kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Хостыхъоты Зина. Табуйаг сфæлдыстад.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Хостикоев Зина. Жизнь и творчество поэтессы Хостикоевой Зины.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Хостыхъоты Зина. Табуйаг сфæлдыстад.»

Дата: 26.01.2018.
Класс, учитель: 11. Гуцунаева Альбина Рамазановна.
Количество учащихся в классе: 15.
Присутствовали на уроке: 14.

Темæ
: Хостыхъоты Зина. Табуйаг сфæлдыстад.

Урочы хуыз. Урок-номарæн.

Урочы нысан. 1. Скъоладзаутæ Хостыхъоты Зинæйы цард æмаæ сфæлдтыстадæй цы базыдтой, уымæ цæстæнгас равдисын.

2. Ирон поэттæй сæрыстыр уын,зæрдæтæм райсын мадæлон æвзаджы рæсугъд æмæ аив зæлтæ; ахуыргæнинæгтæм фæзынын кæнын æрфæйы æнкъарæнтæ цытджын поэмæ.

3. Аив дзырдыл бакусын.

Цæстуынгæ æрмæг. 1. Фæйнæгыл фыст темæ æмæ Зинæйы ныхæстæ-урочы эпиграф:

« Рæсугъд зæрдæ нæ амæлы, зæгъынц,

Уый фесты ном,дунейы фарныл бафты».

2. Зинæйы портрет( йæ быны дидинджытæ).

3.Чингуыты равдыст.

4. Техникон фæрæзтæ.



Урочы цыд:

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Урочы райдианы хъуысы æнкъард ирон цагъд. Фæмынæг…

Ахуыргæнæг. Фарн уæм бадзурæд æмæ уæ бонтæ хор! Нæ абоны урок хуымæтæджы урок нæу. Хъыгагæг, бирæ кæй фæуарзæм , зхынаргъ нын чи ыæййы, уыдонæй бирæтæн сæ цард æрдæгыл аскъуыны.

Хостыхъоты Зинæ… Ацы ном дыууæ Иры чи нæ зоны, ахæмтæ стæм разындзæн. Йæ конд æмæ йæ уынд куыд рæсугъд уыдысты афтæ рæсугъд уыд йæ удыхъæд, йе ` ппæт цард дæр.

Уымæн йæ цард адæмы сæраппонд. Зинæ у фыццаг ирон поэтесса. Цымыдисаг у иу хабар-Ирыстоны периодикон мыхуыры арæх фæзыны æвзагон чызджыты зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ, ныфс сæ бавæрæн вæййы, фæлæ,хъыгагæн,дарддæр сæ кой нал райхъуысы,царды уылæнты аныгъуылынц. Чи зоны та сæ поэзи зын фæзилæнтæ фæтæрсын кæнынц, сæ къухмæ нал райсынц уыцы стыр хæстæ.

Зинæ зындзинадæй никуы тарсти-уый йæ фыссæн сис атылдта сыгъзæрин доны æмæ уыцы сыгъзæрин сисæй булæмæргъау фæзарыди суанг йæ царды фæстаг бонмæ,



Æрмæгыл ныхас.

Ахуырæнæг.Абон лæмбынæгдæрæй æрдзурдзыстæм Зинæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

-Йæ царды хабæрттæ цыбырæй (ахуырдзаутæ дзурынц биографи æмæ сфæлдыстадон фæндæгты тыххæй

Къласмæ фæрстытæ: -Цæуыл фыста Зина? Цы йæ тыхсын кодта,цауыл уыд йæ зæрдæйы рыст?

Скъоладзауты дзуапп. Зинæйы сфæлдыстад у бирæвæрсыг. Фæлæ йын уæддæр фæдихгæнæн ис ахæм къордтыл:

1.граждайнаг лирикæ;

2.патриотон лирикæ;

3.уарзондзинады лирикæ.

Ахуыргæнæг: Уарзондзинад… Ацы рæсугъд æнкъарæн уыд Зинæйы сфæлдыстады рахæцæн. Уарзондзинад фыдыуæзæгмæ,ныйаррæг мадмæ,хорз æмбалмæ, «саджы синтыл амад лæппумæ»

Ахуырдзаутæ кæ æмдзæвгæтæ.

( 129,134,137,150 фарс)

Фæрстытæ: Чи цавæр æмдзæвгæ радзурдзæн уарзондзинады лирикæйыл?

Ахуырдзауты дзуæппытæ:

1-аг ахуырдзау. Зинæ уыд, йæхи загъдау, ирон хъарæггæнæг устытæй 20 æнусы йæ хъарæг кадæгмæ тынгдæр кæмæн рахызт,уыдонæй. Нывæзта йæ кадæг цардыл, уарзондзинадыл,фылдæр та, ныййарæджы ад ын и кодта,-сæрыстыр кæмæй уыд,уыцы Ирыстоныл,йæ раттæг ирон адæмыл.

Æдзæвгæ « Арвыл хур куыд иунæг у нæ зæххæн,

Афтæ иу мæнæн та Ир у `æрмæстдæр»

Презентаци: « Ирыстон-мæ удлæууæн»

2-аг ахуырдзау. Раст цыма алы ирон зæрдæ дæр йæ зæрдæимæ мæтæй баст уыд,афтææнкъардта ирон адæмы. Раст сæ рыстыл, сывæллонау цин кодта сæ циныл. Гырдзиаг лæгмартæ Хуссар Ирыл судзгæ нæмгуытæй арты зæй куы рауагътой,æмæ нæ лæппутæ лæгæвзæрстæй цагъды куы кодтой ,уæд цы зынтæ æвзæрста йæ æлмæн æнкъарæг зæрдæ!... Цъиуджын каркау йæхицæн бынат нал ардта. Фæдисхъæр кодта æппæт бæстæйыл.

Йæ уацтæ,æмдзæвгæты циклтæ уыдысты бынæттон æмæ мыхуыры рæстдзинад дзырдтой.

3-аг ахуырдзау: Йæ хъæддых æмæ уæндон ныхас,кæй зæгъын æй хъæуы,нæ фæцыд Гуырдзыстоны уæды хицауады зæрдæмæ æмæ йæм знаджы цæстæй кастысты,æртхъирæнтæ йæм кодтой. Уæд Зинæйы сæйрагдæр хæс уыди,хæсты арт ахуыссын кæнын.

Æмдзæвгæ»Фæдисы хъæр»-ы æрвиты Иры лæппутæм,сиды фыдыуæзæг бахъахъхъæнынмæ.

4-аг ахуырдзаудзуры æмдзæвгæ.

5-аг ахуырдзау. ТыхсыЗинæ.ирон адæм чысыл уæвгæйæ. Уый бæрц тыхы ныхмæ куы нæ бафæраза,ууыл, æмæ йæ ныфсæвæрæн ныхас зæлы æмдзæвгæйы « Чысыл ыстæм, фæлæ…»

Кæддæриддæр æххуысмæ цæттæ, растдзинад дзурæг. Йе ` нæнцой зæрдæ-иу æй аппæрста зындæр кæм уыд,уырдæм. Суанг ма Афганистаны дæр балæууыд.

Презентаци: Афганистан-наша память и боль…

Фыссæджы зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ кæны Зинæ йе ` мдзæвгæ «Куывд»-ы.

6-аг ахуырдзау. Фæлæ цæмæй зыдта,йæ удлæууæн ирон адæммæ ма ам, Цæгаты дæр, цы бæллæхтæ æнхъæлмæ кæсынц, уый. Кочысаты Розæйы фæндон сидт æмæ ныфс уагъта ирон фæсивæды уæнгты. Горæты кæрон Ирыстоны хуыздæр кæстæрты ингæнтæй цалдæр бонмæ цы уæлмæрд февзæрд,уый та йæ бынтон зæрдæдзæф фæкодта.

Фарст:

Ахуыргæнæг. Нæхи хъæуæй уыцы Ирон-Мæхъæлон быцæуы чи бабын,кæй зонут,алы аз дæр кæй кæй мысæм æмæ цæмæ?

7-аг ахуырдзау. Ахуырдзау презентаци бацæттæ кодта Цориты Станиславыл

« Подвиг срока не имеют, отдаляясь,

становятся все рельефнее и отчетливее»

8-аг ахуырдзау. Æмдзæвгæ «Уæлмæрдты» . Æгæрон уарзтæй уарзта Зинæ йæ мадæлон æвзаг. Фыссæгæн мадæлон æвзаг у йæ царды астæуцæджындз. Зæрдæрисгæйæ фыста ирон æвзаджы катайаг уавæры тыххæй.

Скъоладзау:Æмдзæвгæ «Фæлæ уæддæр…»

Ахуыргæнæг. Хуыцауæй арфæгонд фæци,загъгæ,кæмæй фæзæгъынц,ахæм уыди йæ удыхъæд.Ницæмæй йæ фæкодта æнæхай йæ хорззæххæй не `сфæлдисæг: цы кондæй, цы хъаруйæ,цы курдиатæй. Æнæуынон ын уыдысты мæнгард æмæ фæлывд,афтид уд адæймæгтæ,дыдзæсгæмттæ. Никуы дзы кинæй фыдкой фехъустаид адæймаг фæсаууонмæ. Æргомæ йæ уайдзæфы хай зæгъын йæ сæрмæ куы нæ хаста,уæд-та иу йæ фыссын сисы фындзæй йæ зæгъинаг загъта.

Нæ абоны урок æххæст нæ уындзæн,Зинæйæн йæхи сыгъдæг æмæ зæрдæмæхъаргæ хъæлæс куы нæ фехъусæм,уæд…

Видео

Ахуыргæнæг. Телевизоры фенæм æмæ фехъусæм Зинæйы хъæлæс, Иры поэттæ æмæ фысджытæ Зинæйы тыххæй цы радзурынц,уый.

Ехх, цард, куыд адджын æмæ базырджын дæ,афтæмæй куыд мæнгард æмæ вазыгджын. Адæймаг дæ хъæбысмæ бахизгæйæ цас рæсугъд хъуыдытæ фæнывæнды ,йæ амондджын сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ,зæххыл бумбулиты уæз дæр нал фæкæны,йæхи сисы арвмæ æмæ бавналы æврæгътæм.

Фæлæ… о, ацы æнæхатыр фæлæйæн бирæ рахæцæнтæ ис. Сæ иу у адæймаджы цард рахиз цонг æмæ æндæр-хъысмæт. Кæд дам фæхæларзæрдæ уа,уæд дæ къодых хуызы дæр размæ тулдзæн æмæ æппардзæн,цæмæй царды æмдзу кæнай. Фæлæ дæм куы фæхæрам уа… дæ адджын хъуыдытæ æмæ фæндтæ кæрддзæн болат хæсгæрдтæй , батысдзæн дæ сæгъы сыкъаты. Æппынфæстаг дын йæ цæст бауарздзæн сау ингæн дæр.

Цыма йæ зонгæ кодта,тагъд æй хæрзбон зæгъын кæй хъæудзæн райгуырæн къона,ныййарæг мад,ййæ буц хъæбул æмæ Иры зæххæн,уыйау фæдзæхсы йæ хъæбулæн:

Æмдзæвгæ кæсы ахуырдзау.

« Мæ сонт хур,ма рацу гадзрахатæй дæ удыл…»

1995 азы мыхуыры рацыд йæ фæстаг чиныг,æмдзæвгæты æмбырдгонд. Декабры кæрæтты йæ хæдзары цины фынг сарæзта , йæ номыл гаджидæуттæ цагътой йæ хæлæрттæ, цæстуарзон арфæттæ йын кодтой. Фæлæ Зинæ нæ бафсæст йæ чиныджы цинæй-йæ зæрдæ бавзæр,æнæнхъæлæджы ахицæн ис йæ адæмæй,йæ бинонтæй. 1 январы вæййы йæ райгуырæн бон: « Абон мæ гуырæнбон-дзагбæркад алцæмæй

Ме ` мгæрттæ нуазынц мæ номыл сырх сæн…

Хъысмæтæн цы загъдæуа

Мæрдты дзæнæты бадæт,йæ цъæх

суадонæй йын нуазыны бар уæд»

Æмдзæвгæ « Мæ кæстæрмæ».

Махæ уыйбæрц хъару разынæд,Зинæйы рухс ном куыд никуы ферох уæм.

Кæронбæттæны ма кæсæм къорд æмдзæвгæйы. Æнæ аипп дуне нæй. Хурыл дæр ма кæм абады, фæзæгъынц, фæлæ мæн уырны иу хъуыддаг. Цалынмæ зæххыл ирон дзырд уа,цалынмæ арвыбын змæлæг уа,уæдмæ Хостыхъоты Зинæйы ном дæр агурæг уыдзæн.

Уазджытæн та стыр бузныг! Арфæгонд ут!


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Хостыхъоты Зина. Табуйаг сфæлдыстад.

Автор: Гуцунаева Альбина Рамазановна

Дата: 07.02.2019

Номер свидетельства: 498823


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства