæтæ та цæмæй арæзт сты? (дамгъæтæ арæзт сты мыртæй.)

- Мыртæ æмæ дамгъæтæ цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? ( мыртæ мах дзурæм æмæ хъусæм, дамгъæтæ та уынгæ æмæ фысгæ.)

5. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

Айразмæ урочы мах цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм? (дамгъæ х- имæ.)

- Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (æмхъæлæсон.)

Сывæллæттæ кæсынц уæнгтæ.

ха хæ хо ху хы хи хе

ах æх ох ух ых их ех

Искæцы уæнгимæ ма æрхъуыды кæнут дзырдтæ, уæнгтыл дих кæнгæйæ. Цал уæнджы дзы ис?

6. Улæфты рæстæг.

Иу мæ сæр,

Дыууæ мæ къухтæ.

Иу мæ фындз,

Дыууæ мæ хъустæ.

Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

  1. Ног æрмæгмæ рахызт.

- Сымах уыци – уыцитæ уарзут? Базонут ма уæдæ мæнæ ацы уыци – уыцитæ.

Даргъ йæ хъустæ,

Даргъ йæ рихи,

Къуыпп йæ рустæ

Къуырд йæ къæдзил. (тæрхъус)

Адих мА йæ кæнæм уæнгтыл.

Урс пæлæзæй бæстæ хгæд

Хæдзары та фесты дон. (мит)

- Цавæр мырæй райдыдта ацы дзырд?

8. Нывтыл бакусын.

ТЕУА

ТÆРХЪУС
ТУТИ
ТИГР

Зæгъут ма уæдæ, уæдæ нæ зонындзинæдты къæбиц абон цавæр дамгъæйæ фæфылдæр? ( Т,т.)

Экраныл æвдисын мыр æмæ дамгъæ Т,т.

Иууылдæр ма зæгъæм ацы мыр т. Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (æмхъæлæсон.)

Кæсынц уæнгтæ.

та ту ти тæ ты то

Ацы уæнгтимæ аразæм дзырдтæ, дих сæ кæнæм уæнгтыл.

Дамгъæ т- имæ ма æрхъуыды кæнут дзырдтæ.

Фæйнæгыл æвдисын дамгъæ т куыд фыссын хъæуы,уый.Сывæллæттæ уæлдæфы фыссынц дамгъæ Т, т.

Фæйнæгыл фыссынц дамгъæ Т, т.

6.Къухфыстыты куыст.

9.Улæфты рæстæг.

Мах цæуæм, цæуæм, цæуæм,

Зокъотæ æмбырд кæнæм.

Иу зокъо, дыууæ зокъойы,

Зокъотæ дæр хин сты.

Къудзиты бын амбæхсынц.

8. Дзырдбыд.

Ацы кæрдо бæлас у диссаджы бæлас. Хуымæтæг кæрдотимæ ма йыл зайы алæмæты кæрдотæ дæр – дамгъæтимæ. Алæмæты кæрдотæ хъæуы æртонын цæмæй базонæм æбæхст дзырд.

бæлас

Терк

хæдон

æнгуз

мит

судзин

хырх

9. Чиныджы фарсыл бакусын.

Ныр та байгом кæнут уæ чингуытæ ( ф. 52). Байхъусут сывæллæттæ, æз уын ныртæккæ бакæсдзынæн текст. Тексты сæмбæлдзыстут мæнæ ахæм æнæзонгæ дзырдтыл.

тыртына - белка ( хонынц ма йæ æхсæрсæттæг дæр.)

тырты – барбарис

тутти – попугай

Кæсын текст.

Радыгай каст.

Фæрстытæн дзуаппытæ дæттынц.

10.Сфидар кæнын зонындзинæдтæ.

- Тынг хорз бакуыстат абон, сывæллæттæ.

- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм цавæр мыр æмæ дамгъæимæ базонгæ стæм?

- Мыр т хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?

Кæд дæхимæ гæсгæ хорз бакуыстац, алцыдæр бамбæрстай, уæд бæласыл сырх фæткъуытæ æрцауындзут. Кæд ма дæхимæ гæсгæ цыдæр нæ бамбæрстай, уæд та бæласыл æрцауындз цъæх фæткъуытæ.

11. Хæдзармæ куыст.

Къуыхфыстыты кæронмæ ныффыссын.





1 кълас Темæ: «Хъæды бæлæстæ»

«Лесные деревья»

Урочы нысан: 1. Учить называть деревья по -осетински.

2. Учить читать слоги и слова с буквой «в»,

читать неполные предложения, вставляя пропущенные слова.

3. Прививать любовь к окружающей среде.

Урочы ифтонг: компьютер, чиныг , нывтæ , къухфыстытæ.

(показ слайдов)

Лексика отрабатывается хором и индивидуально.

1 «.Ранымайæм –ма хъæды бæлæстæ

- Цавæр бæлæстæ зайы хъæды?

-Хъæды зайы алыхуызон бæлæстæ: …

Урочы цыд:

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Урочы девиз:

А-тæ, Б-тæ нын кæсын

У нырма ,бæгуыдæр, зын.

Цæй-ма,сабитæ ,æрбадæм,

Базонæм мах Б дæр, А дæр.

Определение настроении у детей.

Объявить тему урока «Хъæды бæлæстæ.»

Небольшое вступительное слово о пользе леса.

Фонетическая зарядка:

Хъ ,з ,дз ,къ,с.

Введение и закрепление новых слов.

Название деревьев на слайдах:

Уисхъæд –клён

Заз – ель

Сусхъæд –липа

Тулдз- дуб

Ввожу учащихся в ситуацию урока:

Уыгæрдæнæй бацыдыстæм хъæдмæ.Цы рæсугъд у хъæд!

Хъæды зайы алыхуызон бæлæстæ.

Игры « хъæд», «Эхо».

Развитие умений реплицирования

Учу задавать вопросы и отвечать на них:

-Цавæр бæлæстæ зайы хъæды?

-Цавæр бæлæстæ зайы уæ кæрты?

-Цавæр бæлæстæ зайы не скъолайы цур?

-Цавæр бæлæстæ зайы уæ хæдзары цур?

Къæйттæй куыст.

Куыст сбæрæг кæнын.

Разучивание песенки «Хъæды ис бæлæстæ»

Работа в прописях.

Заглавная и строчная буквы В ,в.

Выделение звука (в)

Физминутка.

Работа с книгой.

Чтение слогов.

Чтение слов хором и индивидуально.

Подведение итогов работы по теме «Хъæды ис бæлæстæ»

Дети рисуют любимое дерево.







Урочы грамматикон темæ: Ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы ныхасы темæ: Зымæгон хъæды.

Урочы нысан: 1. Бакусын ныхасы рæзтыл.

Зонадон нысан: Базонгæ кæнын сывæллæтты хъæды цæрджытимæ, æрдзурын сын сæ царды уавæртыл зымæгон хъæды, дзырдуатон куыст кæнгæйæ.

Хъомыладон хæс: Ирыстоны æрдзы хъæздыгдзинæдтæ зонын æмæ хъахъхъæнын. Фидар кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ. Æрдзурын хи æдасæй куыд дарын хъæуы зымæджы.

Урочы нысаны фæстиуджытæ:

Зонадон: Скъоладзаутæ зонынц цæрæгойты æмæ зымæгон мæйты нæмттæ.

Регулятивон: Скъоладзутæ æмбарынц сæ размæ æвæрд хæстæ æмæ йæ æххæст кæнынц.

Коммуникативон: 1. Скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæгимæ архайынц диалоджы.

2. Скъоладзаутæн сæ цæстæнгас урочы дзурыны фадæттæ ис.

Удгоймагон: Алы скъоладзау дæр цымыдис кæны ногзонындзинæдтæ райсынмæ.

Цæстуынгæ æрмæг урочы: 1. Æмдзæвгæтæ.

2. Аудио фыст.

3. Компьютер.

4. Интерактивон фæйнæг.

5. Сывæллæтты проектон куыст.




 Урочы цыд: 

1. Организацион хай.

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ. (Сывæллæттæ сæ сæртæй кувынц.)

- Сывæллæттæ, абон нæм æрбацыдысты уазджытæ, раттæм ма сын салам.

Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ!!!

- Сбадут.

(Хъуысы дымгæйы ниуын)

- Сывæллæттæ, уый цымæ цæй ниуын у? (Дымгæ)

-Мæнæ мын ме стъолыл цыдæр сыф авæрдта фыдуаг дымгæ.

-Байхъусут-ма, цыма дзы цы фыст ис, уымæ.

Ахуыргæнæг кæсы (Презентации 1,хай):

Хуры цæст æрныллæг,

Нал ис тафс йæ тынты.

Рабæлццон та зымæг

Хъавгæ хохрæбынты.

Хъæууынгты дыууæрдæм

Дымгæ кафы, симы.

Бон кæны куыддæртæ,

Уад рæстæггай ниуы.

-Рацу, зымæг махмæ,-

Саби дзыхæй сиды. –

Рауадз тымыгъ рагъмæ,

Стух æй ног уард миты.

Дзоныгътæ цæттæ сты,

Алкæмæн дæр кæрты,

Ацафон хæхбæсты,

Мит цæмæн нæй рæгътыл?



- Ацы рæсугъд рæнхъытæ ныффыста Мæргъиты Венерæ. Цæй кой дзы

ракодта автор? Уæдæ уæм куыд кæсы, цæуыл ныхас кæндзыстæм абон

нæ урочы?

2Ног æрмæг.

Ахуыргæнæджы ныхас:

–Сымах уæхæдæг уарзут зымæг? Цæмæн?

Афтæ, сывæллæттæ, алкæмæндæр ис йæхи ахаст зымæгмæ. Байхъусут

ма Багаты Ладийы æмдзæвгæмæ:

  • Хъызт ныссæлын кодта

Рудзгуыты æвгтæ.

Ихæй сыл ыскодта

Диссаджы нывтæ.

-Цавæр дзырд дзы не æмбарут.

Дзырдуат: ХЪЫЗТ-тынг уазал. Мороз, холод, стужа.

Хъызт бон- морозный день.



  • Уары мит, сыгъдæг мит уары,

Æрдз у урс – урсид, сыгъдæг.

Чидæр дард кæмдæр ныззары,

Миты цинæй зары лæг

-Куыд æмбарут дзырд – æрдз?

Дзырдуат: Æрдз - природа



  • Урс миты хъæпæнтæ

Сайынц дардмæ цæст.

Зымæджы кæлæнтæ

Алы ран - æмбæхст.

-Куыд æмбарут дзырд – миты хъæпæнтæ?

Дзырдуат: Хъæпæнтæ – миты тъыфылтæ, миты гæлæбуте.



-Бахъуыды кæнут ацы дзырдтæ: ХЪЫЗТ, ÆРДЗ, МИТЫ ХЪÆПÆНТÆ

3. Ахуыргæнæджы ныхас:

Æрдз ахæм диссаджы арæзт у, æмæ дзы хуымæтæджы ницы цæуы. Ирон лæг рагæй æрæгмæ дæр бафиппайдта(бамбæрста), йæ цард æмæ æрдзы ивддзинæдтæ æнгом баст кæй сты, уый. Æмæ нæ къалиндар дæр арæзт уыд уыцы æрдзон ивддзинæдтæм гæсгæ.

Нæ фыдæлтæ афæдзы афонтæ мах куыд сахуыр стæм, афтæ нæ, фæлæ дих

кодтой æндæр хуызы. Афæдзы дих баст уыд сæ цард, сæ куыстимæ, æрдзон

фæзындтимæ. Уымæ гæсгæ алы мæйы ном дæр баст уыд бæрæгбонимæ, кæнæ йын уыд бæлвырд мидис, хъуыды.

Зауырбег, Марат æмæ Сабинæйы бафæндыд уыцы мидис раиртасын.

4. Проект-презентация (отрывок).

Зымæг нæм æрбацæуы йæ æртæ хъæбулимæ, уыдон сты æртæ зымæгон мæйы.

Ныртæккæ уын радзурдзыстæм зымæгон мæйты тыххæй.

  • Декабрь - цыппурсы мæй .

Зымæджы фыццаг мæй. Джеуæргуыбайы стыр бæрæгбоны фæстæ цыппар

къуырийы хордтой урссаг, ома, æхсырæй конд хæринаг. Фос не ргæвстой,

цæмæй сбирæ уой. Ног азыл уыд сæ мæт.

  • Январь –тъæнджы мæй.

Ирон адæм афæдзы фыццаг мæй хуыдтой тъæнджы мæй. Йæ кой нæ ферох абон дæр. Арæх æй фехъусæн ис зæронд адæмæй. Дзырд тъæнг не взаджы фæзынд, нæ раг

фыдæлтæ хæхбæстæм куы балыгъдысты, уæд. Тыхджын уазал бонтæ-иу Кавказы бæрзонд хæхты арæхдæр скодта зымæджы астæу, ома афæдзы райдайæн. Фыруазалæй – иу зæхх æмæ бæлæстæ скъуыдысты, ома тъæнг кодтой. Æвæццæгæн,мæйыл дæр ахæм ном уымæн сæвæрдтой.

  • Февраль-æртхъирæны мæй.

Афтæ хонынц ирон адæм зымæджы фæстаг мæй. Дзырд æртхъирæн цы амоны, уый иууылдæр зонут. Цыбырдæр у, æмæ æртхъирæн кодта, зæгъгæ, мæм фылдæр бонтæ куы хауид, уæд иу адæймаджы комулæфт асæлын кæнин. Нæ фыдæлтæ та-иу загътой «галы комы тæфы йас рахъарм».



Ахуыргæнæджы ныхас:

-Ныртæккæ сын сымах иронау базыдтат сæ нæмттæ. Заур, иу хатт ма нын сæ зæгъ, мах та сæ иумæ дæ фæстæ дзурдзыстæм.



ДЕКАБРЬ - ЦЫППУРСЫ МÆЙ .

ЯНВАРЬ –ТЪÆНДЖЫ МÆЙ.

ФЕВРАЛЬ-ÆРТХЪИРÆНЫ МÆЙ.



6. УЛÆФТЫ РÆСТÆГ.

Къухтæ! Къухтæ!

Айрæзут!

Къухтæ! Къухтæ!

Атæхут!

Къухтæ! Къухтæ!

Амбæхсут!

Къухтæ! Къухтæ!

Мæнæ стут!



7. - Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, зымæгон хъæды цæрæгойтæ та куыд цæрынц?

- Ныртæккæ сын сæхи бафæрсдзыстæм.

- Мæнæ нæм цас уазджытæ æрбацыд! Уæхи ма нын бацамонут.

(Тæрхъус, мыст, æхсæрæг, фыранк, гæркъæраг)

  • Æз дæн тæрхъус. Сæрды вæййын фæныкхуыз, зымæг та скæнын

урс кæрц. Свæййын митæнгæс, æмæ мæ нæдæр рувас не

ссардзæн, нæдæр бæрæгъ, цуанонæй дæр

бамбæхсдзынæн.Боныгон фынæй кæнын нæзы бæласы бын,

æхсæв та рацæуын æмæ мæхи хорз фенын бæласы æрыгон

къалиутæй кæнæ йæ цъарæй. Ноджы ма бирæ уарзын уырыдзы

æмæ къабуска. Тынг зын мын вæййы зымæгон.

  • Æз та дæн мыст. Æз сæрд-сæрддæргъы кодтон æвæрæнтæ:

æмбырд кодтон æнгузтæ, гыркъотæ. Цæрын бæлæсты бын,

мæхицæн дзы цы хуынкъ скæнын, уым. Мæ æвæрæнтæ дæр

уырдæм бамбырд кæнын. Уазалæй бæргæ нæ тæрсын, фæлæ мæм

рувас æдзух æртхъирæн кæны.

  • Æз дæн тыртына - хонынц ма мæ æхсæрсæттæг дæр. Зымæгмæ

мæхи цæттæ кæнын райдайын фæззæджы: бæласы мæрайы

мæхицæн хъарм цæрæнбынат скæнын фæхæссын æм фæлмæн

хъуына æмæ сыфтæр. Мæ зымæгон æвæрæнтæ дзаг вæййынц

æнгузтæй, зокъотæй. Æз зымæгæй æппындæр нæ тæрсын!

Мæ ном у фыранк. Сымахимæ рагæй зонгæ стæм. Æнæмæнг мæ федтат нæ

Республикæйы гербыл. Æз зымæгмæ æвæрæнтæ нæ фæкæнын. Æз цуанæй

цæрын. Мæ цæрæнбынат уæлиау хæхты, уым мæхи бахъахъхъæнын хъызт

зымæгæй. Боныгон арæхдæр уылæфгæ кæнын, цуаны æхсæв цæуын. Зымæг

мæнæн тæссаг ницæмæй у! мах бирæ уарзæм сыгъдæг миты хъазын, равдул-

бавдул дзы кæнын. Фæсхъазт та нæхи хурмæ фæхъарм кæнæм.

  • Уæдæ мæн дæр иууылдæр зонынц! Уымæ æмæ æз алцыдæр

зонын! Æз дæн гæркъæраг! Зымæджы уазæлтты мах нæхи адæммæ хæстæгдæр байсæм æмæ кæддæриддæр вæййæм æфсæст. Мæ ахстон та аразын бæласыл, йæ къалиутæй.



- Мæнæ диссаг! Сеппæт дæр уæхи хъызт зымæгмæ барæвдз кодтат.



  • Зымæджы хъызт чи ницæмæ дары, уый у арс. Уый æнæхъæн зымæг

кæны фынæй. Сæрды йæхи бафсады, фæззæджы йæ хуыгком фæлмæн

хъуына æмæ сыфтæрæй байдзаг кæны, æмæ уалдзæгмæ вæййы æнæмæт.



-Уæ зæрдæмæ цæуы хъæды цæрын?

( сырдтæ дзурынц)

-Хъæд йæ зымæгон дарæсы у аргъауы бæстæйау. Зымæгон хъæды кæд уазал у, уæддæр дзы у тынг рæсугъд. Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Зымæг куы нæ уаид, уæд уалдзæджы хъуыды дæр ничи ‘ркæнид».

- Нæ зынаргъ уазджыте, сымах та уарзут зымæг, цæмæй цæуы уæ зæрдæмæ?

- Стыр бузныг уеппæтæн дæр, тынг цымыдисаг дзуæппытæ нын раттат.



8. УЛÆФТЫ МИНУТ.

Иу мæ сæр,

Дыууæ мæ къухтæ.

Иу мæ фындз,

Дыууæ мæ хъустæ.

Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

9. Ног æрмæг ныффидар кæнын.

Интерактивон фæйнæгыл куыст.

Сывæллæттæ, нæ уазджытæ фæцыдысты уæ зæрдæмæ? Зымæгон кæм æмæ куыд цæрынц, уый бахъуыды кодтат? Ныртæккæ йæ сбæлвырд кæндзыстæм.

Нæ алæмæт хъæды цæрджытæ фæдзæгъæл сты, сæ цæрæнбынæттæ нал арынц.

Чи сын аххуыс кæндзæн равзарын, чи сæ кæм цæры?

Æнæ хæдзарæй та нын чи баззад? (арс) Цæмæн? Нæ цæрæгойтæн хъарм хæдзæрттæ ссардтам, фæлæ зымæг даргъ у. Хæринагæй дæр ма сæм фæкæсæм. Айуарут - ма нæ Ногазы лæвæрттæ, чи сæ цы уарзы?

-Чи нын баззад æнæ лæварæй? Цæмæн?

Гъе ныр сын ницыуал тас у, зымæджы хъызт сæ ницæмæй бахъыгдардзæн.



10. Хатдзæг. Цы базыдтат нæ абоны урочы ногæй? Уæхимæ уæ

ныййарджытæн дзы цы радзурдзыстут?

11. Хæдзармæ куыст.

Хæдзары бацæттæ кæнут чысыл радзырд: «Зымæг хъæды». Скæнут æм

ныв.



12. Рефлексия. Снежинки.

Сабитæ, фæйнæгмæ ма бакæсут, цы диссаджы ныв дзы ис - «Зымæгон

хъæд». Мах абон нæ урочы ныхас кодтам зымæджы тыххæй: куыд рæсугъд у

зымæгон хъæд, куыд æнкъарынц цæрæгойтæ сæхи . Ныр нæ разы ис

зымæгон ныв, бауадзæм ма дзы уд, сдзурын æй кæнæм. Кæд дæхимæ гæсгæ

хорз бакуыстай, алцыдæр бамбæрстай, дæ зæрдæмæ фæцыд урок, уæд ма дзы миты гæлæбу аныхас.

- Кæд дæхимæ гæсгæ цыдæр нæ бамбæрстай, уæд та дзы аныхас къæвдайы

æртæх.



13. Сывæллæттæ тынг хорз бакуыстат абоны урочы. Бузныг. Нæ урок

кæронмæ æрхæццæ. Баулæфут.







Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол

 Нысан:

1. Сывæллæтты аив кæсын ахуыр кæнын;

2. Ныхасы рæзтыл кусын, кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын;

3.  Цæрæгойтæм уарзондзинад рæзын кæнын.

І.  Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Сабитæ, равдисут ма цавæр æнкъарæнтимæ æрбацыдыстут урокмæ?

- Куыд уæм кæсы, цавæр æнкъарæнтæ нын баххуыс уыдзысты, цæмæй нæ     урок хорз ацæуа?

- Уæдæ бахудæм кæрæдзимæ, кæрæдзийы къухтæ райсæм æмæ размæ нæ ахуыры фæндагыл!

(1 - æм равдыст)

- Сымах зонут, чи сидтис Иры лæппутæм афтæ: «Цæйут æфсымæртау раттæм

 нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ»? (Хетæгкаты Къоста) 

Чи уыдис Хетæгкаты Къоста? (ирон литературæйы бындурæвæрæг)

рæджы йын мах йæ бæрæгбон  бæрæг кодтам, йæ музейы дæр уыдыстæм. 

Зонæм æй, Къоста сидзæрæй баззад. Хорз ахуыр кодта  æмæ дзы стыр лæг кæй рауад. Сымах дæр хорз ахуыр кæнут æмæ  стыр ахуыргонд лæгтæ суы-дзыстут. 

І І.  Рацыд æрмæгимæ куыст.

-Цы уын уыдис бакæсынмæ лæвæрд? (Хъайтмазты Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Сидзæр» сахуыр кæнын зæрдывæрдæй)

- Кæй фæнды радзурын?       (1-3 ахуырдзауы дзурынц)

-Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрд уæ зæрдæты æмдзæвгæмæ хъусгæйæ?

(сæныккæн тæригъæд кодтам, уымæн æмæ æнæ мадæй баззад)

-Мадæлты уарзын хъæуы?

- Мадæлтæн хъæуы æххуыс кæнын, бирæ сæ уарзын хъæуы. Æнæ мадæй фос дæр æмæ адæймаг дæр мæгуыр у. Уарзут уæ мадæлты. 

ІІІ.  Улæфты минут. 

                Иу мæ сæр, дыууæ мæ хъустæ.

               Иу мæ фындз, дыууæ мæ къухтæ.

               Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

               Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

ІV  Ног æрмæг.

1. - Сабитæ, уыци – уыцитæ уарзут?

 

   - Исчи уæ зоны уыци – уыцитæ?

  - Цымæ мын мæ уыци – уыци базониккат?

                                Уыци – уыци:           

                                                    

                          Хуынчъыты мæ фаджысты

                          Боныгон фæбадынц

                          Æхсæвы та агъуысты

                          Алы къуымтæ къахынц. (мыст)

- Сымахæй искуы исчи мыстытæ федта?

(2,3,4 - æм равдысттæ)

 - Цы зиан хæссынц?

- Куыд тох кæнын хъæуы семæ?

- Кæмæ уæ ис гæды? Сæ нæмттæ та цы хуыйнынц? Цавæр дамгъæйæ сæ

  ныффысдзыстут? Цæмæн?

- Уарзут уæ гæдыты. 

- Уарзут сæ! Хæринагæй сæ цух ма уадзут!

2. - Цæй тыххæй уыдзæн нæ абоны ног темæ? (мыст æмæ гæдыйы тыххæй)

(5 - æм равдыст)

    -  Абон базонгæ уыдзыстæм Гаглойты Григолы радзырд

        «Мысты зарæг»-имæ.

    - Ацы радзырды сæмбæлдзыстут ахæм  зын дзырдтимæ:

(6 - æм равдыст)

      а)  ралæст - рабырынд

      б)  къуыпп - къуыбыр

      в)  афæлгæст - акаст

      г)   дзыхълæуд – æвиппайды æрлæууын

  Ахуыргæнæджы каст: 

-Цы уацмыс бакæсдзынæн, уый цы у: аргъау æви радзырд?

     4.   Хинымæр каст.

- Уæхæдæг ма йæ бакæсут æмæ кърандасæй фæбæрæг кæнут зын

   æмбарæн дзырдтæ.

           Экраныл цы дзырдтæ ис уыдонимæ та хъуыдыйæдтæ ссарут. 

      5.   Хъæрæй   каст.

- Цæмæн сфæнд кодта азарын Мыст?

- Зонут, куыд фæзары цъысцъысаг?                (7 - æм равдыст)

- Цы бæллæхы бахауд Мыст?                            (8 - æм равдыст) 

6.   Æвзаргæ каст.

-Ссарут æмæ бакæсут:

       а)  - Цы загъта Мыст?

       б)  - Куыд ахъуыды кодта Гæды?

       г)  - Кæцы рæнхъытæ ис зæгъæн, куыд æмбисонд? Куыд æй æмбарут?

      (Хорз кæнын цы нæ зоныс, уый цалынмæ базонай, уæдмæ йæ ма кæн.)       

      д) – Бæрæг у, кæцы афæдзы афон æрцыд ацы цау?
          -  Бамбарæн ис текстæй афæдзы афон ?
         

(9 - æм равдыст)

 

V Улæфты минут.  

                                              

(10 - æм равдыст)

 

7.  Ныв равзарын:

                                     

- Цы уынут нывы? Бакæсут ма, аргъауы кæцы хаймæ конд у ныв.

 

- Сабитæ, сымах та цы сныв кæниккат?

 

8.  Рольтæм гæсгæ каст:

 

- Цал архайæджы ис аргъауы?

 

Чи сты?

                               

9. Равдыстад.

 

- Кæй уæ фæнды радзурын æмæ равдисын аргъау?

 

(11 - æм равдыст)

 

VІ.   Хæдзармæ куыст: фарс 76  рольтæм гæсгæ аив кæсын  зонын, .

 

VІІ.  Урочы кæронбæттæн.

 

-Урок уæ зæрдæмæ фæцыд?

 

          - Исчи  уæ æнкъард кодта урочы?

 

         - Равдисут ма, цавæр æнкъарæнтимæ цæут урокæй?

 







Темæ: «Цæуыл зарыд дон?»

Урочы нысантæ:

1. 1.Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын

     кæнын.

2.Ныхасы рæзтыл бакусын.

3. Ахуыр  кæнын æрдзы рæсугъддзинад 

    æнкъарыныл,æрдз  хъахъхъæныныл

Цæстуынгæ æрмæг: интерактивон фæйнæг, презентации,       ахуыргæнæн чингуытæ, хуызджын гæххæтт, хæсгард.

              Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.Хъуысы цæугæдоны уынæр

         - Байхъусут ма доны уынæрмæ

          - Уæ зæрдæмæ цæуы?

- Хъæлдзæг уынæр кæны дон æви æнкъард?

- Куыд уæм кæсы, дон хъæлдзæг цæмæн у?

- Уæдæ чи зæгъдзæн, абон цæй тыххæй дзурдзыстæм?

 

 

    1. Ног æрмæгыл куыст

Дзырдуатон куыст:

   Бæрз – береза

   Сæгуыт – косуля

    Нартхор – кукуруза

3.Ахуыргæнæг кæсы радзырд

- Зæгъут-ма, цæуыл зарыд дон?

4Улæфты рæстæг.

5. Рефлекси (бафидар кæнын)

1. Сывæллæттæ кæсынц цæггай.

2. Радзырды мидисыл бакусын

- Зæгъут-ма, искуы хæххон суадоны раз уыдыстут7 Кæд æмæ кæм? Радзурут-ма, цы хуызæн уыд?

-Кæй хъуыдытæм байхъуыстам мах та ацы суадоны тыххæй?

- Ссарут-ма тексты архайджытæй алкæйы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.

3.Рольтæм гæсгæ каст.

6.Æмбисæндтæ доны тыххæй.

    1. Дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.

    2. Дон – царддæттæг.

    3. Дон адæмы сыгъдæг кæны,

    адæм та йæ чъизи  кæнынц.

7.Ирыстоны цæугæдæттæ:

-Ирыстоны та цавæр цæугæдæттæ ис? Ранымайут-ма сæ. (слайдтæ равдисын)

-Елхоты та цавæр цæугæдон ис?

 

8.Къордтæй  куыст.

Срæсугъд кæнæм æрдз.

Фæйнæгыл фидаргонд ныв гæххæттыл. Сывæллæттæ æртæ къордыл адих кæнын æмæ сын хæслæвæрд радтын:

1-аг къорд – ралыг кæнын хуызджын гæххæттæй   

                         бæлæстæ

2-аг къорд – кæсæгтæ

3-аг къорд – дидинджытæ

Бафидар сæ кæнын гæххæттыл

- Ракæсут-ма нæ иумæйаг нывмæ. Уæ зæрдæмæ цæуы?

- Уæдæ, сывæллæттæ, бацархайæм ууыл, цæмæй нæ æрдз уа афтæ рæсугъд, уый та у махæй аразгæ.

9.Урочы хатдзæгтæ

-Чи уæ цы базыдта ногæй ацы урочы?

-Цы уæм фæкаст цымыдисагдæр?

-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?

 

10.Хæдзармæ куыст.

Радзырд аив хъæлæсæй кæсын зонын, хи ныхæстæй дзурын, ныв скæнын.

Показать полностью

Просмотр содержимого документа
«Конспект урока по осетинскому языку. »

Темæ: «Цæуыл зарыд дон?»

Урочы нысантæ:

1. 1.Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын

кæнын.

2.Ныхасы рæзтыл бакусын.

3. Ахуыр кæнын æрдзы рæсугъддзинад

æнкъарыныл,æрдз хъахъхъæныныл

Цæстуынгæ æрмæг: интерактивон фæйнæг, презентации, ахуыргæнæн чингуытæ, хуызджын гæххæтт, хæсгард.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæджы разныхас (мотиваци)

- Уæ бон хорз! Диссаджы рæсугъд уалдзыгон бон скодта, æмæ, нæ зæрдæ дæр цæмæй афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм, сывæллæттæ.

2. Мыртæ раст дзурыныл куыст . Фæйнæгæй иумæ кæсынц:

Хъал дон

Цъититæй - хæл-хæлæй,

Къæдзæхты - цыхцырæй,

Уырдгуыты - кæл-кæлæй,

Лæнчыты – æхсырæй,

Уайы æмæ уайы.

Тар æхсæвты, бонты,

Циу, цы у фæллайын,

Уый æппын нæ зоны.

Алчидæр æмбары:

Дон фырцинæй зары

3.Ног æрмæгыл куыст

Хъуысы цæугæдоны уынæр

- Байхъусут ма доны уынæрмæ

- Уæ зæрдæмæ цæуы?

- Хъæлдзæг уынæр кæны дон æви æнкъард?

- Куыд уæм кæсы, дон хъæлдзæг цæмæн у?

- Уæдæ чи зæгъдзæн, абон цæй тыххæй дзурдзыстæм?




 

  1. Ног æрмæгыл куыст

Дзырдуатон куыст:

Бæрз – береза

Сæгуыт – косуля

Нартхор – кукуруза

3.Ахуыргæнæг кæсы радзырд

- Зæгъут-ма, цæуыл зарыд дон?

4Улæфты рæстæг.

5. Рефлекси (бафидар кæнын)

1. Сывæллæттæ кæсынц цæггай.

2. Радзырды мидисыл бакусын

- Зæгъут-ма, искуы хæххон суадоны раз уыдыстут7 Кæд æмæ кæм? Радзурут-ма, цы хуызæн уыд?

-Кæй хъуыдытæм байхъуыстам мах та ацы суадоны тыххæй?

- Ссарут-ма тексты архайджытæй алкæйы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.

3.Рольтæм гæсгæ каст.

6.Æмбисæндтæ доны тыххæй.

  • Дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.

  • Дон – царддæттæг.

  • Дон адæмы сыгъдæг кæны,

адæм та йæ чъизи кæнынц.




7.Ирыстоны цæугæдæттæ:

-Ирыстоны та цавæр цæугæдæттæ ис? Ранымайут-ма сæ. (слайдтæ равдисын)

-Елхоты та цавæр цæугæдон ис?




8.Къордтæй куыст.

Срæсугъд кæнæм æрдз.

Фæйнæгыл фидаргонд ныв гæххæттыл. Сывæллæттæ æртæ къордыл адих кæнын æмæ сын хæслæвæрд радтын:

1-аг къорд – ралыг кæнын хуызджын гæххæттæй

бæлæстæ

2-аг къорд – кæсæгтæ

3-аг къорд – дидинджытæ

Бафидар сæ кæнын гæххæттыл

- Ракæсут-ма нæ иумæйаг нывмæ. Уæ зæрдæмæ цæуы?

- Уæдæ, сывæллæттæ, бацархайæм ууыл, цæмæй нæ æрдз уа афтæ рæсугъд, уый та у махæй аразгæ.

9.Урочы хатдзæгтæ

-Чи уæ цы базыдта ногæй ацы урочы?

-Цы уæм фæкаст цымыдисагдæр?

-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?




10.Хæдзармæ куыст.

Радзырд аив хъæлæсæй кæсын зонын, хи ныхæстæй дзурын, ныв скæнын.








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 1 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
"Дадайы дыргъдоны". Мыр т, дамгъое Т, т.

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 18.12.2019

Номер свидетельства: 532626


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства