Школьное мероприятие.
СЦЕНАРИЙ КО ДНЮ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА 15 МАЯ.
Цели и задачи:
- Показать роль языка в жизни человека и в жизни общества; - прививать любовь и бережное отношение к родному языку и к языку братских народов;
- развивать стремления быть терпимым в обществе людей;
- воспитывать интернационализм; способствовать развитию устной речи учащихся.
1-аг амонӕг
Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махмӕ Ирыстоны фӕзӕгъынц, Уазӕг, Хуыцауы уазӕг у! Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ппӕт дӕр. Уе ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у, абон кӕй ӕрбамбырд стӕм, уый.
2-аг амонӕг
Нӕй баивӕн дӕ цӕсгомӕн кӕйдӕр цӕсгомӕй, уӕд ды дӕхӕдӕг нал уыдзынӕ. Адӕймаг йӕ цӕсгомы сконд фӕивы ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕмӕ йӕ ӕмбӕхсын куы бахъӕуы йӕ «чъизи» хъуыддӕгтӕ. Йӕ зынаргъ адӕмы раз куы нал фӕуӕнды равдисын йӕ цӕсгом. Ӕмӕ уӕд уый цард нал у. Адӕймагӕн йӕ уды конд разыны йӕ цӕсгомӕй , - куы йӕм бакӕсай, уӕд; йе взагӕй – куы йӕм байхъусай, уӕд. Уӕдӕ махӕй алчидӕр ам, йӕ зӕрдӕйы хъуамӕ дара ахӕм хъуыды: «Куыд нӕ ис баивӕн цӕсгомӕн, нӕй афтӕ баивӕн мадӕлон ӕвзагӕн!»
Ацы хъуыды тынг аивӕй равдыста йе мдзӕвгӕйы Хаджеты Таймураз. Байхъусӕм ма йӕм.
Ӕмдзӕвгӕ дзуры Алыккаты Дианӕ 5-ӕм «А» къласы ахуырдзау.
«Ме взаг»
У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,
Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!..
Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,
Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?!
Ды незаманӕй ацы боны онг
Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс.
Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд
Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.
Тыгъд быдыры дыл дымгӕйы ныхмӕ
Лӕхурдта Скиф йӕ тызмӕджы ныхӕстӕ,
«Тох!.. Тох!..» - сӕрмӕттаг сабийы дзыхӕй
Ысхаудта дзырд – лӕг у; ӕрцыд йӕ рӕстӕг!
Фӕлӕ дӕ рӕстӕг а фарнӕй хызта,
Дӕ сыгъзӕрин ӕй ракалын нӕ фӕндыд…
Ныззарыд уӕд ирон лӕппу – Къоста –
Ӕмӕ дӕ тулдз йӕ уидӕгтӕм нызмӕлыд.
Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг, –
Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,
Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ызнаг), –
Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!
1-аг амонӕг
Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы взагӕй!
Байхъусӕм ма уӕдӕ нӕ кӕстӕр фӕсивӕдмӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у, уымӕ.
Ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынц ӕртыккаг ӕмӕ фӕндзӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ.
(«Дзур-иу, дзур иронау.» Джабиты Т.Х.
«Ирыстонӕн.» Томайты Шамил.
«Мадӕлон ӕвзаг.» Чеджемты Ӕхсар.
«Мадӕлон ӕвзаг.» Цырыхаты Керымбег.
«Мадӕлон ӕвзаг.» Джиоты Азеринӕ.
«Ирон ӕвзаг - мӕ уды рухс.»Цогойты-Хуырымты А.
«Ирон дзырд.» Дзуццаты Зӕл.
«Нӕртон ӕвзаг.» Касаты Аслан.
2-аг амонӕг
Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс, йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ:
Ӕмдзӕвгӕ «Ирон дзырдтӕ.»
3-аг амонӕг
Адӕймаг амондджын уӕд у, куы базона аргъ кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн, йӕ фыды зӕххӕн, сӕрибарӕн, йӕ мадӕлон ӕвзагӕн, еуӕд ӕхсиддзӕн йӕ дадзинты алкӕддӕр ирон туг!
Йӕ райгуырӕн бӕстӕ чи уарзы, уый сӕрбӕрзондӕй, сӕрибарӕй йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуры, зӕгъгӕ, къӕлӕт хӕссыныл чи не сразы уа йӕ царды, ӕрмӕстдӕр уый бахъахъхъӕндзӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕрмӕстдӕр ирон туг кӕмӕн фыцы йӕ риуы, еуый нӕ ферох кӕндзӕн йе взаг.
Ӕмдзӕвгӕ «Ӕз нӕ хастон къӕлӕт.»
Ӕмдзӕвгӕ «Ирон туг.»
Цард бӕллиццаг у уӕд, кад дын куы кӕной , цы адӕмы хсӕн цӕрыс, уыдон, фӕлӕ кады аккаг та уыдзынӕ уӕд, ӕмӕ куы зонай , куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг!
Ирон дзырды рӕсугъд азӕлд,
Куыд уарзон дӕ, куыд адджын дӕ!
Ныййарӕджы фӕлмӕн узӕлд,-
Ирон ӕвзаг – дӕ зарджытӕ.
Ирон ныхас – цӕугӕ кадӕг,
Нӕ фӕндагыл ӕрвхуыз суадон.
Ирон ӕвзаг, ирон зарӕг –
Нӕ фарны сӕр, нӕ хӕзнадон!
2-аг амонӕг
Ирон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Уыдон, куыд байхъуыстат, афтӕмӕй, диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр.
3-аг амонӕг
Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.
Байхъусӕм ма уӕдӕ ирон адӕймаджы сагъӕстӕм.
Хуыгаты Мырзабег. «Иры взаг – мӕ сагъӕс.»
1-аг амонӕг
Ирон лӕгӕн йе взаг ӕрмӕст йӕ сагъӕс нӕу. Уый у , Дзуццаты Хадзы-Мурат куыд загъта, афтӕмӕй – йӕ хъарӕг дӕр, йӕ зарӕг дӕр, йӕ фарн дӕр, йӕ цин дӕр ӕмӕ йӕ уарзт дӕр.
Ӕмдзӕвгӕ «Ме взаг.»
2-аг амонӕг
Историйы дард фӕндӕгтыл, ӕнусты сӕрты ӕрхаста ирон фарн махӕн ирон дзырд, цӕмӕй йӕ мах дӕр бахъахъхъӕнӕм скифтӕ ӕмӕ сӕрмӕттау.
«Ирон дзырд.» Хъодзаты Ӕхсар.
«Ирон дзырд.» Чеджемты Ӕхсар.
3-аг амонӕг
Абон мах куыд бамбӕрстам, афтӕмӕй «Ирон лӕг хъуамӕ баззайа иронӕй!» афтӕ фыста Айларты Михал, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм мах не ппӕт дӕр.
Ӕмдзӕвгӕ «Ирон лӕг хъуамӕ баззайа иронӕй.»
Ууыл абон нӕ бӕрӕгбоны хӕс сӕххӕст кодтам.
Стыр бузныг уын. Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг, мадӕй зынаргъдӕр нӕй, мады руаджы базонӕм, цы взагыл дзурӕм, уый, ӕмӕ йын кад кӕнын хъӕуы цӕрӕнбонты!
Скачать материал
Краткое описание документа:
Цели и задачи: Показать роль языка в жизни человека и в жизни общества; - прививать любовь и бережное отношение к родному языку и к языку братских народов;
- развивать стремления быть терпимым в обществе людей; воспитывать интернационализм.
В настоящее время огромное значение имеет интернациональное воспитание школьников. Особенно с тех пор, как бывшие социалистические республики захотели стать отдельными государствами. Минимум для двух поколений продемонстрировали неприемлемое проживание в мире и в дружбе, а сейчас, когда появилась опасность извне, то опять возвращаются на круги своя, как заблудший сын к отцу. И это очень хорошо, конечно. Но посеянное семя даёт свои ростки. А нам, учителям опять расхлёбывать и начинать сначала.
Автор [Написать]
Музаева Заира Аскеровна
Дата добавления
18.01.2015
Раздел
Начальные классы
Подраздел
Другие методич. материалы
Просмотров
741
Номер материала
315696 Получить свидетельство о публикации
слово,осетинский язы - Кораева Фиолета Тареловна
Скачать:
uarzyn_u00e6z_iron_nyhas.docx
14.14 КБ
Уарзын æз ирон ныхас ,ирон дзырд!
Ирон æвзаг куы нал зона ирон ,
Уæд уый уыдзæни æнæ уидаг бæласау
Ирон æвзагæн чи кæна кæрон
Уый хъуамæ Ирон хæхты зæй фæласа!
-Мадæлон æвзаг ! Сывæллон фыццаг зарæг цы æвзагыл фехъусы, йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Адæймаджы хъомыл кæнынæн, йæ зонынндзинæдтæ парахат кæнынæн, æцæг лæг суæвынæн иууыл ахсджагдæр фæрæз у мадæлон æвзаг
-Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйраг фæрæз.
Æвзыджы хъысмæт у адæмы хъысмæт.
Адæмы фидæн баст у йæ æвзаджы фидæнимæ.
Алы адæмæн дæр тулдз бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты йе взаг, зæнг – йе гъдæуттæ, къалиутæ йæ царды мидис.
- Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгдтæ хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн,йæ зæнг ын куы алыг кæнай , фæлæ йæ уидæгтæ цардхъомæй куы баззайой , хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та тау суаддзысты æмæ йын зæнг дср уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Гъе - фæлæ йын йæ уидæгтæ кы ныллыг кæнай, усд æрцыд йе сæфт.
- Ахæм хъысмæт ис алы адæмыхаттæн дæр: йæ фидæн аразгæ у йæ уидæгтæй, йе взаджы цардхъомæй. Æмæ йæ сæфт кæй нæ фæнды, уыцы адæм ацы æцæгдзинад хъуамæ йæ зæрдыл дара.
Афтæ махæн ирæттæн дæр уый иудадзыг хъуыдыйаг у.
Мингай азты сæрты нæм нæ хистæр фæлтæры фæрцы цы рæсугъд æвзаджы фарн æрхæццæ уый мах дæр хъуамæ фидæны фæлтæртæм адæттыныл зæрдиагæй бацархайæм.
- Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ. Йæ а-лол-лай-ы зарджытимæ, хистæрты æгъдæуттæ æмæ таурæгътимæ.
- Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидар- дæр кæны.
Æмæ æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, æмуддæр вæййынц.
-Адæм се взагæй адæм сты, æмæ йын хъуамæ авгау æрхауынæй тæрсæм, хъахъхъæнæм æй цæстыгагуыйау.
Кæд æцæг ирæттæ стæм , æмæ не взаг уарзæм , уæд æй хъуамæ зонæм.
Нæ мадæлон ирон æвзагыл цалынмæ адæм дзурой, уæдмæ кæндзæн тыхджындæр, аивæй – аивдæр, æмæ уыдзæн æнусон.
- Адæм дзурынц се взагыл- æвзаг цæры.
Æмæ цæмæй иннæ адæмты æхсæн ма атайæм, ууыл хъуамæ не ппæт дæр зæрдиагæй бацархайæм. Æмæ нæ ахсджиагдæр хæсыл банымайæм ирон адæмы æртæ хорзæхы, æртæ удхосы бахъахъхъæнын.
Уыдон сты - не взаг, нæ фарн, не гъдау.
Ацы æртæ удхосæй йæхи æнæхай чи фæкæна, уымæн ирон схонæн нал ис.
- Ирон дзырд, ирон зæххыл куы фæцуда,уæд ма зæхх уыдзæн, фæлæ ирон адæм нал уыдзысты.
Мах хъуамæ сæрыстыр уæм ирæттæ кæй стæм уымæй.Уæд рæздзæн нæ ирон æвзаг, æмæ йæ цæрæнбон фылдæр кæндзæн.
-Абоны бæрæгбонмæ бацæттæ кодта не скъола дæр.
Ирон æгъдаумæ гæсгæ хистæр кæстæры разæй дон дæр нæ фæнуазы.
Уыцы фæтк абон дæр хæлд нæ цæуы, уымæ гæсгæ нæ абоны равдыст байгом кæндзысты 5 кълас
Оставьте свой комментарий
Начало формы
Предварительный просмотр:
«Рай, мӕ бӕстӕ, зӕл мӕ мадӕлон ӕвзаг!»
Зал ифтонггонд у сывӕллӕтты нывтӕй темӕ «Мӕ Ирыстоныл», цитатӕтӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй фӕйнӕгыл ,ирон чингуыты равдыст къуымы, зӕлы музыкӕ.
Рацӕуынц 2 скъоладзауы дзургӕйӕ:
Казик: Нӕ зоныс, цы хабар у, цӕмӕн рауай-бауай кӕнынц иууылдӕр?
Вадим: Мӕгъа, кӕд исты бӕрӕгбон у…(Ӕрбауайы чызг плакатимӕ)
Кӕри, цы бон у абон, зӕгъ-ма.
Кӕринӕ: Абон у ирон ӕвзаджы бон, рох уӕ фӕци? Уӕ фыдуагдзинады аххосӕй, ӕвӕццӕгӕн! Казик, нӕ йӕ хъуыды кӕныс?
Казик: Ӕцёг, ӕцӕг! Ныхӕстӕ дӕр ма мын куы уыд бӕрӕгбонмӕ!
Вадим (былысчъилӕй): Алы аз та ирон ӕвзаджы бон вӕййы! Цымӕ цӕмӕ гӕсгӕ?
Кӕринӕ: Уымӕн ӕмӕ иронау раст ничиуал дзуры, ничиуал кӕсы, суанг ма заргӕ дӕр рӕдыдтытимӕ кӕнынц!
Вадим: Ӕз тынг рӕсугъд дӕр ма дзурын!
Казик: Алӕ-ма уӕдӕ, иронау зӕгъ - Звонок уже звенел.
Вадим: Ха-ха-ха! Мӕлӕты диссаг хъуыддаг: Звонок уже уыди!
(Казик ӕмӕ йыл Кринӕ худынц)
Уый дын дӕсны!
Кӕринӕ: Уӕдӕ ма ноджыдӕр зӕгъ - Сегодня я буду выступать на празднике.
Вадим: Табуафси! Абон ӕз выступат кӕндзынӕн праздникы.
(Казик ӕмӕ та йыл Кӕринӕ худынц, Вадим йӕ сӕр ныхы)
Кӕринӕ: Федтай, Зондаби! Зонын, дам, иронау рӕсугъд дзурын. Йе афтӕ дзурынц абон бирӕ ирӕттӕ, ӕмӕ уымӕн хъӕуы бӕрӕгбӕттӕ, алыхуызон мадзӕлттӕ аразын, цӕмӕй не ‘взаг ма мӕгуыр кӕна.
Казик: Раст дӕ, Кӕри, кӕннод афтӕмӕй ӕцӕг фесӕфдзӕн, амӕлдзӕн…
Вадим: Ӕмӕ иунӕг мах бӕрӕгбонӕй цы рауайдзӕн? Цы пайда йын фӕуыдзӕн?
Кӕринӕ: Ӕмӕ иунӕг мах нӕ аразӕм абон бӕрӕгбон, Вадим. Ацы бон Ирыстоны ӕппӕт скъолаты дӕр дзурдзысты, зардзысты, кафдзысты иронау.
Казик: Ӕмӕ цас сты нӕ республикӕйы скъолатӕ, уый зоныс? Ӕнӕхъӕн 212 скъолайы!
Вадим: Ух ты-ы-ы!
Казик ӕмӕ Каринӕ: Ух ты нӕ, фӕлӕ - ӕй-джиди, уый дын гъе!
Каринӕ: Цӕй уӕдӕ, нӕ бӕрӕгбон райдайын афон у, ныффӕстиат стӕм!
Казик: Ӕмӕ йӕ райдайдзыстӕм диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕй нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй!
1. Янё- Ирон ёвзаг
2.Данё- Ирон туг-1
3.Каринӕ- Ирон туг –2
4.Алан-Мадалон авзаг
5. Ирыстон 1-Данилё
6.-Русик (Ирыстон-2)
7.Лорӕ- Цы рӕстӕг базыдтон…
8.Зарӕг «Мадёлон ёвзаг» (Лорё, Кёринё, Кёринё, Янё)
Рацёуынц иууылдёр размё, сё сёрёй ныллёг акувгё сценёйё ахизынц.
Ахуыргёнёг: Ныр та – цыбыр викторинё, нё мадёлон ёвзаг куыд зонут, уый сбёрёг кёнынён. Разы стут? Ёцёг уё зёрдыл дарут - ёппёты фылдёр дзуёппытё чи радта, уымё ёнхъёлмё кёсдзён хёрзиуёг – грамотё. Уёдё хъусут.
1. Ирон ёвзаг ирёттён цавёр ёвзаг у?(мадёлон)
2. Цал дамгъёйы ис ирон алфавиты?(43)
3. Чиныг кём райгуыры?(рауагъдады)
4.Ударени иронау цы хуыйны?(цавд)
5.Бёхджынёй, барёгёй чи тагъддёр уайы?(ёмхуызон)
6.Йё мадёлон ёвзаг ёмё райгуырён бёстё чи уарзы, уый куыд фёхонынц? (патриот)
7. Уё пъартфелы цы хёссут, уыдон куыд хуыйнынц?(ахуыргёнён дзауматё)
Конец формы