Дата: 16.11.2016.
Класс: 6
учитель:. Гуцунаева Альбина Рамазановна.
Количество учащихся: 14
Присутствовали на уроке: 14.
Урочы темæ: Номдары морфологон æвзæрст.
Урочы нысан: Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын. Сбæрæг кæнын скъоладзауты зонындзинадтæ. Бакусын урочы ныхасы рæзтыл.
Урочыхъомыладонхæс: Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад хæсты
ветерантæм æмæ сын кад кæнын,аргь кæнын мадæлон æвзагæн æма йыл раст æмæ аив дзурын.
Урочы æрмæг: Экраныл- таблицæ- Номдары морфологон æвзæрст,нывтæ хæстон цаутæй, мидхъæуы цæрæг хæсты ветеранты къамтæ,газеттæ,журналтæ,чингуытæ хæсты фæдыл,уæлæмхасæн æрмæг,техникон фæрæзтæ.
Урочыцыд.
ǀ 1 Æмткæй афæлгæсын рацыд æрмæгыл.
Фæрстытæ:
А. Куыд дих кæнынц ирон æвзаджы дзырдтæ сæ нисаниуæгмæ гæсгæ? (Ирон æвзаджы æппæт дзырдтæ дæр сæ амынд,сæ нысанмæ гæсгæ дих кæнынц сæрмагонд ныхасы хæйттыл.
Æ. Цавæр ныхасы хæйттæ зонут? ( Дæнцæгтæ)
Б. Цы хонæм номдар? (Фарст чи? Кæнæ цы? Кæмæ æмæ цæмæ æвæрæм,уыцы дзырдтæ иууылдæр хонæм номдартæ) ( Дæнцæгтæ)
Г.Цавæр æвзаджы хай ахуыр кæны номдар? ( Морфологи) ( Дæнцæгтæ)
ǁ Ног æрмæг.
1.Раныхас. Ирон æвзаджы морфологон æвзæрстæн ис вазыгджын ахадындзинад. Уый у ахæм фæлхатæн куысты хуыз, кæцы сбæрæг кæны ахуырдзауты хъæнтæ, къуыхцытæ рацыд æрмæг-æппæт ныхасы хайæ дæр,
Экраныл- раиртæст æмæ йæ бахъуыды кæнут,цæмæй дзы пайда кæнат.
2. бакæсын,равзарын морфологон æвзæрсты таблицæ интерактивон фæйнæгыл.
Нæзæрдыл-ма æрлæууын кæнæм ирон зындгонд поэт Дзанайты Иваны ( Нигеры) хъуыды мадæлон æвзаджы фæдыл,ныффыссæм æй фæйнæгыл æмæ тетрæдты,ссарæм дзы номдартæ æмæ сæ равзарæм морфологон æвзæрсты бæлвырд фæткмæ гæсгæ.
« Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг базоны , уый фæстæ та иннæ адæмты æвзæгтæ».
Номдзыд лæгты раныхæстæ мадæлон æвзаджы тыххæй.
Фарст. Ис тексты номдартæ? ( Адæймаг,æвзаг…)
Хуызæг. Адæймаг- чи? Номдар, номон хауан, иууон нымæц, иумæйаг, удгоймаг, райдайан хуыз , адæм, сæйрат.
Уый фæстæ ис сæвæрæн ахæм фæрстытæ:
Цал хауæны ис ирон æвзаджы? (Ранымайсæ)
Цал нымæцы ис номдарæн? ( Дæнцæгтæ)
Цы хорздзинад раиртæстат морфологон æвзæрстмæ? ( Дæнцæгтæ)
Куыд ма ис равзарæн номдарæн?
Фонетикон, дзырды хæйттæм гæсгæ, лексикон,…)
Хæс. Фонетикон æгъдæуттæм гæсгæ равзарын номдартæ хъæбатыр, Фыдыбæстæ, къæс.
3. Нывтимæ куыст. Алы скъоладзауæн дæр раттын ныв хæстон цауты фæдыл, ныфыссын чысыл радзырдтæ ( сыфтыл)
Хæс. Уæ радзырды номдартæй иу равзарут морфологийы æгъдæуттæм гæсгæ..
Æрæмбырд кæнын сыфтæ, сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
4. Бакусын ныхасы рæзтыл.
Техникон фæрæзты фæрцы равзарын æмбисæндты мидис
Хæсты хъæр фæдисы хъæр у
Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.
Фæдисы сылгоймаг дæр цæуы
Знагмæ хъæддых фæлæууын хъæуы
Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.
Презентаци: « Æнусмæ уын кад æмæ намыс»
5.Аулæфт: Ахъуыды –ма кæнут æмæ зæгъут, куыд æмбарут æмбисонд:
« Лæгæн йæхи удæй лидзæн никæдæм ис»-ы мидис?
ǀǀǀÆрмæг бафидар кæнын.
Бакусын чиныджы нывимæ
Хæс. Æркасын нывмæ æмæ дзы рафыссын номдартæ дыууæцаджындзæй.
Саразын радзырд «Дауыраты Илитæ-хæстон хъæбатыр»
Хæс. Равзарын номдартæ хъæбатыр, уæлахиздзау-ы лексикон нысаниуæг.
3. Райхалут базырджын дзырдты мидис: цæттæлæг, бæндæныл кафæг, дыууæ цæсты астæуæй фындз фелвасдзæн.
4. Равзарын Хъайтыхъты Георы æмдзавга « Салдатдзуры»-йæ (рагацау фæйнæгыл бацæттæгонд æрмæг) скъуыддзаг
Мæхицæн хæдзарæн аз арф акъопп скъахтон
Гранатæй, нæмыгæй фашисттæн нæбарстон!..
Мæ сау сæрыхъуынтæ æз хæсты ныууагътон,
Сæ бæсты та уырдыгæй урс хилтæ схастон.
Фарст.Цы зæгъы поэт ацы рæнхъытæй?
Хæс. Текстæй рафыссын номдартæ, сбæрæг сын кæнын сæ хауæнтæ, раттын сæм фæрстыта.
5.Афæлгæсын абоны урочы æрмæгыл.
Хæдзармæ куыст
Сахуыр кæнын раиртæст
Морфологийы æгъдаумæ гæсгæ равзарын номдартæ
( Уæлахиз, уæлахиздзау, ирвæзынгæнджытæн.)
Ныффыссын дзырдуатон куыст хъæбатыр горæтты нæмттæй
Хуызæг: Дзæуджыхъæу…
Бацæттæ кæнын диктантмæ.