«Коста – замечательный сын осетинского народа, гордость Осетии и всего советского народа». (М. Шолохов).
Просмотр содержимого документа
«Викторинæ: «Куыд зонын Къостайы цард æмæ сфæлдыстад».»
Викторинæ:
«Куыд зонын Къостайы цард æмæ сфæлдыстад».
1. Чи загъта ацы ныхастæ:
- «Къоста у ирон адæмы Леонардо да Винчи».
(«Коста – Леонардо да Винчи осетинского народа». А. Фадеев).
- «Коста – замечательный сын осетинского народа, гордость Осетии и всего советского народа». (М. Шолохов).
- «Ирон адæмы номдзыд хъæбул – Къостайы обрæз кæддæриддæр лæууыдис мæ размæ, куыд маяк, æмæ æз цыдтæн уымæ æнæрынцойæ». (Тугъанты М.).
- «Иры зæххæй никуыма рантыст Къостайæ нæртондæн лæг. Къоста у нæ Иры фарн, нæ адæмы кад æмæ намыс».
(Джыккайты Ш.)
2. Кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста?
3. Мады бæсты йын чи уыдис йæ сывæллоны бонты?
4. Къостайы мады ном куыд хуындис?
5. Кæм ахуыр кодта Къоста?
(Нары райдиан скъолайы, Дзауджыхъæуы прогимназы,
Каланжинскы училищæйы, Стъараполы гимназы, Бетъырбухы аивæдты академийы).
6. Дыууадæсаздзыдæй Къостайы нывтæ æппæты фыццаг авдыст кæм æрцыдысты?
(1877 азы Мæскуыйы – Всероссийская выставка работ учащихся средних учебных заведений. Баххуыс ын кодта хъуыстгонд нывгæнæг Верещагин).
7. Къостайы конд нывтай цавæртæ зонут?
8. Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» мыхуыры кæд рацыд?
(1899азы).
9. Фыццаг цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы Къостайæн кæд арæзт æрцыд æмæ йыл цы фыст ис?
(6 января 1955 г. «Основоположнику осетинской литературы К. Хетагурову. 1859-1906 гг. От правительства Советского союза. Скульптор С. Тавасиев).
10. Чи уыдис Хъуыбады?
11. Къоста йæ кæцы æмдзæвгæйы сидтис адæмы иудзинадмæ, сæрибар цардмæ?
12. Ныффыссын 5-6 хъуыдыйады (цыбыр нывæцæн) «Къоста – Ирыстоны номдзыд лæг».