kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

" Мое уарзон, зынаргъ мад!"

Нажмите, чтобы узнать подробности

мероприятия для 2-3 классов. На 8 марта. " Мое уарзон мад!"

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«" Мое уарзон, зынаргъ мад!"»

Мое уарзон, зынаргъ мад!


Кабинеты фæлыстсылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы ныхæстимæ, магнитофон, музыкæ,къултыл ауыгъд сывœллœтты конд нывтœ ,сœ мадœлты сурœттœ.Бœрœгбоны фœстœ алы ныййарœг дœр хъуамœ ссара йœ сурœт.

Бæрæгбоны цыд.

( Хъуысы уæздан ирон музыкæ. Рацæуынц сценæмæ 2 ахуырдзау – амонæджы.)


Цæуынц дæ номæй

Амонд æмæ фарн,

Бæркæдтæн дæр

Сæ ратæдзæн – дæ арм.

Æнустæм дын

Кæндзысты кад,

Нæ цин, нæ фарн –

Сылгоймаг, мад!


1 – аг амонæг: - Уæ бон хорз, нœ зынаргъ мадæлтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм фыццаджыдæр уал Ирыстоны кадджындæртæй бæрæгбон Джеоргуыбайы фæдыл. Хуыцауы фæдзæхст ут кæддæриддæр. Уæ фидæн рухс æмæ амодджын уæд. Уæ куысты бæркад фылдæр кæнæд! Æнæниз, æнæмастæй уæ уарзон адæмимæ бирæ азты фæцæрут!

Ныр та сæрмагондæй цæйтыххæй æрбамбырд стæм ам, уымæ рахизæм. Джеоргуыбайы фæстаг хуыцаубон æппæт дзыллæ дæр бæрæг кæны ныййарæг мады бон. Мах дæр дзы нæхи нæ иуварс кæнæм. Фæдыл сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Æмæ уын зæрдæбын арфæтæ кæнæм. Нæ зæрдæ уын зæгъы уый æмæ уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма бирæ азтыæнæниз, æнæмастæй, зæрдæрайгæйæ æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм арфæ уæ уæд!

1 – аг амонæг: Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,

хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!

- Цы ис зæххыл зынаргъдæр? - МАД! ( Сывœллœттœ иумœ)


2 – аг амонæг: День Матери-международный праздник в честь матерей.В этот день принято поздравлять матерей, дарить им подарки или просто показывать свою любовь к ним. Ведь иногда мы забываем это делать.


Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: : «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт!»

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.

Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта


амонæг

Абон ацы чысыл бæрæгбонмæ нæ ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, инсценировкæтæ œмœ сœм,табуафси ,байхъусут


Хурау рухсзæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад, АМАГА

Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн.

Алы бон рæвдауы мæн.


Тынг дæ уарзын,тынг, уый зон,

Райдайы дæуæй мæ бон! АЛАН

Райдайы дæуæй мæ фæндаг -

Дæн дæ лæггæдтæй нæртон!


Мæ мад,мæн царды рухс хъуыддæгтæн схастай,

Мæ цæрайæ æрвыстай ды дæ цард. МАРГАРИТА

Мæ къахалгъ-иу куы срыст, уæддæр мын тарстæ.

Фырмæтæй-иу куы нал ардтай бынат


Цæйбæрц зынтæ æскодтай, мад, дæхицæн,

Фæлмаст бонты дæр не стыхстис дæ уд АЗАМАТ

Цæмæй дæ фыртæн уа рæсугъд йæ фидæн.

Цæмæй дзы уый бæрзон хæсса йæ худ.


Дæ фæрцы абон зæрдæ цинтæй райы,

Æмæ зæххыл æппæт хæзнаты раз

Мæхицæн æз адджындæрыл нымайын НАСТЯ

Дæ фæлмæн бахудт, хъæлдзæг цæстæнгас.


Ныййарæджы нгас ис ысбарæн хурыл

тымыгътæ æмæ уазæлттæ сæтты.

Нæ хъæуы мадæй хорз цæстæнгас курын, СОСЛАН

Йæхæдæг æй цæстуарзонæй дæтты.


Ныййараг мады цæстытæн сæ уындæй

Кæны хъæбулы зæрдæ цинтæй дзаг.

Ныййараг мады цæстытæн сæ тынтæ

Йæ цотæн сты кæмдæриддæр фæндаг.


Йæ цæстытæ кæд искæд бон ныййарæг

Нæ батавта, нæ барæвдыдта дæу

Уæд зон: ды йын кæй аскъуыдтай йæ зарæг

Æмæ йæ разы къул сæрæй ыслæуу.


НАЙТИ СЕБЯ В РИСУНКЕ

амонæг: - Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Гыцци!..Дзыцца!..Куыд диссаг сты ацы ныхœстœ.Адœймагœн цœуынц йœ зœрдœйы арфœй…Цас хъармдзинад œмœ уарзондзинад дœттынц уыдон сœ хъœбултœн œмœ сœ хъœбулты –хъœбултœн,дунейыл уыдоны аккаг ныхœстœ зын ссарœн вœййы ,цœмœй сын раарфœ кœнай.Тœхудиаг сты уыдон œмœ сœ мадœлтœн œмœ сœ нанатœн аккаг аргъ чи скодта,царды мидœг сœ чи сбуц кодта. Бирœ œмдзœвгтœ ис фыст уыдоны тыххœй.Ныртœккœ дзы мах байхъусдзыстœм иумœ.


Нæ мадæлты фæлмæн, рæдау кæстыты

Æппындæр нæй козбау ми æмæ хин

Кæдфæнды дæр ныййарæджы цæстыты АЛИНА

Ды фæндзынæ дæ зын æмæ дæ цин.

Лæджы фæкæны зарын æмæ худын

Ныййарæг мады рухс цæстыты каст. РУСЛАН

Нæ мадæлтæн тæхуды,о тæхуды

Сæ цæстыты куы никуы уаид маст.


Зœххыл ис иунœг хœзна царды

Œмœ уый Мад у, мœ хур ,Мад.

Йœ рœвдыд сау дуртœм дœр хъары, ЭЛИЗА

Фœсуры зœрдœйы фœллад.


О мад,сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй ,

Ды кœныс кœстœрты œнгом. РАМОН

Тœхуды,зарœджы ныхœстœй

Œнусон чи скœны дœ ном.


Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –

Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас, АРСЕН

Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.


Бирœ фœрœвдыдтай,уœ,гыцци,мœн,

Арœх-иу аргъœуттœ кодтай мœнœн.

Хъарм-иу мœ бамбœрзтай,

Хур мœ хуыдтай.

"Ахуысс мын ,айрœз мын!"-

Заргœ дзырдтай.


Буцœй дœ хъœбысы схастон мœ рœз.

Ракœс –ма, абон дын скъоладзау дœн.

Уарзын мœ чингуытœ ,уарзын мœ хъœу,

Уарзын Фыдыбœстœ,уарзын œз дœу.

Куыд хорз у, -

Ныййарæг йæ хъæбулты цинæй

Куы вæййы æгæрон æфсæст:

Йæ фæндиаг куы рæзынц

Рæсугъд æмæ буцæй,

Сæ уындæй æфсæды йæ цæст.


Куыд хорз у, -

Ысхæссæг зæронд фыд сæ номæй

Куы ракæны барджын ныхас:

Куы дзы байрох вæййынц

Йæ дудгæ рыст бонтæ,

Бынтондæр куы’ рсысы йæ маст.


2 – аг амонæг: - Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ , алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс .


1 – аг амонæг:- Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ ном!.. Куыд æнæнымæц сты дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!


- … Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд – тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?»

зарæг



2 – аг амонæг: - Ирон адœммœ ис ахæм æмбисонд: «Мады лæггад никуыма ничи бафыста.» œвœццœгœн уый раст у! Фæлæ нœ алкœйы хæс дæр у, цæмæй нœ хорз хъуыддæгтæй, не’гъдау æмæ кадæй мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæссœм, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй .Ныр та байхъусœм Плиты Харитоны œмдзœвгœ "Мад"-мœ.

2 – аг амонæг: - Ирон Мад!... Ирон сылгоймаг!.. Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ?! Цæй фæразон æмæ фидар дæ! Æвæццæгæн, уымæн бафæрæзтай, ирон сылгоймаг, ахæм зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацæуын… Æмæ нæ фæцудыдтœ. Дæ кады ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл…

Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном никуы фæчъизи кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы æрхаста æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.

кафт

1 – аг амонæг: - Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæстрыстзæрдæ мадæлты рухс ном?!.. Цал æмæ цал ныййарæджы скоддтой сæ уæлæ саутæ? Цал æмæ цал мадæн нал раздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? Фыдыбæстæйы Стыр хæсты

фæмард: 2 хæдзарæй – æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй – æхсæзгай фырттæ, 26 хæдзарæй – фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй – цыппæргай фырттæ, 100 хæдзарæй – æртыгай фырттæ…

2 – аг амонæг: - Куыд нæ у æнусон кады аккаг Хъалæгаты фондз æфсымæры мад, кæцы æфсымæрон ингæны уæлхъус загъта фидарæй: « Æз радтон мæ фондз фырты Райгуырæны сæраппонд, æхсæзæм ма мын куы уыдаид, уæд уый дæр нæ бавгъау кодтаин…»

1 – аг амонæг: - Гæздæнты авд æфсымæры мад!.. Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр мад. Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты, хæст ын сæ « иугай фæци давд…»Ныр сын дауы йæ уырзтæй сæ цухъхъатæ… Ныддур ис мады зæрдæ, нал æм ис цæссыг… Нæ хъустыл ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: Мæ зæрдæйы – авд нæмыджы…авд фыдæхы… авд хъарæджы… авд

1 – аг амонæг: - Стыр кадджын Хуыцау макуыуал æруадзæд фыдбылыз Ирыстоныл дæр æмæ æппæт зæххы къорийыл дæр! Кæстæртæ цъæх, сабыр арвы бын амондджынæй куыд хъомыл кæной сæ ныййарджыты фæндиаг, ахæм арфæ нæ уæд! Абон у стыр бæрæгбон æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ изæр дарддæр ацæуа хъæлдзæгдæр,

2 – аг амонæг: - Сылгоймаг æппæты фыццаг у Мад. Мадæлтыл фыст æрцыдысты æппæты хуыздæр æмдзæвгæтæ, мадæлтыл азарыдысты æпппæты хуыздæр зарджытæ…

конкурс

1 – аг амонæг: - Нæ бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Иу хатт ма зæрдиаг арфæтæ кæнæм æппæт сылгоймæгтæн дæр. Хуыцау уын стыр æнæниздзинад балæвар кœнœд. Бирæ азты ма хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм амонд уын Хуыцау раттæд!

2 – аг амонæг: - Кæронбæттæны ма мæ фæнды бакæсын ахæм рæнхъытæ:

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе’ ппæт дæр’ фсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

1 – аг амонæг: - Стыр бузныг нæ буц уазджытæн , стыр бузныг уын ,нœ буц ныййарджытœ!.Нœ фембœлды кœрон мах фœнды сымахœн балœвар кœнын нœхи къухтœй конд лœвœрттœ.Табуафси, айсут сœ. (сыв. лœвар кœнынц сœ ныййарджытœн сœ лœвœрттœ)

( Хъуысы зарæг « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут». )

адджын фынг ныййарджытæн




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 2 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
" Мое уарзон, зынаргъ мад!"

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 07.05.2021

Номер свидетельства: 579961


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства