« Мадӕлтыл уӕ хуыздӕр зарӕг зарут!
Мад. Хœрз цыбыр дзырд. Фœлœ дзы œппœт дуне дœр бацœудзœн. Зœххыл мадœй зынаргъ-дœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рис.
Бирœ поэттœ скодтой зарджытœ мадыл.
Мады нывтœ. ( Зарœг: « Мад» - Баллаев).
Мад! Цœй диссаджы дзырд у, œвœдза! Адœймаджы уœнгты бауарзы ныфс, хъару. Сывœллонœн йœ фыццаг ныхас вœййы « мама». Царды рухс нын фенын кœны мад. Цас œнœхуыссœг œхсœвтœ арвиты, цас уарзондзинад радты йœ хъœбулœн.
Æз – сылгоймаг, цардаразœг дœн,
Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.
Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,
Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.
Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы
Æз – хœдзары минбœркады фынг
Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,
Фарн мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.
Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,
Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.
Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,
Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур.
Фœлœ ныййарœджы зындзинœдтœ цотœй иутœ нœ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скœнынц йœ фыдœбонœн.
Раст у ирон œмбисонд: « Йœ ныййарœджы чи нœ уарзы, уый никœй бауарздзœн».
Мад у œппœты хœрзты райдайœн, дунейы цард-
дœттœг. Уымœн йœ зынтœ авдœнœй райдайынц.
« Ныййарœг мад цœстыгагуыйау хъахъхъœнын
хъœуы» - фыста Къоста.
« Мады ном – œнусон».
(Чеджемты Æ).
Зœххыл ис иунœг хœзна царды
Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.
Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.
Фœсуры зœрдœйы фœллад.
О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,
Ды кœныс кœстœрты œнгом.
Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,
Æнусон чи скœны дœ ном.
Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,
Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.
Куырттаты стыр комы уœрœхы
Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.
Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,
Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.
Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй
Мœ удмœ хур цыма œркаст.
Цы хорз у, чи сбуц кодта мады
Æмœ йын чи радта œгъдау,
Зœххыл уый дзыллœты нымады
Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.
Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы
Хœрзудтœн риссынœ тœрсы
Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.
Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.
Цоты хœс у ныййарœджы буц дарын, йœ хъыджы
ма бацœуын.
Мадмœ.
Бирœ фœрœвдыдтай,
О гыцци, мœн.
Арœх – иу аргъœуттœ
Кодтай мœнœн.
Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,
Авдœн уызтай,
« Ахуысс мын, айрœз мын!»
Заргœ дзырдтай…
Мад зынаргъ у. Мады уарз. Мадœн маст ма кœн. Мадœй бузныг у. Мадмœ хъус.
Мœ нана.
Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,
Цас уарзын нанайы,
Фыны дœр йœ фœлмœн худт
Цœстытыл фœуайы.
Зымœгмœ мын бавœры
Чырыны фœткъуытœ,
Хъулон хъœдуртœй мœнœн
Саразы фœрдгуытœ.
Кœддœриддœр мадыл ауд. Мадимœ хœларœй цœр. Мадау хœлар зœрдœ у.
Нœ сœртœй уын ныллœг кувœм.