Викторинæ
« Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад»
1.«Лæппу, уæддæр цы уыдзынæ,цы?»Чи фарста афтæ Къостайы, цæмæн?
2. Къоста сидзæрæй куы баззад,уæд æй чи хъомыл кодта?
3. Кæм ахуыр кодта Къоста Дзæуджыхъæуы прогимназы фæстæ?
4. Бетъырбухы аивæдты академийы фæстæ Ирыстонмæ ссæугæйæ, Къоста йе΄нкъарæнтæ цавæр æмдзæвгæйы равдыста?
5. Къостайæн йæ кæцы æмдзæвгæ фæхонæм ирон адæмы гимн?
6. Цал хатты æмæ кæдæм уыд хаст Къоста Ирыстонæй?
7. Стъараполы гимназы Къостайæн чи амыдта ныв кæнын?
8. Къостайы басня «Марходарæджы» ис ахæм рæнхъытæ:
«Амар æй фæлтау фырнадæй,
Акъах ын йæ цæст,
Фесаф æй бынтон æгадæй,
Бафсад æй æрмæст!»
Кæй кой кæны поэт ацы рæнхъыты?
9. Æмдзæвгæ «Сидзæргæсы» сывæллæтты фыд куыд фæмард?
10. Цы фыхта йæ сидзæртæн мад цуайнаджы?
11. Цæмæй сарт кодта сидзæргæс?
12. Цавæр æрдзы нывтæй пайда кæны Къоста сидзæрты мæгуыр уавæр равдисыны тыххæй?
13. Къоста йе΄мдзæвгæ схуыдта «Марходарæг». Цы у мархо æмæ кæй хонæм марходарæг?
14. Кæй уарзта Къоста? Куыд хуындысты чызджытæн сæ нæмттæ?
15. Кæй ном ссардта Къоста йæ поэмæ «Фатимæйы»?
16. Куыд хуыйны Къостайы ирон æмдзæвгæты чиныг?
17. Цал чиныджы рацыди Къостайæн мыхуыры йæ удæгасæй?
18. Кæцы аз ацыд Къоста Бетъырбухмæ ахуыр кæнынмæ?
19. Кæцы азы сыздæхт Къоста Бетъырбухæй фæстæмæ Ирыстонмæ?
20. Ранымайут Къостайы нывтӕй иу 5-6 нӕмттӕ.
21. Цæмæн схуыдта номдзыд уырыссаг фыссæг А.Фадеев Къостайы «Леонардо Да Винчи осетинского народа»?
22. Цæимæ абарста Къостайы Абайты Васо?
23. Цавӕр ӕмдзӕвгӕйы ӕмӕ кӕй тыххӕй фыста Къоста:
Бӕгънӕг, бӕгъӕввад,
Ӕстонг, уысмӕн над
Хуыцауырӕстӕй.
Цъыфӕй ныррӕсыд,
Хӕфсытӕ уасыд
Йӕ къахы скъуыдтӕй…
24. Куыд хуынди ӕмӕ кӕмӕй уыди Къостайы мады мыггаг?
25. Кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут Къостайы ныхӕстӕ:
Я счастия не знал, но я готов свободу,
Которой я привык, как счастьем, дорожить,
Отдать …
26. Цавӕр текст-аивгӕнӕн мадзалӕй спайда кодта Къоста йе΄мдзӕвгӕ «Лӕскъдзӕрӕн»-ы,уӕйыджы фӕлгонц ӕвдисгӕйӕ?
27. Ранымайут иу- 5 ӕмдзӕвгӕйы, Къоста сывӕллӕттӕн кӕй ныффыста, уыдонӕй.
28. Цавӕр текст-аивгӕнӕн мадзалӕй спайда кодта Къоста
йе΄мдзӕвгӕ «Мӕгуыры зӕрдӕ»-йы?/Ӕрхӕссут дӕнцӕгтӕ/.
29. Ранымайут, Къостайы ном Ирыстоны цавӕр культурон ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ хӕссынц?
30. Кӕм ныгӕд у Ирыстоны уарзондӕр поэт?
31. Къостайы фæстаг фæдзæхст йæ адæмæн?
32. Куыд скадджын кодта «ЮНЕСКО»-йы штаб-квартира Къостайы ном?