kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Прозаикон текстыл куыст

Нажмите, чтобы узнать подробности

Дзесты Куыдзæджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы текстыл куыст 11 - ӕм къласы.

Ирон адӕмӕн фыдӕлтӕй хорзӕй цы баззад, уыдон сты ирон ӕвзаг, ӕгъдау

ӕмӕ ирон фарн. Ӕртӕ дӕр стыр ахъаз сты нӕ царды, фӕлӕ уӕддӕр сӕйрагдӕр

ӕвзаг.

«Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ирӕттӕ арф банкъарой сӕхи культурӕйы ӕмӕ сӕхи ӕвзаджы хъӕугӕдзинад, уӕле лӕвӕрд сын кӕй сты, ӕмӕ ахӕм лӕвар алкӕмӕ кӕй нӕй. Ӕрмӕст ирӕттӕм ис уый, ӕндӕр никӕцы адӕммӕ! Ӕрмӕст уыдоны къухы ис ацы ӕвзаджы хъысмӕт. Ӕмӕ тынг хорз уаид, цӕмӕй ирон ӕвзаджы зӕл Зӕххыл макуы

ахуысса, уый бакӕнын сӕ бон куы бауаид», - фыссы немыцаг ахуыргонд, лингвистон наукӕты доктор Михаэль Йоб.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Прозаикон текстыл куыст»

Дзебысаты Зарæ


Республикæйы ирон æвзаджы ахуыргæнджыты семинар.

14-æм астæуккаг скъола.

Мастер-класс.


Дзесты Куыдзæджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы текстыл куыст 11 - ӕм къласы.



Ирон адӕмӕн фыдӕлтӕй хорзӕй цы баззад, уыдон сты ирон ӕвзаг, ӕгъдау

ӕмӕ ирон фарн. Ӕртӕ дӕр стыр ахъаз сты нӕ царды, фӕлӕ уӕддӕр сӕйрагдӕр

ӕвзаг.

«Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ирӕттӕ арф банкъарой сӕхи культурӕйы ӕмӕ сӕхи ӕвзаджы хъӕугӕдзинад, уӕле лӕвӕрд сын кӕй сты, ӕмӕ ахӕм лӕвар алкӕмӕ кӕй нӕй. Ӕрмӕст ирӕттӕм ис уый, ӕндӕр никӕцы адӕммӕ! Ӕрмӕст уыдоны къухы ис ацы ӕвзаджы хъысмӕт. Ӕмӕ тынг хорз уаид, цӕмӕй ирон ӕвзаджы зӕл Зӕххыл макуы

ахуысса, уый бакӕнын сӕ бон куы бауаид», - фыссы немыцаг ахуыргонд, лингвистон наукӕты доктор Михаэль Йоб.

Цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр уарзой ӕмӕ хъуыды кӕной ирон ӕвзаджы хъысмӕтыл,йӕ дарддӕры рӕзтыл, уый тыххӕй скъолайы мадӕлон ӕвзаджы уроктӕ аразын хьӕуы сфœлдыстадон хуызы.

Ирон литературӕйы урокты, аивадон уацмыс ахуыр кӕнгӕйӕ, стыр бынат ахсы скьоладзауты литературой уацмысы текст анализ кӕныныл фӕлтӕрын.

«Литературӕйы урочы ӕппӕты бӕрзонддӕр этапыл нымад у уацмыс анализ кӕнын. Уыцы куыст цас дӕсны конд цӕуа, уымӕй аразгӕ у скъоладзауты литературœйы культурӕ» -амоны Тлаттаты Аннӕ. Аивадон уацмыс ӕвзаргӕйӕ бӕрзонддӕр кœны скъоладзауты активондзинад, тыхджындӕр кӕны сӕ уарзондзинад мадӕлон ӕвзагмӕ.

Прозаикон текст анализ кӕныны размӕ, методикӕмӕ гӕсгӕ, литературӕйы урочы стыр нысаниуӕг ис ахуыргӕнӕджы разныхасӕн. Ахуыргӕнӕг базонгӕ кӕны ахуырдзауты, сӕ кармӕ гӕсгӕ, фыссœджы биографийӕ хъӕугӕ ӕрмӕгимӕ, радзуры адӕмы царды уавӕрты ӕмӕ уацмысы фӕзынды историйы тыххӕй, кӕнӕ скӕны хъӕугӕ историон комментаритӕ.

«Уацмысы ныхас цы рӕстӕгыл цӕуы, цы бӕлвырд историон конфликттӕ ӕмӕ дзы уавӕртӕ ӕрцыди ӕвдыст, уыдон мацӕмӕ ‘рдар, уӕд нӕдӕр литературон геройӕн ис бамбарӕн, нӕдӕр идейон мидисыл ис арф хъуыды кӕнӕн», - амоны методист Г.И.Беленький. Зӕгъӕм, иуӕндӕсӕм къласы Булкъаты Михалы роман «Теркӕй Туркмӕ» ахуыр кӕныны размӕ скъоладзауты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын хъӕуы, нӕ фыдӕлты царды цы стыр национ трагеди ӕрцыд, уый. Кӕнӕ Брытъиаты Е. драмӕ «Хазби» анализ кӕныны размӕ скъоладзауты базонгӕ кӕнын, Ирыстон Уӕрӕсеимӕ цӕмӕн баиу ӕмӕ цавӕр уыдысты йӕ фӕстиуджытӕ, уыцы историон цаутимӕ.

Ахœм разныхасы фӕстӕ скъоладзаутӕ цӕттӕ уыдзысты литературон уацмысы темӕ ӕмӕ идейӕ арфдӕр бамбарынмӕ, фœ-хъӕздыгдӕр уыдзысты сӕ эстетикон ӕнкъарӕнтӕ, рӕзы сӕ цымыдисдзинад предметмӕ дӕр.

Уырыссаг методикœйы литературон уацмыс анализ кӕнынӕн ис ӕртӕ сӕйраг фӕрӕзы: авторы фӕстӕ, фӕлгонцтӕм гӕсгӕ, проблемон анализ.

Фыццаг методикон анализӕй пайда кӕнӕм 4-5 кълӕсты, уымӕн ӕмӕ ацы кары скъоладзаутӕн аивадон уацмысы цымыдисагдӕр вӕййынц тексты цаутӕ.

Авторы фӕстӕ тексты иу цау иннӕйы фӕдыл куы ӕвзарой, уӕд сын уый фадат дӕтты фыссӕджы хьуыдытӕ хуыздӕр бамбарынӕн. 6-œм кьласы фӕлгонцты характеристикӕйыл куыст фӕуӕрӕхдӕр вæййы.

Архайын хъӕуы ууыл, цӕмӕй ахуырдзаугӕ базоной уацмысы геройтӕн аргъ кӕнын, цӕмӕй сӕм фӕзына сӕхи сœрмагонд цæстæнгас.

Хистӕр кълӕсты ахуырадон ӕмӕ хъомыладон куысты стыр ӕххуыс кœцытœ фӕуыдзысты, ахӕм литературон уацмыстӕ дзӕвгар ис. Уыдонӕй иу у Дэесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи». Ис 11-ӕм къласы программӕйы. Фыссӕджы сфӕл-дыстад ӕмӕ йӕ уацау ахуыр кӕнынӕн цы ӕртӕ сахаты лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕй ӕртыккаджы анализ кӕнӕм текст.

Урочы темӕ: Фӕрнджын адӕймаджы миниуджытӕ Дзесты К. уацау«Фӕндагсар Уастырджи» - йы.

Методикӕйы домӕнмӕ гӕсгӕ, литературон уацмыс цӕмӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуа, уый тыххӕй ахуыргӕнинӕгтӕ текст хъуамӕ зоной хорз. Уымӕ гӕсгӕ уацауы мидисимӕ, архайд кӕм ӕмӕ кӕцы рӕстӕг цӕуы, уыцы комментаритимӕ, стӕй зынӕмбарӕн дзырдтимӕ базонгӕ сты раззаг урочы.

Текст анализ кӕныны рӕстӕг урочы райдианы хорз у нӕ фысджыты ӕмӕ литературон критикты мидисджын ныхӕстӕ ӕрхӕссын фыссœджы сфӕлдыстадон куысты тыххӕй.

Дзугаты Георы ныхӕстӕ фыст сты фӕйнӕгыл: «Куыдзӕджы хуызӕн рӕсугъд ӕмӕ тыхджын курдиат, уый хуызӕн лӕгуарзон ӕмӕ ӕппӕтӕй аив адӕймаг куы райгуыры, уӕд ӕгас дзыллӕйӕн дӕр арфӕйы ӕмӕ фарны хъуыддаг у». Скъоладзау дзуры Нигеры ныхӕстӕ: «Нӕ фыс-сӕгӕн йе стырдӕр миниуджытӕй иу у уый, ӕмӕ тынг хорз зоны ирон адӕмы цард».

Дыккаг скъоладзау кӕсы Джыккайты Ш.ныхӕстӕ: «Йӕ сӕйраг хъайтар у фӕллойгӕнӕг адӕм, царды ӕцӕгдзинад. Йӕ уацмыстӕ кӕс-гӕйӕ мах базонӕм ног адӕймӕгты, фӕлӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, бынтон афтӕ нӕу. Афтӕ нӕм фӕкӕсы цыма сыл ӕрвылбон фембӕлӕм, сты нӕ алыварс».

Дарддӕр фарстон - дзуаппон беседӕйы руаджы скъоладзаутӕ базыдтой, чи сты сӕйраг архайджытӕ, кӕцӕй ӕмӕ цӕй аххосӕй

ӕрбафтыдысты Ӕхсӕйнаг хъӕумӕ. Ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй скъоладзаутӕ агурынц ӕмӕ кӕсынц текстӕй ахӕм бынӕттӕ, кӕцытӕ

сӕ ӕркӕнынц мӕнӕ ацы хатдзӕгмӕ: Дзаххо ӕмӕ Дзиттайы кӕд цард бафхӕрдта, уӕддӕр сӕ ӕнӕхин фӕллойы фӕрцы ног царды фӕн-дагыл ӕрлӕууыдысты. Сӕ хъуыдытӕ бафидар кӕнынц ӕмбисондӕй: «Хъӕддых фӕллой алцӕуыл дӕр уӕлахиз кӕны».

Урочы скъоладзауты эмоционалон ӕнкъарӕнтӕ фӕтыхджын-

дӕр кӕныны фӕрӕзтӕй иу у скъоладзаутӕн сӕхи хъӕппӕрисӕй равдисын сценикон ныв.

Уый фӕрцы скъоладзаутӕ ӕнцондӕрӕй ӕмӕ хуыздӕр бамбардзысты авторы хъуыды, сӕйраг архайджыты миддуне,сœ цӕстытыл ауайдзӕн рагзаманты цардыуаг. Скъоладзаутимӕ бацӕт-тӕ кӕнын ӕмбӕлы Дзаххойы ныхас сидзӕргӕс Дзиттаимӕ 3 - аг

сӕргондӕй.

Ацы ран ахъуыды кӕнын ӕмбӕлы Дзаххойы фӕстаг ныхӕстыл.

Уымӕ гӕсгӕ ахуырдзаутӕм дӕттӕм фарст:

- Дзаххо цӕмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы: «Абонӕй фӕстӕмӕ искӕмӕн хӕрзиуӕг ракœнын куы уа мӕ зӕрды, уӕд - иу раздӕр ахъуыды кӕндзынӕн уавӕрыл: дӕ хӕрзиуӕг уыцы адӕймагӕн йӕ ном, йӕ кад ӕмӕ йӕ кой истӕмӕй къӕмдзӕстыг кӕнынц ӕви нӕ?» Сӕ хьуыдытӕ дзургӕйӕ

скӕндзысты хатдзӕгтӕ, зӕгъгӕ, ирон адӕймаджы зондахасты нӕ фыдӕлтӕй райдай ӕмӕ абоны онг кадмӕ бӕллын, худинагӕй тӕрсын цӕуынц фӕрсӕй - фӕрстӕм.

Ахуыргӕнӕг та уыцы хъуыды бафидар кӕндзӕн Джыккайты Шамилы ныхӕстӕй: «Бирӕ цардивӕнты фесты ирон адӕм историйы фӕндӕгтыл, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ никуы аивтой сӕ фарны уидӕгтыл, намыс, уӕздандзинадыл Уыцы моралон хӕрзтӕ сӕ царды уыдысты фӕтк ӕмӕ традици».

Скъоладзаутӕ дарддӕр дзурынц Дзаххойы фӕзминаг миниуджыты тыххӕй, аргъ ын кӕнынц йӕ уӕздан митӕн, уыцы иу рӕстӕг тексты ӕвзаг анализ кӕнгӕйӕ. Пайда кӕнынц ахӕм

ӕмбисӕндтӕй:

Уӕздан ахастӕй цы рамбулай, уый дӕрзӕгӕй нӕ рамбулдзынӕ.

Уӕздандзинадӕн ӕлхӕнӕн нӕй, фӕлӕ йӕ хӕрзиуӕгӕй мах зӕрдӕтӕ балхӕны.

Адӕймагӕн йӕ уӕздандзинад йӕхицӕй бӕрзонддӕр.

Текст анализ кӕнгӕйӕ архайын хъӕуы ууыл, цӕмӕй скьоладзаутӕ тырной сœхи цӕстӕнгас дзурыныл.

Уацауӕй хицӕн бынӕттӕ кӕсгӕйӕ, скъуыддзӕгтӕ хи ныхӕстӕй дзургӕйӕ бафиппайынц, Дзаххо тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг кӕй у.

Ацы ран та спайда кӕнын ӕмбӕлы Хостыхьоты Зинӕйы ӕмдзӕвгӕйӕ ахӕм рӕнхъытӕ:

«Ды ма рох кӕн, лӕг намысджын цӕмӕй у,- кӕйдӕр мастыл дӕхи мастау дзыназ...»

Ацы рӕнхъыты мидис ӕвзаргӕйӕ, скъоладзауты хъӕуы баууӕндын кӕнын, зӕгъгӕ, искӕйы мастыл зӕрдиагӕй тыхсын, ӕххуысхъуаг адӕймагмӕ фӕкӕсын, уый намысы, кады ӕмӕ лӕгдзинады ӕвдисӕн кӕй у.

Скъоладзауты дисы бафтауы Дзаххойы бинойнаг Дзиттайы рӕ-даудзинад цы ӕмӕ уый фӕдыл сӕ хъуыдытӕ дзурынц.

Аивадон уацмыс ӕвзаргӕйӕ кусӕм скъоладзауты хъуыды кœнынад рӕзыныл. Тексты агурынц ахӕм скъуыддзаг: «Фӕизӕрмилтӕ, афтӕ...»

Кӕсы скъоладзау. Ахуыргӕнӕг дӕтты фарст:

- Фыссӕг цавӕр ирон ӕгъдау равдыста ацы архайды?

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц ӕмӕ ма сӕ хъуыдытӕ бафидар

кӕнынц ахӕм ӕмбисӕндтӕй:

Нартӕн сӕ арм арм уыди, сӕ рард та кад уыди.

Уазӕджы фарн ӕфсымӕры фарнӕй къаддӕр нӕу.

Дарддӕр урокы цӕуы иллюстрацитимӕ куыст.

Скъоладзаутӕ уацауы мидис кӕй зонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕнынц, уацауӕй цавӕр архайд ӕвдыст цӕуы нывы, уый. Нывмӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕ дзурынц, Дзаххо бӕлццӕтты куыд

фервӕзын кодта. уый. Ацы ран ма иртасынц, цӕмӕ гӕсгӕ

фенхъӕлдтой бӕлццӕттӕ Дзаххойы Лӕгты дзуар, цӕмӕн абарста автор йӕ сӕйраг геройы фӕндаджы бардуагимœ.Сбӕрӕг кӕнынц, уацауы ном сӕйраг идейӕмӕ баст кӕй у.

Иннӕ нывимӕ куыст рауайы ноджы цымыдисагдӕр. Скъоладзаутӕ ӕхсызгонӕй дзурынц, Дзаххо ӕмӕ Дзиттайы сӕ иунӕг хъӕбул куыд ссардта ӕмӕ сӕ фыццаг фембӕлд куыд рауад, уый тыххӕй.

Ахуырдзаутӕ ӕнцонӕй базонынц, ацы ныв радзырды иуӕндӕсӕймаг сӕргонд «Фӕрнджын адӕймаг ӕнамонд, никуы вӕййы»-мӕ

арӕзт кӕй у.

Дзурынц сӕ хъуыдытӕ, цӕмӕн ӕмӕ цавӕр миниуджытӕм гӕсгӕ рахуыдта автор Дзаххойы фӕрнджын адӕймаг.

Уый фӕстӕ ахуыргӕнӕг кӕсы, ӕвзагзонынады дӕсны Гӕбӕраты Никъала дзырд фарны нысаниуӕг куыд амоны, уый.

Хъуыдытыл ӕфтауӕг сты уацауы кӕрон фӕстаг абзацы рӕнхъытӕ:

«Кӕд дыл, мыййаг, баталынг уа, уӕд-иу бахсӕвиуат кӕн ӕфцӕджы бынмӕ ӕввахс Дзаххойы къаннӕг хӕдзары. Ныртӕккӕ дзы цӕрӕг нал ис, фӕлӕ йӕ хицауы ном, йе фсины фарн ӕмӕ фӕлмӕн лыстӕн уым сты».

Ацы рӕнхъытӕм байхъусгӕйӕ, скьоладзаутӕ ӕрцӕуынц ахӕм хатдзӕгмӕ: нӕй сӕфӕн хорз ном ӕмӕ кады хъуыддӕгтӕн.

Скьоладзауты хьуыдытӕ баххӕст кӕндзысты, урокмӕ эпиграфӕн цы рӕнхъытӕ фыст сты фӕйнӕгыл, уыдон:

«Рӕсугьд зӕрдӕ нӕ амӕлы, зӕгъынц,

Уый фесты ном, дунейы фарныл бафты».

(Хостыхъоты Зинӕ).

Дарддӕр скъоладзаутимӕ ныхас цӕуы, абон Ирыстоны нӕ алыварс цы номдзыд фарнхӕссӕг адӕймӕгтӕ цӕры, уыдоны кадджын хъуыддӕгты ӕмӕ сгуыхтдзинӕдты фӕдыл.

Литературӕйы урокты ахсджиагдӕр хӕстӕй иу у ахуыргӕнӕджы хатдзӕг.

Уый руаджы скъоладзауты зонындзинӕдтӕ ноджы

фӕбӕлвырддӕр вӕййынц, гуырысхойаг сын ницыуал вӕййы.

Уымӕ гӕсгӕ ацы урочы кӕрон дӕр скъоладзаутӕ

ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй кӕнынц иумӕйаг хатдзӕгтӕ.

Хӕдзармӕ куысты хӕс уыдзӕн ахӕм: Ныффыссын уац «Фарны лӕг - - фарнхӕссӕг».

Куыд федтам, афтӕмӕй Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» ахуыргӕнӕгӕн фадат дӕтты литературӕйы урок

сфӕлдыстадон хуызы аразынӕн. Бирӕ ӕрмӕг дзы ис скьоладзауты идейон, фӕллойадон, эстетикон ӕмӕ хӕрзуаг уӕвыны хъомыладон фарстатӕ сӕххӕст кӕнынӕн.



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Прозаикон текстыл куыст

Автор: Дзебисова Заира Филипповна

Дата: 06.11.2016

Номер свидетельства: 355941


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства