kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Ирыстон, дæ номæй мæ сомы бæттын»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Поэты цард ама сфалдыстадима базонга канын;

Скъолодзаутам Райгуыран бастама уарзондзинад гуырын канын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Ирыстон, дæ номæй мæ сомы бæттын»»

8



Урочы темæ: «Ирыстон, дæ номæй мæ сомы бæттын»

(Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Арфæ ракæн»- ы анализы алгоритм).

Урочы нысан. 1. Поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

2. Æмдзæвгæйы мидисыл бакусын.

3. Скъоладзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: поэты портрет, чингуыты равдыст.

Техникон фæрæзтæ: магнитофон, компьютер.


Урочы цыд Ахуыргæнæг. Нæ урочы темæ у «Ирыстон, дæ номæй мæ сомы бæттын». (Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Арфæ ракæн»-мæ гæсгæ).

Нæ урокæн эпиграфæн райстам Дзасохты Музаферы ныхæстæ:


Æнæ Фыдыбæстæ мæхи лæг нæ хонын,

Æнæ Фыдыбæстæ цæрдудæй дæн мард,

Æнæ мæн, Ирыстон, фæцæрдзынæ, зонын,

Æнæ дæу, Ирыстон, нæ хъæуы мæн цард.


Скъоладзау кæсы Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Сомы».

Ахуыргæнæг. 1901 азы Куырттаты комы Лæцы райдиан скъолайы æрцыд ахæм хабар…

Скъоладзау. Урокмæ цæттæгæнгæйæ спайда кодтон Дзесты Куыдзæджы мысинæгтæй, мыхуыргонд æрцыдысты журнал «Мах дуджы».

1901 азы Куырттаты ком. Ахуыргæнæг скъоладзаутæн амыдта уырыссаг æвзаг. Цæмæй скъоладзаутæ тагъддæр базоной уырыссаг æвзаг, уый тыххæй ахæм фæнд æрымысыд: тетрады цъарыл уырыссаг дзырдтæ кæм уыд, уыдонæн сæ акомкоммæ иннæ цъарыл та фыста, уыцы ныхæстæ иронау куыд сты, уый. Зæгъæм, уырыссаг дзырд «вода»-йы комкоммæ иннæ цъарыл фыст уыд «дон», «дом»-ы ныхмæ – «хæдзар» æмæ афтæ дарддæр. Иуахæмы Куырттаты коммæ ссыд се скъолайыл аудæг Æрыдоны семинары ахуыргæнæг – сауджын. Сауджын ахуыргæнинæгты тетрæдтæм куы 'ркаст, уæд фæхъæр кодта: «Адон та цы сты?»

Ахуыргæнæг ын бамбарын кодта, уырыссаг дзырдтæ иронау фыст цæй фæдыл сты, уый. Сауджын ахуыргæнæгыл йæ къухтæ сцагъта: «Æмæ дын чи радта бар ирон æвзаг ахуыр кæнынæн». Æнхъæл уыд æмæ ныртæккæ ахуыргæнæгæн йæ уд йæ къæхты бынæй ауайдзæн, хатыртæ курдзæн, фæлæ ахуыргæнæг сауджыны æфцæгготыл фæхæцыд æмæ йæ къласæй раппæрста. Сауджын бæстæ йæ сæрыл систа. Æрæмбырд кодта хъæубæсты нæлгоймæгты, уе скъола уын æхгæнгæ кæнын, зæгъгæ.

Ахуыргæнæг. Уæдæ, чи уыди ахуыргæнæг, уый, æвæццæгæн, уе 'ппæт дæр базыдтат. Байхъусут-ма йын цыбырæй йæ царды хабæрттæм.

(Скъоладзаутæ кæнынц сæ тетрæдты тезисон пълан)

Скъоладзау. Уыцы ахуыргæнæг уыди Илас Æрнигон, йе 'цæг ном Тогуызты Газакк.



Газакк райгуырди Æрыдоны 1888 азы, уымæн æвдисæндар у йæ райгуырды метрикæ. Ахуыр кодта райдиан скъолайы, стæй семинары. Куыд байхъуыстам, афтæмæй семинары фæстæ райдыдта кусын Лæцы скъолайы ахуыргæнæгæй. Газакк тынг бирæ уарзта йæ мадæлон æвзаг æмæ йæ йæ кæстæртæн дæр уарзын кодта. Фæлæ Газаккæн нæ батади сауджыны бафхæрд, æмæ йæ бахъуыди Ирыстонæй фæцæуын дард Хурыскæсæнмæ. Бæргæ йæ нæ фæндыд йæ райгуырæн бæстæйæ дард ранмæ ацæуын, фæлæ йын æндæргæнæн нæ уыд. Йæ царды уыцы рæстæг хорз равдыста йæ 'мдзæвгæ «Хæрзбон»-ы.

Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Хæрзбон».

Ахуыргæнæг. Зæгъæн ис æмæ ацы æмдзæвгæ Илас Æрнигон ныффыста йæ зæрдæйы тæгтæй. Тынг зын ын уыди йæ райгуырæн бæстæйæ фæхицæн , йæ хæдзар дзæгъæлæй ныууадзын.

Сымахмæ та ацы æмдзæвгæмæ хъусгæйæ цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрди?

Скъоладзау. Æмдзæвгæмæ хъусгæйæ мæм фæзынди æнкъард хъуыдытæ, зын у райгуырæн бæстæйæ хицæн кæнын, уæлдайдæр куы зонай, æцæгæлон бæстæйы дæ цард зын кæй уыдзæн, уый.

Ахуыргæнæг.

Куыд загътат, афтæмæй æмдзæвгæ «Хæрзбон» баст у поэтæн йæхи хъысмæтимæ. Равдыста дзы йæ зæрдæйы рис æмæ катай.Фæлæ цавæр аивадон мадзæлтты фæрцы бафтыд уый къухы, уый та сбæрæг кæндзыстæм, цы цыбыр диктант ныффысдзыстæм æмдзæвгæйыл кусгæйæ, уый фæрцы. Ссарут ма æмдзæвгæйы ахæм хъуыдыйæдтæ, кæцытæ æвдисынц, поэт йæ хæхтимæ куыд хицæн кæны, уый.(Хæрзбон! Хæрзбон! Цæуын! Цæуын!)

  • Цавæр хъуыдыйæдтæ сты сæ кондмæ гæсгæ? (хуымæтæг цыбыр; иувæрсыг).

  • Строфайæн кæм лæууынц? (лæууынц йæ райдайæны).

  • Цал хатты æмбæлынц æмдзæвгæйы? (дыууæ хаты).

  • Куыд хуыйны ахæм аивадон мадзал? (анафорæ).

Ссарут ма æмдзæвгæйы ноджыдæр анафорæтæ. (фæстаг хатт абон æз уæ цуры…).

  • Цал хатты æмбæлы æмдзæвгæйы ацы хъуыдыйад? (æртæ хатты).

Уæдæ нæ диктанты фыццаг термин у анафорæ.

  • Цы у анафорæ? Цæмæн æххуыс у?

  • Ноджыдæр ма ацы строфайы поэт цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта? (эпитетæй –сонт зæрдæ).

  • Цы пайда сты эпитеттæ æмдзæвгæйæн? (эпитеты фæрцы тынгдæр бамбарæм лирикон геройы зæрдæйы æнкъарæнтæ).

  • Эпитет сонт цавæр ныхасы хай у? (миногон).

Фыссæм дарддæр нæ тематикон диктант. Дыккаг термин та нын у эпитет. Дарддæр кæсæм æмдзæвгæ.

Фæстаг хатт абон æз уæ цуры

Лæууын, мæ хæхтæ, 'мæ кæуын.

  • Кæмæ здæхт у поэты ныхас? (йæ хæхтæм).

  • Куыд хицæнгонд у иннæ дзырдтæй? (къæдзыгтæй).

  • Уый та цы уыдзæни? (риторикон сидæн).

  • Дзургæйæ та куыд хицæн кæнæм риторикон сидæн? (интонацийæ). Фыссæм термин риторикон сидæн.

Хъуыдыйады- ма æркæсут дзырд мæ- мæ æмæ зæгъут, цавæр æрхæцæны нысан лæууы йæ разæй? (апостроф).

  • Цæмæн? (уымæн æмæ фембæлдысты дыууæ хъæлæсоны æмæ лæмæгъ ахауд.

Лæмæгъ хъæлæсоны бæсты æвæрæм апостроф).

Уæдæ нæ иннæ термин та цавæр уыдзæн? Апостроф.

  • Зæгъут – ма, поэт ам хæхты куыдæй æвдисы? Куыд æнæуд предметтæ æви сæ удджын кæны? (кæны сæ удджын). Ссарут æмдзæвгæйы уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.

Фæстаг хатт абон мæн æгасæй

Уынут, мæ хæхтæ, о, сымах.

  • Куыд хуыйны ахæм аивадон мадзал? (олицетворени). Ныффыссут олицетворени.

  • Зæгъут, цы у олицетворени? Цæмæн хъæуы тексты?

Цæуын! Цæуын! Фæлæ, дæ-дæ-дæй,

Уæ кæмттæй дард цы у мæ цард?

Цавæр хъуыдыйад у йæ загъды нысанмæ гæсгæ? (фарстон).

  • Поэт фарст дæтты, фæлæ йæ фарстæн дзуапп агуры? (нæ).

  • Цæуылнæ? (уымæн æмæ дзуапп ис хъуыдыйадæн йæхи мидæг:

Тæрсын, мыййаг, куы уа æгадæй

Мæнæн фыдраны тагъд мæ мард).

Ам Илас Æрнигон спайда кодта риторикон фарстæй. Ныффыссæм ацы термин дæр.

  • Бакæсæм фæндзæм строфа.

Кæсын уæм æз фæстæмæ дардæй;

Сымах дæр мæм кæсут æнцад, -

Хъæбулы фæдыл афтæ нкъардæй

Кæсы æрмæст ныййарæг мад.

Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта поэт? (абарстæй).

Цæимæ абарста йæ зæрдæйы рыст? (ныййарæг мады зæрдæйы рыстимæ).

Ныффыссæм термин абарст.

Бакæсæм ма æхсæзæм строфæ.

Æллæх, мæ бон, цæрынæй уемæ

Мæнæн нæ бафсæсти мæ уд!

Хæссын уæ хуыз мæ риуы мемæ

Рæсугъдæй æз…хæрзбон мын ут!

Цавæр хъуыдыйад у? (сидтон хъуыдыйад, ис ма дзы хъæрон здæхæн). Фыссæм терминтæ сидтон хъуыдыйад, хъæрон здæхæн.

Скæнæм хатдзæг. Бакæсæм, цы литературон терминтæ ныффыстам, уыдон (скъоладзаутæ кæсынц терминологон диктант). Диктанты кæрон стъæлф ма сæвæрут, нæ куыст адарддæр кæндзыстæм фæстæдæр…


Литературæйы ахуыргæнæг. Ирыстонæй Илас Æрнигон ацыдис, йæхи загъдау, «цардагур» Дард Скæсæнмæ. Уыцы зын фадæтты уæвгæйæ ма йæ къухы бафтыд уæлдæр ахуырдзинад дæр райсын иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уыцы рæстæг мыхуыры зынын райдыдтой йе 'мдзæвгæтæ дæр.


Скъоладзау. Ирыстонæй дард уæвгæйæ дæр Иласæн йæ сагъæс уыди йæ райгуырæн бæстæйыл, йæ адæмыл.

1915 – 1916 азты Владикавказы райдыдта цæуын дины журнал «Чырыстон цард». Йæ уацмыстæ йæм æрвыста Илас Æрнигон дæр Владивостокæй. Сауджын Цомайты Харлампи журналы 12 номыры арфæйы ныхæстæ ныффыста, кæй уацмыстæ дзы мыхуыргонд цыдысты, уыдонæн. Се 'хсæн уыди Илас Мызуроны ном дæр.

Ахуыргæнæг. Дард Хурыскæсæны цæргæйæ Æрнигоны фæндыди йæ адæмæн исты хорздзинад бакæнын, Ирыстоны ирон æвзаджы хъуыддæгтæ чи кодта, уыдонæн баххуыс кæнын.

Цы хорздзинад баци скæнын йæ бон Ирыстонæн?

Скъоладзау. Илас Æрнигон ныффыста æмæ 1934 азты Харбины йæхи хардзæй рауагъта «Ирон грамматикæйы чиныг». Уыцы рæстæг Илас Харбины уыд ирон æхсæнады активон архайæг. Уымæн æвдисæн йæ «Арфæйы гæххæтт». Фыст дзы æрцыди ахæм ныхæстæ: «Тогуызы – фырт, кæд дард дæ, уæддæр дæ бон, дæ фадатмæ гæсгæ ирон артыл фу кæныс, цæмæй йæ зынг ма ахуысса, фæлæ тынгдæр цыренæй судза».

Ахуыргæнæг. Зæгъут-ма мын, цал чиныджы рацыд «Ирон грамматикæ»-йæ æмæ абон кæм сты?

Дзуапп. «Ирон грамматикæ»-йы чингуытæй рацыд æрмæстдæр дæс чиныджы. Дыууæ чиныджы дзы Илас ныууагъта Харбины, иу дзы радта Калоты Къостайæн, иу чиныг та йе 'рдхорд Гæбуты Алыксандрæн.

Ирыстонмæ дзы схæццæ авд чиныджы. Уыцы авд чиныгæй дыууæ уыдис наукон-иртасæг институты, иу - профессор Æлборты Барысбимæ, дыууæ чиныджы та дзы æрвыст æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Иннæтæ цы фесты, уый бæрæг нæу.

Ахуыргæнæг. Хъыгагæн, ацы чингуытæй иу дæр мæ бон нæ баци ссарын. Уæдæ, куыд федтам, афтæмæй Иласы сагъæс уыди йæ Ирыстоныл, йæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, фæндыдис æй Ирыстоны амондджынæй фенын.

Ацы цаутыл дзурæг у йе 'мдзæвгæ «Арфæ ракæн».

Бахъусæм – ма, куыд æй кæсы нæ республикæйы адæмон артист Бытъæты Роберт.

Хъуысы магнитофоныл фыст æмдзæвгæ «Арфæ ракæн».

Фарст. Зæгъут-ма, цы уæм фæкасти ацы æмдзæвгæйы цымыдисагæй?

Дзуапп. Ирон куывды хуызы фыст у.

Фарст. Æмдзæвгæйы поэтæн йæ ныхас кæмæ у?

Дзуапп. Арвмæ æмæ бæстæмæ.

Фарст. Кæмæн æмæ цы куры уый уæлæрвтæй?

Ссарут-ма сæ тексты.

Дзуапп. Илас Æрнигон йæ адæмæн уæларвæй куры, цæмæй фарнæй бамбæрза, цардæй бафсада, амонд ыздаха, ратта бæркад, тава хурæй, рухс кæна ком.


Компьютерæй æвдыст цæуы схемæ (1)



АРВ

Лексикон рæнхъытæ

Ассоциацитæ

Фарнæй бамбæрз

Амонд ыздах

Цардæй бафсад

Тав дæ хурæй

Рухс кæн ком

Цъæх арв, сау мигътæ, цин, æнкъарддзинад, амонд.

Фарст. Сымахмæ та арвмæ кæсгæйæ цавæр хъуыдытæ фæзыны? (скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).


Ахуыргæнæг. Раст загътат, арв цъæх куы уа, сыгъдæг, хур куы кæса, уæд арвæй амонд цæуы.

Арв – царддæттæг у.


Ахуыргæнæг

Æрбакæсут ма, фæйнæгыл æмдзæвгæйæ цы дзырдбæстытæ рафыстон, уыдонмæ, æмæ зæгъут, ацы дзырдбæстыты сæйраг дзырд цавæр ныхасы хайæ загъд æрцыд? (мивдисæгæй).

  • Кæцы здæхæны ис мивдисæг? (фæдзæхстон).

  • Фæдзæхстон здæхæны мивдисæг цы 'вдисы? (домынад).

  • Зæгъут - ма, æмдзæвгæйы поэт æрмæстдæр фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæй цæмæн пайда кодта? (лирикон герой кувгæ кæны. Адæймаг та кувгæ куы фæкæны, уæд æнæ фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæй нæй кувæн).

  • Поэт æрмæстдæр мивдисджытæй пайда кæны? (пайда ма кæны номдартæй дæр).

  • Ссарæм ма сæ æмдзæвгæйы (арв, арфæ, бæстæм, фæзтæм, амонд цардæй, бæркад, Ир, хос, хур, хæхтæ, ком æмæ а.д.).

  • Куыд уынут, афтæмæй поэт номдартæй фылдæр спайда кодта. Сымахмæ гæсгæ, цæмæн? (куры йæ адæмæн уæлæрвтæй ацы хорздзинæдтæ).

  • Поэтæн йæ ныхас кæмæ здæхт у? (арвмæ).

  • Хъуыдыйады арв цы у? (сидæн).

  • Уæдæ нæ æмдзæвгæйы сæйрагдæр дзырд цавæр у? (арв).

  • Хъуыдыйады уæнг у? (нæу, сидæнтæ хъуыдыйады уæнгтæ нæ вæййынц).

  • Бакæсæм ма фыццаг строфа.

Арфæ ракæн, арв, нæ бæстæн,

Арф дæ фарнæй бамбæрз мах.

Арв, нæ бæстæм, арв, нæ фæзтæм

Амонд арæхдæр ыздах.

Кæсгæ кæсын дзы тынгдæр уæ хъус цавæр дзырдтæм æрдардтат?

Арфæ

Арф

Арв

Арæхдæр

  • Цавæр æмхъæлæсон мырты къорд æмæ æмхъæлæсон мыртæ дзы фæлхатгонд цæуынц? (рф, рв).

Хатдзæг. Поэтикон уацмысы æмхъæлæсон мыртæ цалдæр хатты фæлхатт куы 'рцæуынц, уæд ахæм аивадон мадзал хуыйны аллитераци.

Фæстæмæ раздæхæм нæ терминологон диктантмæ æмæ йын кæрон скæнæм, цы ног термин базыдтам, уымæй. Ныффыссут термин аллитераци. Аллитераци у латинаг дзырд. Йæ фæрцы тыхджындæр кæны авторы хъуыды.

Ахуыргæнæг. Ныр та рахизæм нæ тексты дыккаг дзырдмæ.

Дыккаг дзырд – бæстæ

Фарст. Куыд уæм кæсы, Илас Æрнигон йæхицæн стырдæр амондыл цы нымайы?

Дзуапп. Йæ бæстæйы амонд.

Фарст. Ирыстон та амондджын кæд уыдзæн? Рахицæн-ма кæнут уыцы лексикон рæнхъытæ.

Бирæ фос

хос арæх

зад хор



Компьютерæй æвдыст цæуы схемæ (2)


БÆСТÆ

Лексикон рæнхъытæ

Ассоциацитæ

Бирæ фос

хос арæх

зад хор


Амондджын цард,

хъæздыгдзинад,

куыстуарзондзинад

æвадат цард,

æнкъарддзинад


Фарст. Уæдæ, нæ бæстæйы фос куы уа, хос арæх, зад нæ хортæ, уæд уый цæмæн æххуыс у?

Дзуапп. Амондджын цардæн, хъæздыгдзинадæн.

Фарст. Авторæн алы хатт дæр вæййы йæхи хъуыды, сбæрæг ма йын кæнæм йæ позици дæр.

Дзуапп. Автор йæ адæмæн арвæй куры, цæмæй арфæ ракæна нæ бæстæн, амонд арæхдæр ыздаха, Ирæн уарзон скæна йæ ном.

Ахуыргæнæг. Раст зæгъут, цæстуарзон куывды хуызы Æрнигон йæ адæмæн куры амонд, бæркад, фарнæй дзаг куыд уа алы хæдзар дæр.

Уæдæ Иласы куывдæй хайджын уæд кæддæриддæр нæ гыццыл Ирыстон.







Компьютерæй æвдыст цæуы схемæ (3)


Авторы позици сбæлвырд кæнынæн

  1. Арфæ ракæн

  2. Амонд арæхдæр ыздах

  3. Ирæн уарзон ды сæ ном (кæн)


Ахуыргæнæг. Кæд Илас æцæгæлон бæстæйы бирæ азты фæци, уæддæр йæ уарзондзинад йæ райгуырæн бæстæмæ нæ фæкъаддæр.



Мæнæ куыд зæгъы Дзасохты Музафер дæр:

«Æнæ мæн, Ирыстон, фæцæрдзынæ, зонын,

Æнæ дæу, Ирыстон, нæ хъæуы мæн цард».


Афтæ æнæ Ирыстон йæхицæн цард æцæгæлон бæстæйы нæ аккаг кодта Илас Æрнигон æмæ æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ 1935 азы.

(Скъоладзау кæсы Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ «Харбинæй цæугæйæ»)

Иласы мæт уыди йæ адæмыл, йæ Ирыстоныл. Уæдæ, йæ цæстуарзон куывд нæ гыццыл Ирыстоныл æрцæуæд. Алкæй хæдзары дæр уæ куыд уа бæркад, амонд!



Хæдзармæ куыст. Ныффыссын сочинени ахæм темæйыл «Мæ арфæ Ирыстонæн».








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: МХК

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 8 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Ирыстон, дæ номæй мæ сомы бæттын»

Автор: Дзуцева Залина Борисовна

Дата: 12.11.2016

Номер свидетельства: 358170


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства