kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Фоесурокты куыст."Моелын дын ноей, ное мадоелон оевзаг"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие ко дню языка. На тему: "Моелын дын ноей, ное мадоелон оевзаг"

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Фоесурокты куыст."Моелын дын ноей, ное мадоелон оевзаг"»

ФӔСУРОКТЫ КУЫСТ

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ



«Мӕлӕн дын нӕй,

нӕ фыдӕлты ӕвзаг»





Ахуыргӕнӕг: Хъалабекты А. А.



«Мӕлӕн дын нӕй, нӕ фыдӕлты ӕвзаг»

(Хаджеты Т.)

1-аг амонӕг. Ӕгас нӕм цӕут нӕ зынаргъ уазджытӕ. Абон Ирыстонӕн у стыр бӕрӕгбон. Нӕ бӕрӕгбон кӕнӕм нӕ уарзон мадӕлон ӕвзаджы кадӕн.

2-аг амонӕг. Ирыстон у махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ. Адӕймаг цы бӕстӕйы, цы зӕххыл райгуыры уыцы фыдыбӕстӕ у йӕ ныййарӕг мад.

1-аг амонӕг. Нӕ гыццыл Ирыстоны ӕнгомӕй цӕрынц уырыссӕгтӕ сомихӕгтӕ,гуырдзийӕгтӕ, дагестайнӕгтӕ, ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ.

2-аг амонӕг. Нӕ раг фыдӕлтӕ иу афтӕ дзырдтой «Кӕй уӕрдоны бадыс,уый зарӕг кӕн»

Афтӕ нӕу?

1-аг амонӕг. Афтӕ у,афтӕ.

Хонгӕ кафт.

2-аг амонӕг. Рагӕй-ӕрӕгмӕ Хетӕкаты Къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уд. 15- ӕм майы 1899 азы мыхуыры рацыд йӕ чиныг «Ирон фӕндыр» кӕцы сси адӕмӕн фӕндагамонӕг стъалы. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бон 2003 азӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггонд цӕуы «Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон».

1-аг амонӕг. Нӕ рагфыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Мах дзы буц стӕм,уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады,ӕмтгӕй райсгӕ нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. Иу ӕмӕ дыууӕ поэты нӕ загътой се мдзӕвгӕты нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.

Рацыдысты сывӕллӕттӕ ӕмӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ.

1-аг

Ирон ӕвзаг, ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕстӕ.

Ирон ӕвзаг-нӕ ныфс, нӕ кад, нӕ намыс.

Цӕуы ӕнустӕй мингай азтӕй рӕстӕг,

Уӕддӕр зӕронд нӕ дӕ ӕмӕ нӕ хъавыс.

2-аг

Ӕз ӕууӕндын рухс дунеты хуртыл

Равзӕрдис сӕ бӕллицтӕй сӕ ас.

Ӕз иронау хуримӕ фӕдзурын,

Хуримӕ фӕкӕнын ӕз ныхас.

3-аг

Ӕз тӕхын мӕ бӕллицты бӕлонау

Иры взаг-мӕ бӕллицты фысым

Ӕз ирон дӕн- дзурын ӕз иронау,

Базыдтон кӕсын ӕмӕ фыссын.

4-аг

Цард тӕхы мӕ бӕллицты уӕрдонау,

Лӕг нымайы рӕстӕгӕн йӕ цыд.

Ӕз сыгъдӕг куы фӕдзурын иронау,

Уӕд мӕнӕй ныббуц вӕййы мӕ фыд.

5-аг

Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн

У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг,

Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй,

У гъе уый нӕ адӕмы ызнаг.

6-аг

Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр,

Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн.

Цӕмӕн кӕнӕм не взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр,

Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.Худындзӕг «Лӕппу ӕмӕ нана»

Лӕппу: Ох хуыцау,рӕвдздӕр ма нӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ уаин. Ацы скъолайӕ мӕ бон куынӕ уал у. Нана, о нана рӕвдздӕр. Рӕвдздӕр хӕринаг!

Нана: Рауай ма, рауай мӕ къона.

Лӕппу: Цы кӕныс нана? Де рфгуыты бынӕй мӕм цы кӕсыс?

Нана: Цал хатты дын загътон дӕхи хорз дар.

Лӕппу: Ӕмӕ та цы кодтон нана?

Нана: Абон та мӕм дӕ ахуыргӕнӕг дзырдта. Зӕгъма, цы бӕллӕхтӕ сарӕзтай знон скъолайы?

Лӕппу: Знон?

Нана: О мӕ хур знон.

Лӕппу: Ацы ахуыргӕнджытӕ хӕйрӕджытӕ куы сты нана гъе. Ӕз знон скъолайы дуарӕй кӕсгӕ дӕр куынӕ бакодтон.

1-аг амонӕг.Фстаг рӕстӕг мах тынг арӕх фӕдзурӕм: «Ирон ӕвзаг сӕфы»-фӕлӕ йӕ цӕмӕй сӕфтӕй, мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнӕм ууыл ныр ахъуыды кӕнын хъӕуы.

Кӕсӕг. Автор Къадзаты с.

Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау,

Ис хъӕбулӕй не взаг у ӕвӕд.

Стыр Уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй,

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд!

«Макӕй уарзт»-афтӕ ӕз нӕ дзурын.

Фӕлӕ уарзтӕй хъуамӕ ма уӕм куырм.

Зӕрдӕ дӕр цы риуӕн равзӕрд хурау.

Рухс кӕнӕд ӕппӕты фыццаг уым!

Кӕсӕг.

Ирон ӕвзаг, ирон кӕрдзын

Уӕ сӕрмӕ дӕр куы нал хӕссут!

Дзӕбӕх мы ут, фӕлӕ тыхстӕй

Иронау дӕр куы нал хъӕрзут.

Йӕхи дурӕй,Йӕ бындурӕй

Ӕргъӕу мӕсыг цӕмӕн кӕлы?

Мӕ сау нымӕт, мӕ сау саргъыл

Мӕ цӕстысыг цӕмӕ згъӕлы?

Сценкӕ «Ладимхан»-3-аг кълас.

Кӕсӕг.»Мадӕлон ӕвзаг» Солтанты Руслан.

Ирон ӕвзаг ды дӕ сӕрибар,

Дӕ дзырдуат-стъалыты дзыгуыр,

Ӕмӕ дӕ хъысмӕт уӕд нӕхи бар,

Нӕхи цъӕхснаг хъӕлӕс фӕндыр.

Фӕндыримӕ у баст нӕ зарӕг,

Нӕ зарӕг мадӕлон ӕвзаг,

Бӕрзонд иу балцы систа барӕг

Ирон зарӕг хъӕлӕсы дзаг.

Скъоладзаутӕ зарынц «Песня высоких гор»

Цард нӕм –худгӕ хурау худы

Гъей тӕхуды,гъей тӕхуды

Ныр сыгъзӕрин дзырдтӕ ссар

Ирон ног зарӕг ныззар.

Пр.

Ирыстон, Ирыстон!

Мӕ уарзон Ирыстон!

Мӕцӕсты рухс, мӕ хуры скаст

Зӕрдӕ у дӕуимӕ баст.

Нӕй нӕ урс хӕхтӕй бӕзонддӕр.

Нӕй мӕ ӕхсӕрдзӕнтӕй сомдӕр

Нӕй мӕ лӕппутӕй лӕгдӕр

Нӕй мӕ чызытӕй хуыздӕр.

2-аг амонӕг. Фидар нын уӕд нӕ Ирыстон. Нӕхи куыд нӕ уал дихтӕ кӕнӕм ирон, дыгурон, къуыдайраг, чысайнаг-ыл, уӕд нӕ иумӕйаг ирон мадӕлон ӕвзаг уыдзӕн ӕцӕг мадӕлон. Мадӕлон ӕвзаг дзыллӕйы ахсджиагдӕр тугдадзин. Мадӕлон ӕвзаг- фыдӕлты хӕзна.

Чеджемты Ӕхсары ӕмдзӕвгӕ «Мады ном ӕнусон»

1-аг амонӕг. Абон не взаджы хъысмӕтыл фӕдзырдтам. Нӕ номдзыд поэтты ныхӕстӕй. Цӕмӕй нӕ Ирон ӕвзагӕн мӕлӕтӕй тас ма уа, фӕлӕ нын ирд стъалыйау ӕрттива сӕдӕгай азты, уый тыххӕй не ппӕт дӕр, кӕмӕн йӕ бон цас у ӕмӕ куыд у, афтӕ архайа, цӕмӕй махмӕ фыдӕлтӕй цы стыр хӕзна ӕрцыд ,уый дарддӕр, фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын бафӕразӕм.

2-аг амонӕг. Нӕ абоны бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ нӕ фӕнды зӕгъын

Къостайы тугӕй фыст ныхӕсты

Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг

Куыд хорз,куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты

Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!

Музыкалон номыр.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Начальные классы

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 3 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Фоесурокты куыст."Моелын дын ноей, ное мадоелон оевзаг"

Автор: Калабекова Альбина Анатольевна

Дата: 24.10.2016

Номер свидетельства: 351816


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства