kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА по осетинской литературе для 7 - класса

Нажмите, чтобы узнать подробности

Кусæн программæ арæзт у иумæййæг æмæ профессионалон паддзахадон   ахуырады министрады стандарты бындурыл.

Адæмы монон царды кæддæриддæр стыр ахадындзинад уыдис фольклор æмæ аив литературæйæн. Уыдоны нывæфтыд æрцыд сæ цард, сæ историйы ахсджиагдæр цаутæ, сæ зонадон фæлтæрддзинад. Уыдоны ис зонды суадон, ныхасы фидауц æмæ бæрзонд идейæтæ. Дзырдаивадæн йæ нысаниуæг фæуæлдæр ис нæ рæстæджы.      Уый  рæзгæ фæлтæры хъомыл кæны гуманизм æмæ граждайнаг идеалтыл, фидар кæны адæмы удварн, уымæй рæзынц  монон æмæ культурон традицитæ. Уымæ гæсгæ скъолайы куысты ахъазагдæр у литературæ ахуыр кæнын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«РАБОЧАЯ ПРОГРАММА по осетинской литературе для 7 - класса»

МУНИЦИПАЛЬНОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА № 34

ИМЕНИ ГЕРОЯ СОВЕТСКОГО СОЮЗА ГЕОРГИЯ ИВАНОВИЧА ХЕТАГУРОВА


РАССМОТРЕНО: СОГЛАСОВАНО: УТВЕРЖДЕНО:

РУКОВОДИТЕЛЬ МО ЗАМ ДИРЕКТОРА ПО УВР ДИРЕКТОР МБОУ СОШ№34

МБОУ СОШ № 34 им. Г. И. Хетагурова МБОУ СОШ № 34 им. Г. И. Хетагурова им. Г. И. Хетагурова

Джигкаева В.А. /______________ Бицаева Л.Г. /__________________ Макоева В.Г./_____________

ФИО

Протокол № ____ ПРИКАЗ № ____ от _______

от 29 августа 2017г.


РАБОЧАЯ ПРОГРАММА

по осетинской литературе для 7 - класса

учитель осетинского языка и литературы Гогичева Дзерасса Сардионовна

(первая квалификационная категория)




2017 - 2018 учебный год



СТРУКТУРА ДОКУМЕНТА.

Рабочая  программа по осетинской литературе представляет собой целостный документ, включающий шесть разделов:


1. пояснительную записку;

2. требования к уровню подготовки учащихся;

3. содержание тем учебного курса;

4. учебно-тематический план;

5. календарно-тематическое планирование;

6. перечень учебно-методического обеспечения.


1.ПОЯСНИТЕЛЬНАЯ ЗАПИСКА

1 Æмбарынгæнæн фыстæг

(пояснительная записка)

Кусæн программæ арæзт у иумæййæг æмæ профессионалон паддзахадон ахуырады министрады стандарты бындурыл.

Адæмы монон царды кæддæриддæр стыр ахадындзинад уыдис фольклор æмæ аив литературæйæн. Уыдоны нывæфтыд æрцыд сæ цард, сæ историйы ахсджиагдæр цаутæ, сæ зонадон фæлтæрддзинад. Уыдоны ис зонды суадон, ныхасы фидауц æмæ бæрзонд идейæтæ. Дзырдаивадæн йæ нысаниуæг фæуæлдæр ис нæ рæстæджы. Уый рæзгæ фæлтæры хъомыл кæны гуманизм æмæ граждайнаг идеалтыл, фидар кæны адæмы удварн, уымæй рæзынц монон æмæ культурон традицитæ. Уымæ гæсгæ скъолайы куысты ахъазагдæр у литературæ ахуыр кæнын.

Сусæггаг нæу, абоны ахуырдзаутæ арæх нал кæсынц литературон уацмыстæ, зынтæй æмбарынц тексты анализ, сæ логикон хъуыдыкæнынад фæлæмæгъдæр, удварны хъомыладмæ нал ис фаг цæстæнгас.

Мадæлон литературæ нымад у федералон, æнæмæнгхъæугæ предметыл, ног ахуырадон стандартты йын ис сæрмагонд бынат.

Скъолайы хǽс у культурон ǽмǽ ахуыргонд адǽм цǽттǽ кǽнын. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг бынат ис мадǽлон ǽвзаг æмæ литературæ ахуыр кǽнынæн.

Ирон литературæ ахуыр кǽнын, уымǽй, куыд ǽмбǽлы, афтǽ пайда кǽнын у стыр ахъаз фǽсивǽды патриотизмыл хъомыл кǽнын, фидǽны ǽхсǽнад аразджытǽ цǽттǽ кǽныны хъуыддаджы.

Хистæркълæсты ахуыр кæнынц литературæйы истори. Ам æрмæг лæвæрд цæуынц хронологон уагыл. Праграммæмæ хаст æрцыдысты ирон литературæйы ахъаззагдæр фæзындтæ æмæ зынгæ фысджыты уацмыстæ.


Нысантǽ:

-литературæйы фæрцы скъоладзауты иумæйаг культурæ рæзын кæнын;

- литературæйы æмбарынад бацамонын;

- литературон уацмысыл æнцой кæнгæйæ, цардæн аргъ кæнын, цард æнкъарын;

-ахуырдзаутæм рæзын кæнын чиныгкæсæджы культурæ;

-ныхасы арæхстдзинæдтæ райрæзын кæнын æмæ а.д.

Предметтæй хæрзхъæд ахуыр райсыны мидис, принциптæ, бацæуæнтæм алывæрсыгæй каст цæуы ахæм нормативон документты:

- Уæрæсейы Федерацийы закъон «Ахуырады тыххæй»-йы;

- Ног ахуырадон стандартты;

- Цæгат Ирыстон-Аланийы модернизацийы комплексон проекты;

- Ирон национ ахуырады концепцийы ;

- Приоритетон национ проект «Нæ ног скъола»-йы;

- Республикон программæ «Ирон æвзаг»;

Программœйы автортœ : Джыккайты Щамиль, Хъантемыраты Римœ, Мамиаты Изетœ, Гуœздœрты Азœ.

-2012-2013 ахуыры азы ахуыргæнæн чингуытæ, ахуырадон-методикон æрмæджы номхыгъды.

Программœ сфидар кодта Республикœ Цœгат Ирыстоны – Аланийы Иумœйаг œмœ профессионалон ахуырады министрад.

Ирон литерæтурæ. Хрестомати. 7кълас. Дзæуджыхъæу, 2010. Автортæ: Алдаттаты В., Гæздæрты А., Дзампарты З.


 Стандартты домæнтæм гæсгæ арæзт программæтæ æмæ ахуыртæ «филологи»-йæ хъуамæ арæзт уой ахæм уагыл.

Мадæлон литературæ:

1) чингуытæ кæсын æмæ литературæ ахуыр кæныны ахадындзинад адæймаджы миддунейы рæзтæн цы пайда сты, уый бамбарын; чингуытæ кæсыныл фæцалх кæнын,

2)  литературæ адæмы национ-культурон хæзна кæй у, адæмы цард хуыздæр бамбарыны фæрæз кæй у, уый æнкъарын;

3) мадæлон æвзагыл фыст хуыздæр уацмыстæ ахуыр кæныны фæрцы банкъарын кæнын мадæлон æвзаджы коммуникативон-эстетикон гæнæнтæ, мадæлон æвзаг адæмæн сæ химбарынады фæрæз кæй у, уый;

4) хъомыл кæнын:

а) хорз эстетикон æнкъарæнтæ кæмæ ис,

æ) фысгæ æмæ дзургæ ныхасы алыхуызон жанртæй пайда кæнгæйæ, хи хъуыдытæ раст æргом кæнынмæ чи арæхсы,

б) бакаст уацмыс равзарынмæ, уый фæдыл хи хъуыдытæ раргом кæнын чи зоны;

в) уæгъд рæстæг чингуытæ кæсынмæ чи тырны, ахæм чиныгкæсæджы;

5)  алыхуызон этнокультурон традицитæ цы аивадон уацмысы æвдыст цæуынц, уый раст æмбарыныл фæцалх кæнын;

6) амонын аивадон уацмысы структурон æмæ эстетикон æвзæрст.


Ирон литературæ ахуыр кæныны предметон фæстиуджытæ

Ирон литературæ ахуыр кæныны сæйрагдæр нысантæ сты:

ирон литературæйæ аивадон тексты бындурыл зонындзинæдтæ райсын; литературон уацмыс анализ кæнынмæ арæхстдзинад хуыздæр кæнын;

аивадон уацмыстæ кæсыны культурæ рæзын кæнын.

Уыимæ стыр нысаниуæг ис аивадон литературæйы фæрцы удварны хъомылады фарстатыл кусынæн, абоны рæстæгæн аргъ кæнын зонынæн; æгъдау, кад, намыс, патриотизм æмæ граждайнаг хæстæ цы сты, уый зонынæн; гуманон дунембарынад æмæ национ химбарынадæй хайджын кæнынæн; литературон уацмысы эстетикон æнкъарæнтæ æмбарынæн; ирон адæмы национ культурæйы сæйраг миниуджытæ литературон тексты агурынæн; ирон литературæйы нысаниуæг æмбарынæн, йæ бастдзинад æндæр адæмты литературæтимæ, культурæтимæ иртасынæн.

Стандарттæм гæсгæ скъоладзаутæ литературæйæ райсдзысты ахæм зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ:

-иумæйаг культурон-литературон арæхстдзинæдтæ: литературон уацмыс арф æнкъарын; ирон литературæйы бастдзинад æппæтдунеон литературæтимæ æмбарын; кæсыны культурæ бæрзонд кæнын; библиотекæйы, интернеты иформаци агурын зонын;

-царды зынаргъдæр цы хæзнатæ сты, уыдон иртасынмæ арæхсын: алыварсы дунемæ уарзон цæстæй кæсын; царды алы фæзындмæ хи цæстæнгас дарын; æмбарын литературæйы нысаниуæг адæймаджы удварны хъомылады; адæймаджы фауинаг миниуджытæм критикон цæстæнгасæй кæсын; литературон уацмысы агурын дзуæппытæ зæрдæагайæг фæрстытæн;

-кæсыны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ арæхстдзинад: литературон уацмысмæ сфæлдыстадон цæстæнгасæй кæсын; зæрдæмæ хæстæг темæтыл уацмыстæ æвзарын æмæ сæ кæсын; литературон уацмысы цы дуг æмæ культурæйы кой цæуы, уыдоны æдыл арæзт диалогон ныхасы архайын; уацмысы сæйраг персонажты миддунейæн æмæ архæйдтытæн аргъ кæнын зонын;

-ныхас кæнын; ныхасы стильтæй раст пайда кæнын зонын.

ахуыр кœнынц литературœйы истории. Ам œрмœг лœвœрд цœуы хронологион уагыл. Программœмœ хаст œрцыдысты ирон литературœйы ахъаззагдœр фœзындтœ œмœ зынгœ фысджыты уацмыстœ. Æвзœрст цœуынц, зонынадœн, идейон œмœ эстетикон хъомыладон цас ахъаз сты, уыцы принципмœ гœсгœ.

7-æм кълœсы программœ домы дарддœр дœр скъоладзауты кœсын œмœ дзурыныл ахуыр кœнын. Ахуырдзаутœ хъуамœ базоной текст œвзарын, йœ мидис рафœлгъауын œмœ йœ радзурын. Уыдонœн раттын хъœуы бœлвырд зонинœгтœ автор œмœ йе сфœлдыстады тыххœй. Лœмбынœг кœсын хъœуы йœ аивдзинады œууœлтœм. Уый сœраппонд, уацмыс œвзаргœйœ, амынд цœуынц хицœн терминтœ литературœйы теорийœ.

Ахуырдзаутœ хъуамœ базоной, аивадон ныв œмœ фœлгонц цы мадзœлттœй арœзт цœуынц, уыдон, хъуамœ иртасой нывœфтыд œвзаджы рœсугъддзинад œмœ йœ аивадон гœнœнтœ.. Скъоладзау хъуамœ базона уацмыс œмœ йœ архайджыты тыххœй йœ хъуыдытœ зœгъын, цаутœн аргъ кœнын, уыдон цардимœ бœттын.

7 къласы программæйы мидис.

Адæмон сфæлдыстады хуызтæ æмæ сæрмагонд спецификон æууæлтæ. Кадœг «Батрадз æмæ сохъыр уæйыг Æфсæрон фырт Алæф», «Сослан – тыхагур», « Фœндыр куыд фœзынди», «Кодзырты Таймураз» ,«Ларс œмœ Хуха», «Бœтœйы фырттœ»

Хетæгкаты Къоста 6с.

Нигер 2с.

Гæдиаты Секъа 3с

Тугъанты Батырбег 1с.

Мамсыраты Дæбе 3с.

Кочысаты Мухарбег 1с.

Булкъылты Алыкси 2с.

Плиты Грис 1с.

Хъодзаты Æхсар 1с.

Джыккайты Шамил 2с.

Гæдиаты Цомахъ 2с.

Хъуылаты Созырыхъо 2с.

Хъамбердиаты Мысост.1с.

Дзесты Куыдзæг.3с.

Фæрнион Къоста.3с.

Дзадтиаты Тотырбег.2с.

Гафез (Гаглойты Федыр).1с.

Хъайттаты Сергей2с.

Дзаболаты Хазби1с.

Тетцойты Таймураз.1с.

Хъайтыхъты Азæмæт 2с.

Хъодзаты Æхсар. 1с.

Дзасохты Музафер 3с.

Цæрукъаты Алыксандр.2с.

Малиты Васо. 1с.

Хаджеты Таймураз 1с.

Ходы Камал.1с.


Сœйраг домœнтœ 7 къласы ахуыргœнинœгты зонындзинœдтœ œмœ арœхстдзинœдтœм


Скъоладзаутœ хъуамœ зоной:

- цы уацмыс ахуыр кœнынц, уый текст, йœ мидис; йœ цаутœ œмœ сœ рœзт (сюжет); сœ хъайтарты, уыдоны œууœлтœ œмœ œмœ ахастытœ;

-дзырдаивады хуызтœ: фольклорœй – миф, кадœг, таурœгъ, аргъау, зарœг; литературœйœ – радзырд, поэмœ, драмœ, œмдзœвгœ; аивадон фœрœзтœй – юмор œмœ сатирœ, сурœт œмœ фœлгонц, строфа œмœ рифмœ, эпитет, метафорœ, абарст, фœсномыг ныхас (аллегории), символ.


Скъоладзаутœ хъуамœ арœхсой:

-алыхуызон тексттœ раст, аив œмœ рœвдз кœсынмœ;

-цы уацмыстœ сахуыр кодтой, уыдоны мидис радзурынмœ; фœрстытœн бœстон дзуапп дœттынмœ;

-уацмысы мидис равдисынœн пълан саразынмœ, уыцы пъланыл цыбыр сочинении ныффыссынмœ;

-персонажтœн характеристикœ дœтттынмœ;

-хибарœй ( фœсурокты) цы уацмыстœ бакастысты, уыдон мидис радзурынмœ, уыдон тыххœй йœхи хъуыды зœгъынмœ;

-дзырдуатœй œмœ хрестоматийы фиппаинœгтœй пайда кœнынмœ.


Уацмыстæ наизусть ахуыр кæнынмæ:

Чермены таурæгътæй иу.

Æмбисæндтæ.

Хетæгкаты Къоста. «А-лол-лай», «Мæгуыры зæрдæ», Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Лæскъдзæрæн» (скъуыддзаг).

Дарчиты Дауыт. «Гæмæт» (скъуыддзаг).

Илас Æрнигон. «Гъæйтт, цы фестут!»

Нигер. «Æз цагъайраг нæ дæн».

Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбæстæ».

Литерæтурæ:

  1. Джыккайты Ш. Ирон литературæйы истори (1917-1956). Ахуыргæнæн чиныг. – Дзæуджыхъæу, 2002.

  2. Ирон литературæ (1917-1956 азтæ). Хрестомати. 2-аг хай. – Дзæуджыхъæу, 1998.

  3. Джусойты Н. История осетинской литературы. Кн. 1-ая, 2-ая. – Тбилиси, 1985.

  4. Джикаев Ш. Осетинская литература. Краткий очерк. – Орджоникидзе, 1980.

  5. Джыккайты Ш. Нæ разагъды лæгтæ. Сфæлдыстадон портреттæ. – Дзæуджыхъæу, 2000.






Къалендарон- тематикон пълан ирон литературœйœ 7 къласœн.


Сæргонд

Урочы темæ.


сах

Æмбарынгæнинаг дзырдтæ

Фæстиуджытæ

Хœдзармœ куыст

Нымœц

1

Адæмон сфæлдыстады хуызтæ æмæ сæрмагонд спецификон æууæлтæ. Сæ ахъаз литературæйы рæзтæн.


1


Цы у фольклор

Зоной: текст, йœ мидис; йœ цаутœ œмœ сœ рœзт (сюжет); сœ хъайтарты, уыдоны œууœлтœ œмœ œмœ ахастытœ;

-дзырдаивады хуызтœ: фольклорœй – миф, кадœг, таурœгъ, аргъау, зарœг;

Арæхсой: - тексттœ раст, аив œмœ рœвдз кœсынмœ;

-дзырдаивады хуызтœ: литературœйœ – радзырд, поэмœ, драмœ, œмдзœвгœ; аивадон фœрœзтœй – юмор œмœ сатирœ, сурœт œмœ фœлгонц, строфа œмœ рифмœ, эпитет, метафорœ, абарст, 1фœсномыг ныхас (аллегории), символ.

фæлхат

02.09-б

07.09-а

2

Кадœг «Батрадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæрон фырт Алæф»- ы сœйраг хъуыды – адœмы намыс œмœ сœ бартœ хъахъхъœнын.

1

Эпос

Фарс3-6

07.09-а 09.09-б


3

Кадœг «Сослан – тыхагур»- хъуыды – тыхœвзарœгыл худын.

1


Кадæг

Фарс7-12

14.09-а 16.09-б


4

Презентаци. Фœндыр – адœмы фарн œмœ аивадон символ кадœг « Фœндыр куыд фœзынди» -йы.


1



Фарс12-18

21.09-а 23.09-б


5

«Кодзырты Таймураз» - ы адœм œмœ œлдœртты быцœу.

1

Историон таурæгъ

Фарс22-28

28.09-а 30.09-б


6

Презентаци : Хетæгкаты Къоста – поэт, рухстауœг, адœмы фœтœг. Адæмы царды нывтæ йæ уацмысты 1

адœмы фœтœг

Фарс58-60

05.10-а

07.10-б

7

Хœххон царды нывтœ «Мœгуыры зœрдœ» -йы.

Æрдзы нывтœ, сœ нысаниуœг «Всати» -йы.



1


Всати

Фарс60

12.10-а

14.10-б

8

Фырт œмœ фыды ахœстытœ «Ныфс» -ы.

«Хъуыбады» - йы мидис.

1




Хъуыбады


фарс62-66

19.10-а

21.10-б

9

«Ǣнæ хай»-йы мидис. Лирикон хъайтары бœллицтœ «Тœхуды» -йы.


1


Арæхсой: - тексттœ раст, аив œмœ рœвдз кœсынмœ;

- уацмысты мидис радзурынмœ; фœрстытœн бœстон дзуапп дœттынмœ;

-уацмысы мидис равдисынœн пълан саразынмœ, уыцы пъланыл цыбыр

Зоной: текст, йœ мидис; йœ цаутœ œмœ сœ рœзт (сюжет); сœ хъайтарты, уыдоны œууœлтœ œмœ œмœ ахастытœ;

-дзырдаивады хуызтœ: литературœйœ – радзырд, поэмœ, драмœ, œмдзœвгœ; аивадон фœрœзтœй – юмор œмœ сатирœ, сурœт œмœ фœлгонц, строфа œмœ рифмœ, эпитет, метафорœ, абарст, фœсномыг ныхас (аллегории), символ.

Арæхсой: - тексттœ раст, аив œмœ рœвдз кœсынмœ;

- уацмысты мидис радзурынмœ; фœрстытœн бœстон дзуапп дœттынмœ;

-уацмысы мидис равдисынœн пълан саразынмœ.


Фарс66

26.10-а

28.10-б

10

Презентаци. Гæдиаты Секъайы цард æмæ сфæлдыстад. Секъа- адæмон фыссæг


1


Фарс69-70

09.11-а

11.11-б

11

«Арагуийы ерыстау æлдар»-ы адœмы тох сœ бартыл.


1

хъалон

Фарс71-82

16.11-а

18.11-б

12

Презентации. Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстад. Арсен зианхæссæг æгъдæутты ныхмæ. Радзырд «Дадолты мæт» -ы мидис.

1

Юморы

Фарс99-110

23.11-а

25.11-б

13

Презентации. Гæдиаты Цомахъы цард æмæ сфæлдыстад. Зымæджы æмæ уалдзæджы символон мидис æмдзæвгæ «Фæндон»-ы.

1


Фарс120-121

30.11-а

02.12-б

14

Цикл «Ахæстоны фыстытæ»-йы иумœйаг идейон ахаст

1

Ахæстоны фыстытæ

Фарс122-126

07.12-а

09.12-б

15

Презентации. Нигеры цард æмæ сфæлдыстад. Поэмœ «Бадилон симд» - ы мидис

1

Бадилата

Фарс127-134

14.12-а

16.12-б

16

Хъуылаты Созырыхъо. «Тотрадзы зарæг» -ы хуымœтœджы лœджы сгуыхт..

Хœххон лœджы цард «Муссæйы скъола» - йы.Хицæн фæлтæрты ахаст ахуырадмæ.



1


Фарс135-152

21.12-а

23.12-б

17

Презентации. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг» -ы архайд œмœ цаутœ

1

Хорхæссæг

Фарс159-165

28.12-а

30.12-б

18

Тох царды сœрвœлтау œрдзы тыхтимœ.

Пейзажы ахадындзинад уацмысœн.

1


Фарс166-176


19

Мамсыраты Дæбе. Цауты историон рœстœг - «Цыт»- ы. Дыууæ хæдзары цæрды дыууæ уавæры æвдисæнтæ.



Фарс196-216


20

Презентации. Кочысаты Мухарбег. Хœст œмœ адœймаджы хъысмœт «Хъама», «Адæмы маст» -ы.

1


Фарс217-221


21

Презентации. Калоты Хазби. Поэты фœдзœхст «Фæстаг салам»- ы.



1



Фарс223-225


22

Дзаболаты Хазби. «Фашисттæ æхсынц Пушкины» ы генийы œнœмœлœт


1


Фарс231-233


23

Презентации. Плиты Грис.

Хœсты œвирхъау фœстиуджытœ «Мад» -ы.


1


Фарс234-235


24

Балладœ «Иунœджы кадœг» -ы фольклорон бындур



1

Æмдзæвгæйы композици.

Фарс236-241


25

Букъуылты Алыкси. Радзырд «Æвдадзы хос» -ы мидис.



1



Абарстытæ

Фарс242-250


26

Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирœд» -ы мидис. Сœйраг архайджыты зондахаст.


1

Поэмæ.

Зоной: текст, йœ мидис; йœ цаутœ œмœ сœ рœзт (сюжет); сœ хъайтарты, уыдоны œууœлтœ œмœ œмœ ахастытœ;

-дзырдаивады хуызтœ: литературœйœ – радзырд, поэмœ, драмœ, œмдзœвгœ; аивадон фœрœзтœй – юмор œмœ сатирœ, сурœт œмœ фœлгонц, строфа œмœ рифмœ, эпитет, метафорœ, абарст, фœсномыг ныхас (аллегории), символ.

Арæхсой: - тексттœ раст, аив œмœ рœвдз кœсынмœ;

- уацмысты мидис радзурынмœ.


Фарс255-260


27

Презентации. Хъайтыхъты Азæмæт Таурœгъ «Ус богал» -ы мидис .Зœхх – царды фœрœз.



1

Уацмысы æвзаг.

Фарс264-271


28

Хъодзаты Æхсар. Къостайы стыр куыст œмœ граждайнаг сгуыхт «Къостайы хœдзар» -ы.

1



Фарс277-280


29

Дзасохты Музафер

Зонд – œнамонды хос «Къостайы мидныхасы» -ы.

Радзырд «Бœхы цœссыгтœ» -йы мидис.



1




Фарс282-288


30

Малиты Васо.

Скифтœ – иры номдзыд фыдœлтœ «Скифтœ» - йы

1

Пейзаж лирикæйы.

Фарс290-293


31

Джыккайты Шамил.

Презентаци. Поэмœ «Мад» -ы мидис.

Сосланы хœстон сгуыхтытœ «Дауыт Сосланы хъынцъым» -ы.



1


Пейзаж.

Фарс294-300


32

Хаджеты Таймураз Презентации. Хœххон œрдзы нывтœ «Мœ рох къуым» -ы.

1



Фарс304-306


33

Рацыд æрмæг рафæлхат кæнын


1


рафæлхат


34

Рацыд æрмæг рафæлхат кæнын


1


рафæлхат




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Литература

Категория: Планирование

Целевая аудитория: 7 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА по осетинской литературе для 7 - класса

Автор: Гогичева Дзерасса Сардионовна

Дата: 06.12.2017

Номер свидетельства: 442653

Похожие файлы

object(ArrayObject)#851 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(93) "Рабочая программа по осетинской литературе 2 класс"
    ["seo_title"] => string(56) "rabochaia_proghramma_po_osietinskoi_litieraturie_2_klass"
    ["file_id"] => string(6) "447722"
    ["category_seo"] => string(16) "nachalniyeKlassi"
    ["subcategory_seo"] => string(12) "planirovanie"
    ["date"] => string(10) "1514999778"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства