kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Æрцу нæм, уалдзæг!» (Миногон.5-æм къласы рацыд æрмæг).

Нажмите, чтобы узнать подробности

«Уалдзæг æрцыди, æрбакаст             «Весна пришла, заглянула

                 Дзагцæстæй рудзгуытæм хур.             Солнышко в окошко.

                 Зымæг фæлидзæг.Фæндараст.             Зима убегает. До свиданья.

                 Рухс уалдзæг, тынгдæр æй сур!»         Светлая весна, быстрей её прогоняй!»

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Æрцу нæм, уалдзæг!» (Миногон.5-æм къласы рацыд æрмæг).»

Темæ: «Æрцу нæм, уалдзæг!» (Миногон.5-æм къласы рацыд æрмæг).

Тема: «Приди к нам, весна!» ( Свойства прилагательного. Повторение пройденного в 5 классе материала).

Урочы нысан: 1. Зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ фæарфдæр кæнын миногоны æууæлты тыххæй

зонындзинæдтæ.

Вспомнить и закрепить знания по свойствам прилагательного.

2. Кусын ныхасы рæзт æмæ растфыссынадыл.

Работать над развитием речи и правописанием.

3.Скъоладзаутæм æрдзы рæсугъддзинадмæ уарзондзинад гуырын кæнын, бамба-

рын кæнын, уыцы рæсугъддзинад хъахъхъæнын кæй хъæуы,уый. Æмбисæндты

бындурыл æрдзурын, фæллой кæнын царды ахсджиаг бынат кæй ахсы, ууыл.

Привить детям любовь к труду, к красоте природы. Объяснить им, что эту

красоту надо беречь.

Цæстуынгæ æрмæг æмæ техникон фæрæзтæ: презентаци урокмæ, нывтæ урочы темæима баст, карточкæтæ.

Наглядность и технические средства: презентация к уроку, картины, связанные с темой урока, карточки.

Урочы цыд:

1.( 1-аг слайд. Уалдзыгон ныв цъиуы зарæгимæ. Весенняя картинка со звуком пения птиц ). Бацæттæгæнæн рæстæг. Скъоладзауты урочы зæрдиагæй кусынмæ сразæнгард кæнын.

Организационный момент. Мотивация детей на урок.



-Цы уынут слайды? (Малусæг, донхæрисы къалиу (верба).

Что вы видите на картине? ( Подснежник, верба).

Цæй зард нæм хъуысы? (Мæргъты)

Что мы слышим? (Пение птиц).

Цавæрдæр хабар нын æрхастой. Æмæ йæ цæмæй базонæм цавæр хабар у, уый тыххæй нæ зæрдиагæй бакусын хъæуы урочы.

Чтобы узнать, какую они нам принесли весточку, нам надо хорошо поработать на уроке.

2.Темæ сбæрæг кæнын. Æмбæхст дзырдтæ ссарын. Найти среди букв слова.

къ

æ

ы

т

п

с

цъ

ф

з

з

ы

м

æ

г

у

æ

х

дз

т

р

о

а

ч

з

е

м

д

дз

к

а

г

з

о

е

ж

æ

ъ

в

п

æ

н

й

тъ

б

æ

р

щ

г

я



Зымæг, сæрд, фæззæг.

Зима, лето, осень.

-Цы нысан кæнынц ацы дзырдтæ? (Афæдзы афонтæ). 2-аг слайд.

Что это за слова? (Это времена года).

-Иууылдæр сты? (Не сты, уалдзæг дзы нæй).

Это все времена года? (Нет, нет весны).

-Абон та кæцы нымæц у? (Æртхъирæны мæйы дыууын æстæм бон).

А какое число сегодня? (28 февраля).

-Абоны тыххæй нæ бон цы у зæгъын? (Абон у зымæджы фæстаг бон).

Что мы можем сказать про сегодняшний день? (Сегодня последний день зимы).

-Райсом цавæр афæдзы афон райдайдзæн? (Уалдзæг).

Завтра какое время года начинается? (Весна).

-Баххæст кæнæм нæ урочы темæ хъæугæ дзырдæй. («Æрцу нæм, уалдзæг!»).

Дополним тему урока нужным словом. (« Приди к нам, весна

Равзарын темæйы растфыссынад: цæмæн сæвæрдтам къæдзыг æмæ хъæры нысан. (Хъуыдыйад у хъæрон, уалдзæг у сидæн æмæ йын йæ разæй сæвæрдтам къæдзыг).

Разобрать правописание темы: почему мы поставили запятую и восклицательный знак.

Предложение- восклицательное, слово весна –обращение).

-Бакæсæм нæ урочы эпиграф: ( 3-аг слайд)

Прочитаем эпиграф урока.

Эпиграф: «Уалдзæг æрцыди, æрбакаст «Весна пришла, заглянула

Дзагцæстæй рудзгуытæм хур. Солнышко в окошко.

Зымæг фæлидзæг.Фæндараст. Зима убегает. До свиданья.

Рухс уалдзæг, тынгдæр æй сур!» Светлая весна, быстрей её прогоняй!»

(Хъамбердиаты Мысост).

-Куыд уæм кæсы , малусæг, донхæрис æмæ нын мæргътæ цавæр хабар æрхастой? (Уалдзæг кæй æрцæуы).

Как вам кажется, какую весть нам принесли подснежник, верба и птицы? ( Весть о приходе весны).

3.-Ныффыссæм абоны нымæц. Чи зæгъдзæн, цæмæн хуыйны æртхъирæны мæй? Радзурын таурæгъ. Записываем число. Скажите, почему называется февраль æртхъирæны мæй?

…Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта зымæджы кæрон кæй æрцыд, ныр йæ фосæн æххормагæй фесæфæн кæй нал ис, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ уадындзы хъæлæсæй базарыд. Уый февралмæ хъыг фæкаст, цæуылнæ мæ тæрсы, зæгъгæ. Æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд ,-йæ рæстæг фæци. Уæд æрхатыд мартъимæ: æркуырдта дзы æртæ боны, фыййауæй йæ маст райсынæн, æз,дам, ын йæ фос æххормагæй аскъуынон.

Радта йын æртæ боны мартъи… Уыцы æртæ боны ахæм хъыст- тымыгъ скодта æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи радардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд. Хæлын дзæкъулы гæды ныввæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæвы æмæ боны сынæр не сцагъдтой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты».

« Когда-то, говорят, в последние дни февраля, пастух обрадовался тому, что наконец- то зима закончилась, и его овцы не пропадут от голода. Когда снег растает, они могут и прошлогоднюю траву поесть. От радости он заиграл на свирели. Это разозлило Февраль, почему, говорит , он меня не боится. Он пригрозил пастуху, но не мог он с ним ничего сделать, так как его время вышло. Тогда февраль попросил у Марта три дня для того, чтобы отомстить пастуху. Я, говорит, сделаю так, чтобы его овцы умерли с голоду.

Март отдал три дня. Эти три дня был такой лютый мороз, что никто не мог даже выйти на улицу. Пастух был очень умный. Он посадил кошку в мешок и подвесил высоко. Кошка пыталась вылезти из мешка, шуршала, овцы боялись и смотрели вверх на мешок, перестали жевать и выдержали три дня и три ночи без еды».

-Ранымайын зымæджы æмæ уалдзæджы мæйтæ. (4-7 слайдтæ).

Перечислить зимние и весенние месяцы?

-Цавæр вæййы зымæг? (Уазал, хъызт). Уалдзæг та? ( Хъарм, рæсугъд).

Какой бывает зима? (Холодная, суровая). А весна? (Теплая, красивая).

4.Ныффыссын дзырдбæстытæ.(Уазал зымæг, хъарм уалдæг).

Записать словосочетания. ( Холодная зима, теплая весна).

(Эпиграфмæ раздæхын)-Хъамбердиаты Мысост та цавæр хоны уалдзæг? (Рухс уалдзæг).

Какой называет Мысост весну? (В эпиграфе). ( Светлая весна)

Равзарын дзырдбæстытæ (сæйраг дзырдæй дæлбар дзырдмæ раттын фарст, сæйраг дзырд цавæр ныхасы хайæ загъд æрцыд, уый сбæрæг кæнын, фарст раст раттын.).

Разобрать словосочетания ( задать вопрос от главного слова к зависимому, чем выражено главное слово, задать вопрос).

5.Къордтæй куыст. Альбомы сыфыл алыхуызон хуызджын кърандæстæй спайда кæнут, алы афæдзы афонимæ цавæр хуызтæ уæ цæстытыл ауайынц, цавæр номдартимæ сæ бабæттиккат? (Урс мит, цъæх кæрдæг, сырх дидинджытæ, морæ сыфтæ…). Равзарын дзырдбæстытæ, фæрстытæ раст раттын.

Работа в группах. На альбомных листах нарисуйте свои ассоциации по всем временам года. Какого цвета карандашами вы воспользуйтесь. С какими существительными ты свяжешь эти цвета? (Белый снег, зеленая трава, красные цветы, желтые и коричневые листья).

6.Грамматикон темæ сбæрæг кæнын .Йе `ууæл номдарæн æвдисын,

Уый цæмæй зына æргом.

Бирæ хæстæ химæ исын

Базон-ма, куыд у мæ ном? (Миногон).

Определение грамматической темы урока. Обозначает признаки существительного,

Для того, чтобы её было лучше видно.

Много обязанностей берёт на себя.

Узнай, как его зовут! (Прилагательное).

Урочы кæронмæ нæ хъæудзæн сæххæст кæнын тест. Уый тыххæй та нæ хъæудзæн 5-æм къласы миногоны тыххæй цы базыдтам, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын.

К концу урока мы должны будем выполнить тест. Для этого мы повторим то, что вы прошли по прилагательному в 5 классе.

7. Дзырдбæстытимæ æрхъуыды кæнын фæйнæ иу хъуыдыйады æмæ йæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.Куыд сæххæст кодтой ,уый бæрæг кæнынц къæйттæй кусгæйæ.(Кæрæдзийы куыстытæ бæрæг кæнынц.) Сбæрæг кæнын , миногон цавæр хъуыдыйады уæнг у,уый.

Придумать со словосочетаниями предложения и придумать по одному предложению, разобрать по членам предложения. Проверить, как дети справились. Дети передают друг другу работы и проверяют. Затем сдают учителю. Определить каким членом предложения является прилагательное.

8.Уалдзæджы тыххæй цавæр æмбисæндтæ зонут?

Какие пословицы вы знаете о весне?

(Уалдзыгон бон афæдз дары. Рæсугъд уалдзæг-хъæздыг фæззæг. Уалдзæг –кусынæн, зымæг- хæрынæн. Уалдæджы минæвар-дзывылдар. (Бамбарын кæнын алы æмбисонды нысаниуæг дæр.)

Весенний день целый год прокормит. Красивая весна - богатая осень. Весна - работать, осень- кушать. Посол весны - синичка.

9.Абайты Амырханы æмдзæвгæ «Базонут – ма , уый кæд вæййы»-равзарæм. Кæцы мæй æрцæуынц ацы архæйдтытæ?

Разбираем стихотворение Абаева Амурхана « Угадай, когда это бывает». В каком месяце произходят эти действия?

1.Ног та сулæфыди зæхх.

Быдыр ранæй-ран фæцъæх.(Тæргæйтты мæйы).

Вновь вздохнула земля.

Поле местами позеленело. ( В марте).

2.Бæлас акалдта сыфтæр. (Сыфтæры мæйы)

На деревьях появились листочки. ( Май).

3.Хъуысы тракторы къæр-къæр. ( Хуымгæнæны мæйы)

Слышится шум трактора. ( Апрель).

4.Дзывылдар дæр нæм æртахт. (Хуымгæнæны мæйы)

Прилетела к нам трясогузка. ( Апрель)

Тынг ыл бацин кодтам мах.

Очень ей обрадовались.

5.У нæм булæмæргъ дæр уазæг,- (Сыфтæры мæйы)

Уый та нæм æрцыди уалдзæг.

Соловей тоже у нас в гостях. ( Май)

Это к нам пришла весна.

10.(8-æм слайд.) - Куыд баст сты кæрæдзиимæ дыууæ дзырды: дзывылдар æмæ дзывыр?

Как связаны между собой два слова трясогузка и плуг?

Равзарын дзывылдары тыххæй текст.

Разобрать текст о трясогузке.

Дзывылдар у чысыл маргъ. Ирон адæм уалдзæджы æрцыд нымадтой дзывылдары æртахтæй. Хуым кодтой хъæдын дзывырæй, æмæ фыццагдæр цы чысыл маргъ æртахт, уый схуыдтой дзывырдарæнты цъиу, стæй дзывылдар.

Трясогузка – маленькая птичка. У осетинского народа принято считать приход весны с прилетом трясогузки. Пахали раньше деревянным плугом , и ту маленькую птицу, которая прилетала первой, называли птицей пашен, а позже получил название дзывылдар.

-Рафыссын текстæй миногонтæ номдаримæ бастæй. (Чысыл маргъ, ирон адæм, хъæдын дзывыр,)

Выписать из текста прилагательные с теми существительными, с которыми связаны. ( Маленькая птица, осетинский народ, деревянный плуг).

-Дзывылдарæй чысылдæр маргъ ис? Есть птичка меньше трясогузки?

-Æппæты чысылдæр маргъ дунейы цавæр у? (Калибри).

Какая самая маленькая птица в мире? (Калибри).

Миногон чысыл ныффыссын æртæ бæрцбарæны (чысыл-чысылдæр-æппæты чысылдæр, бынтон чысыл).

Прилагательное маленький написать во всех степенях сравнения. (маленький- меньше- очень маленький)

-Ирон æмæ хъæдын фылдæр кæнæ къаддæр бæрцы зæгъæн ис?

Можно поставить слова деревянный и осетинский в большую степень? ( нет).

11.Арæх нывты уалдзæг æмæ зымæг æвдыст æрцæуынц æрыгон æмæ ацæргæ адæймаджы хуызы. Куыд уæм кæсы абон , зымæджы фастаг бон, уалдзæг æрыгон адæймаджы хуызы равдисиккам æви ацæргæ? (Æрыгон).-Цæмæн? (Зымæгæн йæ тыхтæ басастысты, уалдзæг та нырма ныр райдыдта æмæ у хъаруджын).

Часто весну и лето изображают в виде молодого и пожилого человека. Как вам кажется, мы весну изобразим в виде молодого или пожилого человека? ( Молодого). Почему? ( У зимы все силы вышли, а весна только началась, у неё много сил).

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйады ссарын миногонтæ: Æрыгонæн йæ бон фылдæр у бакæнын, ацæргæйæн та йæ тыхтæ бирæ нал вæййынц.

На доске два предложения, найдите в них прилагательные. У молодых больше сил, а у пожилых сил становится меньше.

Сбæрæг кæнын кæцы хауæны сты миногонтæ.(Дæттынон хауæны).

Определите в каком они падеже . ( В дательном падеже).

Æрдзурын, миногонтæ номдартимæ бастæй тасындзæг кæй нæ кæнынц, ууыл. Æнæ номдарæй та тасындзæг кæнынц, феххæст кæнынц номдары функцитæ. Напомнить детям, что прилагательные в словочетании с существительными не скланяются. А без существительного склоняются как существительные.

(Фæйнæгыл уалдзæг æмæ зымæг æрыгон æмæ ацæргæ сылгоймæгты хуызы.)

На доске весна и зима изображены в образе молодой и пожилой женшины.

12. Кæронбæттæн. Хæтдзæгтæ. Выводы.

Къордгай æххæст кæнынц тест миногонæй.

Группы выполняют тест по прилагательному.

1.Миногон у сæрмагонд

Æххуысгæнæн ныхасы хай.

Прилагательное - это главная

служебная часть речи.

2.Нысан кæны предмет

предметы æууæл.

Обозначает предмет

признак предмета.

3.Дзуапп дæтты фæрстытæ чи ? цы?

цавæр? цыхуызæн?

Отвечает на вопрсы кто?что?

Какой? Какое? Какая?

4.Æнгом баст вæййы мивдисæгимæ

номдаримæ

нымæцонимæ.

Тесно бывает связана с глаголом

Существительным

Числительным.



5.Номдаримæ бастæй тасындзæг кæны

нæ кæны.

Если связано с существительным склоняется

не склоняется

6..Хъуыдыйады мидæг арæхдæр вæййы бæрæггæнæн

æххæстгæнæн

фадатон дзырд.

В предложении часто бывает определение

дополнение

обстоятельство.

Сравнить с русским языком.

Рефлекси. Миногонтæй спайда кæнут æмæ зæгъут нæ урок кæмæ цавæр фæкаст: хорз, æвзæр, цымыдисаг, æнкъард, æгъуыз, мæгуыр, хъæздыг.

Рефлексия. С помощью прилагательных дайте оценку уроку. Каким был урок? (Хороший, плохой, интересный, грустный, бесцветный, бедный, богатый.)

-Ногæй исты фехъуыстат ацы урочы? Вы узнали что-то новое на уроке?

-Цы уæм фæкаст æппæты хуыздæр ( æппæты æвзæрдæр).?

Что было самым интересным? (не интересным)?

Кæд нæ урок искæй зæрдæмæ фæцыд, уæд ацы ирд бур смайликтæй уалдзæгæн йæ хур фæтыхджындæр кæнæм, æмæ йе `рттывдæй зымæг рæвдздæр фæлидза. Райсом нæм цæмæй æцæг уалдзæг æрцæуа.(9 слайд) Арфæ ракæнын скъоладзаутæн сæ куысты тыххæй, стæй уалдзæджы фæдыл.

Если вам понравился урок, то этими желтыми смайликами усилим сияние нашего солнышка, чтобы зима быстрее сбежала , а завтра наступила настоящая весна. Поблагодарить детей за урок, и пожелать весеннего настроения.

Хæдзармæ куыст.Текст баххæст кæнын хъæугæ дзырдтæй.

Домашнее задание. Дополнить текст нужными словами.

(Зымæг) фæфардæг йæ фæд-фæд. Сыстад кæмттæй, адæгтæй æмæ фæцæуы уæлæмæ рæгътæ æмæ къуылдымтыл, йæ урс кæрцы фæдджитæ йæ фæдыл ласгæ. Æвæндонæй цæуы карз (зымæг) йæ уазал фысым-цъититæм.Æрæмбæхсы къæдзæхты æххæлты, нарæг æрхыты, фæлæ (уалдзæг) цæуы йæ фæдыл æмæ йæ суры хæрдмæ,хуры тынтæй цы уисой сбыдта, уымæй. Цъæх адардтой кæмттæ.

(Дзесты Куыдзæг).

-Ссарын тексты миногонтæ. Найти прилагательные в тексте.

-Фæстаг хъуыдыйад равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Последнее предложение разобрать по членам предложения.

Поставить оценки за урок.












Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Æрцу нæм, уалдзæг!» (Миногон.5-æм къласы рацыд æрмæг).

Автор: Гогаева Ульяна Заурбековна

Дата: 29.12.2023

Номер свидетельства: 643484


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства