kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Ирон оевзаг - мое цин мое амонд"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие во 2-3 классах. На день осетинсого языка

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Ирон оевзаг - мое цин мое амонд"»

15 - май

Ирон ӕвзаг – мӕ цин мӕ амонд»



Вед.1-Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ҆ ппӕт дӕр!



Вед.2 -Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махмӕ Ирыстоны фӕзӕгъынц: «Уазӕг-Хуыцауы уазӕг у!»



Вед.1-Уе ҆ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у,абон кӕй ӕрбамбырд стӕм уый.



Вед.2-Нӕ бӕрӕгбонмӕ конд ӕрцыдысты ӕртӕ кӕрдзыны ӕмӕ сӕ уӕ хорзӕхӕй Хуыцаумӕ скувӕм!



Куывдтӕ. 

1 хистӕр.

-Дунескӕнӕг Хуыцау,табу дӕхицӕн!Ацы ӕртӕ кӕрдзыны дӕ номыл конд сты ӕмӕ дын барст уӕнт.(Оммен,Хуыцау!)

-Уӕ Стыр Хуыцау!Чысылӕй-стырӕй иууылдӕр де сфӕлдыст стӕм ӕмӕ нӕ дӕ хорзӕх уӕнт!(Оммен,Хуыцау!)

-Ӕххуысгӕнӕг нын у!Ӕнӕнизӕй,амондджынӕй куыд цӕрӕм,царды рӕсугъд фӕндӕгтыл куыд фӕцӕуӕм!

-Оммен,Хуыцау!



2 хистӕр.

-О Стыр Хуыцау! Кӕстӕртӕ фыдбылызӕй бахиз!(Оммен,Хуыцау!)

-Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ,кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ куыд схъомыл уӕм,ахӕм амонд нын ратт!

-Оммен,Хуыцау!

3 хистӕр.

-Нӕ Ирыстон,нӕ райгуырӕн бӕстӕ,нӕ ирон адӕм ӕмӕ нӕ ирон ӕвзаг макуы фесӕфӕт!

-Оммен,Хуыцау! -Кӕстӕртӕй исчи ацаходӕт!

Кафт.

Вед.1-А дунейыл адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста цӕрынӕн,ӕмӕ цӕрынӕн та алкӕмӕн дӕр ис йӕхи Райгуырӕн бӕстӕ,йӕхи фыдӕлты уӕзӕг ,йӕхи мадӕлон ӕвзаг.йӕхи цӕсгом.

Куыд нӕ ис баивӕн цӕсгомӕн,

Нӕй афтӕ баивын мадӕлон ӕвзагӕн!



Вед.2 -Ацы хъуыды тынг аивӕй равдыста йе ҆мдзӕвгӕйы Хаджеты Таймураз.

Байхъуысӕм ма йӕм.

Ме ҆взаг. 

У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,

Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!...

Мӕлӕн дын нӕй, нӕ мадӕлон ӕвзаг,

Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры намыг мӕры?!



Ды незаманӕй ацы боны онг

Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс

Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд

Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.

Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг-

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфӕй (ма зӕгъд ызнаг)-

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори.

Вед.1-Дунейы фарн зӕгъӕд,ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй,алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы ӕвзагӕй!


Вед.2-Байхъусӕм ма уӕдӕ нӕ кӕстӕр фӕсивӕдмӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у,уымӕ.

Мадӕлон ӕвзаг.

О,мадӕлон ӕвзаг,дӕуӕн та цы зӕгъон,

Дӕу аккаг хӕзна дзырд зӕххыл цъарыл нӕй

Мӕ уды быцъынӕг куы хауид мӕ хъуырӕй,

Уӕддӕр дӕ ӕвдадзыл нӕ акӕнин уӕй.




Куыннӕ ис дунейы ӕвзӕгтӕ та бирӕ,

Къуымыхдӕр дзы иу иннӕмӕй нӕй.

Мӕ мадӕлон ӕвзаг,хӕрын дын стыр ард,

Ӕз сеппӕтыл иумӕ нӕ баивин дӕу.




Ӕнӕ дӕу ӕз уаин куысыфтӕгау афтид,

Цӕрдудӕй дын мардау ӕз уаин фынӕй,

Мӕн сусӕны хур дӕр ӕнӕ дӕу нӕ тавид,

О, мадӕлон ӕвзаг,цӕй диссаг дӕ,цӕй!



Сценка « Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ»

С ы в æ л л æ т т æ


Гъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæу,

Нал аирвæздзынæ,

Нал ауадздзыстæм ныр дæу,

Махимæ цæрдзынæ!..


Ц ъ и у


Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау!

Цас тыхджын рæдыд дæн?

Ауадзут ма мæ фæлтау,

Райхалут мæ бæттæн!


С ы в æ л л æ т т æ


Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ ды

Хъаны цард кæндзынæ:

Дзул дын тулдзыстæм мыды,

Адджын цай цымдзынæ.


Ц ъ и у


Хъаны цард мын уанцон нæу!

Æз уæ цай нæ уарзын,

Уидзын быдырты мæнæу,

Къогъотæ дзы ахсын.


С ы в æ л л æ т т æ

Уазал у зымæг æддæ,

Махау дын хæдзар нæй!

Ам дæ къалати цæттæ, –

Бафсæддзынæ хъармæй.


Ц ъ и у


Ам зымæг куы вæййы, уæд

Иу хъарм бæстæ зонын.

Къалати сызгъæрин уæд,

Ахæстон æй хонын!


С ы в æ л л æт т æ


Курæм дæ, æмæ нæм лæу, –

Бузныг дæ уыдзыстæм;

Мах цард дæр æвзæр цард нæу,

Не схъыг дæ кæндзыстæм.






Ц ъ и у


Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!

Уарзут мæ, уый хатын,

Фæлæ тынг зын у мæнæн

Ахæстоны бадын...


С ы в æ л л æ т т æ


Ох–хай–гъе! Уæдæ дæ маст

Махæн у хъуыдыйаг, –

Атæх, цу! Дæ фæндаг раст!

Цæр дæхи фæндийаг!..


«Ирон ӕвзаг»

Нӕ цӕсты хъуамӕ кадджын уа ӕвзаг дӕр

Ирон ӕвзаг-нӕ мадӕлон ӕвзаг

Нӕ фыдӕлтау ӕй мӕ фесафӕм мах дӕр,

Фӕзминаг куыд уой не ҆гъдау ӕмӕ уаг!




Ирон ӕвзаг,ирон фӕндырӕн хъуамӕ

Ӕдзух кӕнӕм ныййарӕг мадау аргъ.

Нӕхӕдӕг сӕ куыннӕ хъахъхъӕнӕм царды,

Ӕндӕр адӕм нын нал кӕндзысты аргъ.



БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП


Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, —
Чидæрид зоны…

Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ, —
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уæныстæг
Хурхы нынныхсти.

Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йæ сæрæн…
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн!

Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы…
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы.

— Ай та цы диссаг у? —
Рагæй æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ…

Хърихъупп фæзæрдæлхæд,
Абадт йæ цуры:
— Цæй-ма, цы мæ кæныс?..
Сырд ма кæм дзуры!

Иу цæст ма фезмæлыд,
Иннæ ныдздзагъыр…
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр, —

Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ, афтæмæй
Уæныстæг сдавта.

Бирæгъ ысулæфыд…
Фервæзт нæ рынчын!..
Хърихъупп æм бадзырдта:
— Цæй-ма, мæ мызд мын!

Сырд дын фæхъæрласта:
— Гъæ, дзæгъæлхæтæг!
Гас мын кæй баззаддæ
Абон дæхæдæг!

Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй
Де взæр лæгуын къоппа
Райстай дзæбæхæй?!.

Барст дын уæд ацы хатт,
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм, —
Додой дæ къона!

Скъоладзаутӕ зарынц «Песня высоких гор»

Цард нӕм –худгӕ хурау худы

Гъей тӕхуды,гъей тӕхуды

Ныр сыгъзӕрин дзырдтӕ ссар

Ирон ног зарӕг ныззар.

Пр.

Ирыстон, Ирыстон!

Мӕ уарзон Ирыстон!

Мӕцӕсты рухс, мӕ хуры скаст

Зӕрдӕ у дӕуимӕ баст.

Нӕй нӕ урс хӕхтӕй бӕзонддӕр.

Нӕй мӕ ӕхсӕрдзӕнтӕй сомдӕр

Нӕй мӕ лӕппутӕй лӕгдӕр

Нӕй мӕ чызытӕй хуыздӕр.







«Мадӕлон ӕвзаг» Ӕмдзӕвгӕ .

«Ирон дзырд».

Ирон дзырды рӕсугъд азӕлд,

Куыд уарзон дӕ, куыд адджын дӕ!

Ныййарӕджы фӕлмӕн узӕлд-,

Ирон ӕвзаг-дӕ зарджытӕ.




Ирон ныхас –цӕугӕ кадӕг,

Нӕ фӕндагыл ӕрвхуыз суадон

Ирон ӕвзаг,ирон зарӕг-

Нӕ фарны сӕр, нӕ хӕзнадон!


Вед.1-Ӕмӕ куыд рӕсугъд сты нӕ ирон зарджытӕ!



Вед.2 -Ирон фӕндыр ӕмӕ ирон кафт сты нӕ фыдӕлты хӕзнатӕ. Ӕмӕ табуафси,бакӕсӕм ирон аив кафтмӕ.



Ирон кафт.



Вед.1-Ирон ӕвзаджы хъысмӕт аразгӕ у не ҆ппӕтӕй дӕр ӕмӕ йыл хъуамӕ иумӕ зӕрдиагӕй кусӕм.



Нӕй фесӕфӕн ирон ӕвзагӕн ,нӕй,

Ирон адӕм уӕд фесӕфдзысты демӕ.

Ирон ӕвзаг, мӕ зӕрдӕ дӕ мӕнӕн.

Куы мӕла уый,уӕд амӕлдзынӕн йемӕ.





Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куыд хонӕм

Уӕд не ҆взагыл куыд ауыгътӕм нӕ къух?

Ӕви,мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ

Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?




Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй

Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох

Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй

Ирон дзырд макуы ҆рцӕуа рох.



Сценкæ «Ирон нæ жони».

Ус: Ирон нæ дæ, ацы дзæбæх лæппу?

Лæппу: Ирон нæ жони.

Ус: Мæнæ ма мын ацы гæххæттмæ æркæс. Хохæй рацыдтæн. Мæ лæппу æрбарынчын, ацы гæххæтт мын мæ къухмæ авæрдта, хостæ, дам, мын æрбахæсс. Кæм ис афтек, уый мын ацамон.

Лæппу: Я говорю «Ирон нæ жони а она опять все равно за свое».

Мад: Кæй агурыс, ацы дзæбæх ус?

Ус: Уæууа, ирон куы дæ. æмæ мæнæ ацы дзæбæх лæппу дæу нæу?

Мад: Мæн у, мæн. Йæ ном Вовычкæ хуыйны.

Ус: Æмæ мæм уæдæ куыд ницы дзуры. Æви зæронд адæймагмæ дзурын йæ сæрмæ нæ хæссы? Уæвгæ ма зæронд та кæй хъæуы?

Мад: Причем тут зæронд æмæ ног? махæн Вовæчкæ по-осетинский иу ныхас дæр не понимает. Нæ бинонтæй иронау ничи дзуры.

Ус: Худинаг нæу, ахæм гуырд æмæ йæхи æвзаг ма зонæд.

Мад: Цы дзы хъавы ирон æвзагæй, ардыгæй Елхотмæ, стæй ма кæм хъауы? Уырыссагау куы зонай, уæд алцыдæр сараздзынæ.

Ус: Уырыссагау зонын хорз у, æз мæнæ мæ кæлмæрзæны габаз раттин, уырыссагау мын иу-дыууæ ныхасы чи бацамонид , уымæн. Фæлæ фыдæлты æвзагыл къух ауигъын, уый раст нæу.

Мад: Уф, цы кадджын дæм кæсынц нæ предкæтæ. Исты мын Рим кæнæ Грецийы предкæтау стыр цивилизаци ныууагътой. Кæй ма хъæуы ирон æвзаг? Хорз у фынгыл кувын æмæ кæрæдзи æлгъитынæн.

Ус: Мæрдты 'взагæй дзурыс æви цы хабар у. Ирыстоны хор æмæ донæй схъомыл у æмæ йын йæ адæмы хъæр ма бамбар. уæдæ дæ фыртæн дæр дæхæдæг сæнад кодтой йæ мадæлон æвзаг

Мад: Цæй, ацы дзæбæх ус! Дзæгъæл ныхæстæ ницы пай-да сты. Исты æххуыс дæ хъæуы мæнæй.

Ус: Ницы ма хъæуы дæуæй, адæмы низтæ дæ хъуыры аирвæзæнт.

Мад: Не поняла! Вовочка! Пошли кушать.



Сценкæ.

Чеджемты Г. «Ладимхан»

Уынджы сæмбæлдтæн, раздæр иу скъолайы, иу къласы кæимæ ахуыр кодтон, фæлæ ныр горæтмæ чи афтыд, мæ хъæуккаг ахæм чызгыл.

- Оуу, мæнæ ма Ладимхан! Æгас цу! – бацин кодтон чызгыл.

- Не Ладимхан, фæлæ Ларочкæ. Мамочкæ дæр ма мæ афтæ звать кæны. Мæстæй йæм разорваться фæцæйкæнын.

- Кæд искуыдæм тагъд кæныс, Ларочкæ…

- Что ти! Зæгъын, в киоск схожу. Мамочкæ мын афтæ зæгъы, почтальон, мол, принесет, газеты. Фæлæ уæддæр я вышла.

- Газеттæ кæсын бирæ уарзыс, æвæццæгæн.

- Как сказать, нал фæразын без газеты.

- Æмæ арæхдæр цавæр газеттæ фæкæсыс?

- Вообще журналтæ больше уважать кæнын.

- Уæдæ «Мах дуг» дæр кæсдзынæ?

- Цавæр дуг, говоришь?

Мæ худæг ма тыххæй баурæдтон.

- Æмæ чингуытæ кæсын нæ уарзыс?

- А как ж!

- Æмæ ирон чингуытæ нæ фæкæсыс?

- Иногда сæ по-быстрому акæсын. Цыма мæ не знаешь!

- Уæд тынгдæр кæцы фыссæджы уацмыстæуарзыс? Мамсыраты Дæбейы «Уæззау операци» кастæ?

- Операции? Не! Æз медицинский чингуытæ нæ фæкæсын. Къостайы роман «Фатимæ»! Эт другой дело.

- «Фатимæ» поэмæ у… Бакаста йæ?

- Не! – сонт кæл-кæл ныккодта Ларочка, - æз кино смотреть кодтон

- Кæд уырыссаг литературæ фылдæр кæсыс. Толстойы «Война и мир» бакастæ?

- Война бакастæн, фæлæ мир не успела….





Вед. 1-Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг,мадӕй зынаргъдӕр нӕй,мады руаджы базонӕм,цы ӕвзагыл дзурӕм уый,ӕмӕ йын кад кӕнын хъӕуы цӕрӕнбонты!

Кафт.



Вед.2-Абон нӕ чысыл равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фыццаг ӕнӕниздзинад. Стыр Хуыцаумӕ ис бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын ут!



Вед.1-Стыр бузныг уын кӕй сӕмбӕлдыстут нӕ равдысты. Ирон ӕвзаг цӕрӕт ӕнустӕм,тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнӕт ӕмӕ йын фесӕфӕн макуы уӕд. Афтӕмӕй уал хӕрзбон. Ног фембӕлдмӕ!













































План:

  1. Вступительное слово об осетинском языке.

  2. ТОСТ с тремя пирогами

  3. Стихи на осетинском языке.

  4. Музыкальные номера.

  5. Сценка

  6. Танцы.



1-аг Амонæг:

Æвзаг у ахæм æхсæнадон фæзынд, кæцы адæмæн у хъуыды кæныны æмæ сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурыны фæрæз. Æвзаг адæмы царды, æхсæнады рæзты ахсы æппæты ахсджиагдæр бынат. Æвзаг куы нæ уаид, уæд адæм кæрæдзийы не ’мбариккой, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад никуы æрæмбырд кодтаиккой иумæ, нæ сæ бахъахъхъæдтаиккой æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дæттиккой. Уымæ гæсгæ æнæ æвзагæй адæмæн, æхсæнадæн цæрæн æмæ рæзæн нæй.



2-аг Амонæг:

Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты – ирон æвзаг, ирон фарн æмæ ирон æгъдау. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ даргъ æмæ уæрæх, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ, нæ ирон фарн ис нæ удыхъæды адæймагуарзондзинады æмæ нæ рæстдзинады, ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзийыл. Æртæ дæр стыр ахъаз сты нæ иудзинадæн, фæлæ сæ сæйрагдæр у æвзаг. Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йе ’взаджы фидæнимæ. Уый æнкъаргæйæ, зонгæйæ æмæ йыл мæт кæнгæйæ, æрвылаз дæр бæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон!



1-аг Амонæг:

Ирон æвзагыл иртасыны куыст кодтой уырыссаг академиктæ Андрей Шегрен æмæ Всеволод Миллер. Шегрены номимæ баст у ирон æвзаг ахуыр кæныны райдайæн этап. Уымæн йæ ирон грамматикæ «Ирон æвзагахуыр» (1844) бындур сæвæрдта ирон æвзаг наукон æгъдауæй иртасыны хъуыддагæн. Грамматикæ æмхуызон æвзæрста ирон æмæ дыгурон диалекты уæдыккон уавæр.



2-аг Амонæг:

Миллеры номимæ баст у ирон æвзагзонынады дыккаг этап. Уый йæ чингуытæ «Ирон этюдтæ», «Ирæтты æвзаг» æмæ æндæрты наукон æгъдауæй бæрæг кæны ирон æвзаджы историйы бирæ алыхуызон фарстатæ.

Уæдæй абонмæ не ’взагыл æрцыд бæстон æмæ лæмбынæг куыст наукон æгъдауæй. Нæ адæмæн стыр лæггад бакодта Иры номдзыд лæг Абайты Васо йæ бирæвæрсыг æмæ бындурон иртасæн куыстытæй.



1-аг Амонæг:

Уæдæ нæ литературон æвзаджы бындурвæрæг Хетæгкаты Къостайы та чи нæ зоны?! Йæ æвзаджы хъысмæтыл «Додой» чи кæны! (Дардæй хъуысы мелоди).





1 кæсæг:

Мадæлон æвзаг

Уадз, равзæрæд сæдæ ’взаджы мæ комы, Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс, Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды, Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз.



Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы ’рцæуа, Ǣфсымæр ын йæхи ’взагыл зæгъон. Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, Йæ ныхмæ кард йæхи ’взагыл цæгъдон…



Фæлæ уæддæр уæззау тохмæ цæугæйæ, Нæ фыдæлтæ цы ’взагыл хордтой ард, Цы ’взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм, Кæй фæрцы ис нæ хорз æгъдæуттæн цард,



Цы ’взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг, Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы ’рцыд, Цы ’взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» Зæгъут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?

Хостыхъоты З.





(Хонгæ кафт)



2 кæсæг:

Ирон æвзаг

Цъиувæдис цæуыл систат, цæуыл: «Сæфты къахыл Иры ’взаг ныллæууыд», Цард зæххыл куы равзæрди, уæд ыл Мах æвзаг фыццæгтимæ куы зæлыд,



Дары ’нусты ’вæрæнты бæрæг, Фатау уый дзырд нæу рæстдзæф дзæгъæлы, Бирæтæ йæм бакæнынц хæлæг, Бирæ ’взæгты цъуттайы дæгъæл у.



Искæд цард куы сыскъуыид зæххыл (Тобæ, уымæй бахизæм нæ сæртæ), Цардимæ та, сомы уын кæнын,- Ногæй не ’взаг райгуырид, хæлæрттæ.

Уырымты П.









3 кæсæг:

Ирон чызджы кафт

Мæйрухс хæхтæм ирдцæстæй ныккасти, Комы худы уалдзыгон изæр, Рацæуынц ирон чызджытæ хъазтмæ, У дзы иу чызг иннæмæй хуыздæр.



Зæрдæты рæсугъд бæллицтæ уафынц, Алчи дзы йæ уарзонмæ бæллы, Симды фæзы урс бæлæттау кафынц, Фæндыр куы ныххуды, куы кæуы.



Айзæлынц йæ нæртон зæлтæ рæгътыл, Арф кæмттæй сæм ирд дæттæ тырнынц, Кувынц сын сæ урс сæртæй нæ хæхтæ, Æхсæрдзæнтæ цадæггай хъырнынц.



Арвы риуæй мæй йæ тынтæ уафы, Мидбылхудгæ стъалытæн зæгъы: Акæсут: ирон чызджытæ кафынц, Байхъусут: ирон фæндыр цæгъды.

Гаджиты Георги



(Чызджыты кафт хъазты астæу.)



4 кæсæг:









Дæхæдæг дæр цæмæй дæ, цæ, ирон?



Кæцон дæ, кæ? Кæцон дæ хонон, зæгъ? Дæ мады æвзагмæ ’нæрвæссон куы кæсыс. Хæхбæсты уæд кæй номæй нæмыс зæхх? Зæгъ-ма, пайда дæ адæмæн цы хæссыс?



Уырыссагау куы раппæлыс бæстон: Нæ фыдæлтæ, дам, Алантæ уыдысты! Уыдысты бирæ, алкæддæр - хæстхъом. Ыстыр ыстæрты кадагур цыдысты!-



Дæуæн дæ кæстæр иронгуырд кæм ис? Фыдæнхъæл нæ куы фæкодтай нæ хуртæй!.. Кæд баппæрстай ирон гуыпп-артмæ схъис? Нæ мæсыгæн нын адавтай йæ дуртæй.



Дæхæдæг дæр цæмæй дæ, цæ, ирон? Цы дзырд зæгъдзынæ арæхстгай иронау? Æгæр-мæгуыр, дæ кадджын фыды ном Куы ферох кодтай ивгъуыд азты бонау.

Дæ мæгуыр фæдон йæ адæмæй фæхауд

Дæу аххосæй! Фæкодтай йæ æнæ ’взаг!.. Йæ æмгæртты ’хсæн алы ран дæр - цауд. Нæ дæ дæхæдæг ирæттæн æнæ ’знаг!

Дауырæ



Сценкæ.

Чеджемты Г. «Ладимхан»

Уынджы сæмбæлдтæн, раздæр иу скъолайы, иу къласы кæимæ ахуыр кодтон, фæлæ ныр горæтмæ чи афтыд, мæ хъæуккаг ахæм чызгыл.

- Оуу, мæнæ ма Ладимхан! Æгас цу! – бацин кодтон чызгыл.

- Не Ладимхан, фæлæ Ларочкæ. Мамочкæ дæр ма мæ афтæ звать кæны. Мæстæй йæм разорваться фæцæйкæнын.

- Кæд искуыдæм тагъд кæныс, Ларочкæ…

- Что ти! Зæгъын, в киоск схожу. Мамочкæ мын афтæ зæгъы, почтальон, мол, принесет, газеты. Фæлæ уæддæр я вышла.

- Газеттæ кæсын бирæ уарзыс, æвæццæгæн.

- Как сказать, нал фæразын без газеты.

- Æмæ арæхдæр цавæр газеттæ фæкæсыс?

- Вообще журналтæ больше уважать кæнын.

- Уæдæ «Мах дуг» дæр кæсдзынæ?

- Цавæр дуг, говоришь?

Мæ худæг ма тыххæй баурæдтон.

- Æмæ чингуытæ кæсын нæ уарзыс?

- А как ж!

- Æмæ ирон чингуытæ нæ фæкæсыс?

- Иногда сæ по-быстрому акæсын. Цыма мæ не знаешь!

- Уæд тынгдæр кæцы фыссæджы уацмыстæуарзыс? Мамсыраты Дæбейы «Уæззау операци» кастæ?

- Операции? Не! Æз медицинский чингуытæ нæ фæкæсын. Къостайы роман «Фатимæ»! Эт другой дело.

- «Фатимæ» поэмæ у… Бакаста йæ?

- Не! – сонт кæл-кæл ныккодта Ларочка, - æз кино смотреть кодтон

- Кæд уырыссаг литературæ фылдæр кæсыс. Толстойы «Война и мир» бакастæ?

- Война бакастæн, фæлæ мир не успела….





Кæронбæттæн.

Амонæг:

Цалынмæ, æвзагыл цы адæмыхатт дзуры, уыдон цæрой, уæдмæ цæры æвзаг дæр. Фæлæ куы нал уой, кæнæ æндæр адæмыл куы бафтой æмæ уыдоны æвзаг куы райсой, уæд æвзаг дæр амæлдзæн. Абон махæн, рæзгæ фæлтæрæн, нæ сæрмагонд нысан хъуамæ уа нæ æвзаг уарзын, зонын æмæ йæ хъахъхъæнын.



5 кæсæг

Ирон æвзаг

Куы фехъусын, ирон æвзаг, дæ мыртæ, Сæ хъомыс мын фæсуры дард мæ маст, Алдзæн рухс мæм цыма ныххудт æваст, Тæхынц уылæнтау ризгæйæ дæ дзырдтæ.



Ныссагъта-иу дæ сау рæстæг ыссыртæ, Цæмæй æнусмæ фескъуыйа дæ зард, Фæлæ дæ сæфт дæуæн нæ федта сар, Тæмæн калгæйæ, ды мæнмæ ысдзырдтай.



Цыма мæм радта буц фыдæл йæ арм, Кæсы мæм афтæ, æз йæ хъазтмæ хъусын, Дæ алы дзырды дæр æмбæхст и сусæг,



Йæ тынтæй сæ ныр дæр æмбæрзы тар, Дæ цæссыгтæ мæ зæрдæйы æрхъуызынц, Йæ тæгтæ йын сæ карз хъыгæй нынкъуысынц.

Гобозты Валери

5






Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 2 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
"Ирон оевзаг - мое цин мое амонд"

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 17.05.2021

Номер свидетельства: 580604


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства