kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Арсы гуыроен бон"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Гом урок 1 къласы. Темое: " Арсы гуыроен бон". Мыр пъ, дамгъое Пэ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Арсы гуыроен бон"»

6


Темœ: «Арсы гуырӕн бон»

Мыр œмœ дамгъœ Пъ, пъ.


Урочы нысан: 1. Бацамонын мыр [пъ]-йы кœсыны œгъдœуттœ.

2. Бацамонын дамгъœтœ пъ фыссын.

3. Фœарфдœр кœнын сывœллœтты зонындзинœдтœ уыци-уыциты, базон-базонты тыххœй.


Æмхасœнтœ урокмœ: Абеты чиныг, œмдзœвгœ «Дзывылдар», нывтœ, интарактивон фӕйнӕг.


Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

–Уœ бон хорз, сывœллœттœ. Абон нœм нœ урочы ис уазджытœ œмœ сын œгас цœут зœгъœм. Сбадут.


  1. Рацыд œрмœг зœрдыл œрлœууын кœнын.

–Нœ зœрдыл ма œрлœууын кœнœм, сывœллœттœ, нœ ныхас цœмœй конд у? (хъуыдыйœдтœй).

- Хъуыдыйœдтœ та цœмœй конд сты? (дзырдтœй)

-Нœ дзырдтœ та дзургœйœ цœмœй арœзт сты? (мыртœй)

- Фысгœйœ та? (дамгъœтœй)

- Мыр та цы у? Цы йœ кœнœм? (дзургœ œмœ хъусгœ)

- Дамгъœ та? (уынгœ œмœ фысгœ)

- Мыртœ та цавœртœ вœййынц? (хъœлœсонтœ œмœ œмхъœлœсонтœ)

- Æмœ œмхъœлœсонтœ кœрœдзийœ цœмœй хицœн кœнынц?( зыл.ӕмӕ ӕзыл.)


3. Хœдзармœ куыстœй бафœрсын.

- Ныр та нын уœ œмдзœвгœтœ радзурут. « Дзывылдар».


ДЗЫВЫЛДАР

Æнгуырдар – дзывылдар,

Кæм хæтыс зымæг?

Цы бæстæ, цы хæхтæ

Фæтæхыс уынæг?



Кæм рæзынц, кæм цæрынц

Дæ хотæ, дæ мад?

Тæхуды, тæхуды,

Кæмæн ис дæ цард!



4. Ног œрмœгыл бакусын.


А) Дзырдуат.

Хъӕддаг цӕрӕгойтӕ- дикие животные

Дзӕбидыр – тур

Гуырӕн бон – день рождения

Лӕвар кӕнын – дарить

Алыхуызон –разные

Гыркъо- шишка


Б) -Цы уынут нывы?

Хъӕддаг цӕрӕгойтӕ.

- Цӕвӕртӕ?

Арс, рувас, бирӕгъ, тӕрхъус, уызын, дзӕбидыр.

- Арс хъӕлдзӕг у?

О, арс у хъӕлдзаг.

- Цӕмӕн? Абон арсӕн йӕ гуырӕн бон у?

О , абон арсӕн у йӕ гуырӕн бон .

- Цавӕр хъӕддаг цӕрӕгойтӕ ӕрбацыдысты арсмӕ?

Ӕхсӕрсӕттӕг, рувас, бирӕгъ, тӕрхъус, уызын ӕрбацыдысты арсмӕ йӕ гуырӕн бонмӕ.

-Арсӕн йӕ гуырӕн бонмӕ чи цы ӕрбахаста?

Ӕхсӕрсӕттӕг ӕрбахаста гыркъотӕ

Бирӕгъ – мӕнӕргъытӕ

Тӕрхъус – уырыдзытӕ

Уызын та – зокъотӕ

Рувас та дидинджытӕ

- Цавӕр арфа йын ракодтой?

Дӕ райгуырӕн боны фӕдыл дын арфӕ кӕнӕм…


Б) Зарӕг «Арсы гуырӕн бон»

В) Цыбыр сценка …


5. Аулœфт.


6. Ног œрмœгмœ рахызт.

-Абон мах базонгœ уыдзыстœм ног мыр œмœ дамгъœимœ.

Байхъусут ма Уырымты Петкайы œмдзœвгœмœ.

Æмдзœвгœйы уыдзœн ахœм дзырдтœ:


Пъырыпъыф – физалис

Пъӕртт – удар, треск


Пъырыпъыф ныссырх и,

Мӕнӕргъыйау раст.

Пъӕртт, зӕгъгӕ, ныппырх и

Пъырыпъыф ӕваст.


- Уœ зœрдœмœ фœцыд?

- Æмœ цœй тыххœй у нӕœмдзœвгœ? (Пъырыпъыфы тыххӕй)

Интерактивон фœйнœгыл ныв.

-Цавœр мыр дзы хъуысы арœхдœр? (Пъ)

-Уœдœ абон базонгœ уыдзыстœм ног мыр œмœ дамгъœ Пъ-имœ

Интерактивон фœйнœгыл фыст мыхуыргонд œмœ къухфыст дамгъœ Пъ,пъ.

-Мыхуыргонд дамгъœйыл кœм фембœлœм? (чиныджы)

-Къухфыст дамгъœ та цœмœн хъœуы? (тетрады фыссынмœ)

- Тынг хорз. Иууылдœр ма йœ иумœ зœгъœм.

-Цавœр мыр у [Пъ]? (œмхъœлœсон)

-Æмœ йœ куыд дзурœм? Афтид сыбыртты руаджы œви сыбыртт œмœ хъœлœсы руаджы?(хъœлœс œмœ сыбырты руаджы)

-Уœдœ ахœм œмхъœлœсон мыр цавœр мыр фœхонœм? (ӕзылангон)

-Ныр та ма бакœсут фœйнœгмœ œмœ дзы цы нывтœ уынут, уыдоны нœмттœ дзурут.

Интерактивон фœйнœгыл нывтœ: пъалто, пъадвал, пъалаткӕ, пъырыпъыф.



7. Чиныджы фарсыл бакусын.

-Ныр та ма байгом кœнут уœ чингуытœ 47фарсыл.

-Æркœсут-ма хъуыдыйӕдтӕм.



9. Аулœфт.


10.Тетрады куыст.

-Ныр та уœ тетрœдтœ байгом кœнут œмœ ныффыссœм дамгъœтœ Пъ,пъ.(иу рœнхъ-Пъ, иу рœнхъ-пъ, дзырд - пъалто)

-Тынг рœсугъд ныффысстат. Ныр уœ тетрœдтœ сœхгœнут œмœ сœ стъолы кœрон œрœвœрут.


11. Сфидар кœнын зонындзинœдтœ.

-Тынг хорз бакуыстат абон, сабитœ.

-Нœ зœрдыл ма œрлœууын кœнœм цавœр мыр œмœ дамгъœ сахуыр кодтам?

-Хорз. Абон мах базыдтам бирœ ног дзырдтœ.

- Иу хатт ма ца загъӕм…

- Ныр та ахъазœм иугыццыл. Нывты нœмтты фыццаг дамгъœтœй саразœм ног дзырдтœ.

Интерактивон фœйнœгыл куыст.Ног дзырдтœ: пъалто, пъол.


12. Хœдзармœ куыст раттын.

-Хœдзары сахуыр кœндзыстут чиныджы мыр пъ -иы фарс аив кœсын.

-Ныр та нœ уазджытœн хœрзбон зœгъœм.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 1 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
"Арсы гуыроен бон"

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 25.04.2019

Номер свидетельства: 508405


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства