kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Очаг и его место у осетин.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый урок по осетинскому языку и литературе на тему "Очаг и его место у осетин". Данный урок будет полезен учителям осетинского языка и литературы. Материал и виды работ используемые на уроке разнообразны и интересны детям. Тема урока очень актуальна. Урок был проведен на городском семинаре учителей родного языка.  

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Очаг и его место у осетин. »

Тема: Къона æмæ артдзæст.


Урочы нысан: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Ног æрмæгмæ

Рахизын.

Урочы фæлгонц: Техникон фæрæзтæ,компьютер, (слайдты равдыст).


Урочы цыд: Организацион хай.

Абон сывæллæттæ махæн нæ хæс у нæфыдæлты æгъдæуттыл лæмбынæгдæр æрдзурын. Уцы æгъдæуттæ махæн сты нæ хæзна, нæ ирон адæмы алæмæты цæхæртæ, кæцыты ныридæгæн рохуаты аззайынц.


Нæ урочы эпиграф: Фæнды ирон уай, кæнæ уай уырыссаг,-

Хæлар афтæмæй фидауы дæфынг,

Дæ фынг дын хъуамæ дард фæнд мыса,-

Куы дыл ныккæлой уады зæйтæ тынг.

Дæ хъарм къонайы норст цæхæр куы хуысса,

Уæд æм ыскъæфдзæн алчидæр йæ зынг.

Мыртазты Б.


Слайдты равдыст: Сывæллæттæ,æркæсæм мамæнæ ацы нывмæ.Уæ зæрдыл цы ’рлæууыд? Цавæр æнкъарæнтæ уæм фæзынд?


Сколадзаутæ дзуапп дæттынц: Уый у ирон зæхбын биноныг хæдзар…


Куыд зонæм афтæмæй ирон хæдзар дих кодта дыууæ хайыл.


Фарст: Чи зæгъдзæн, цавæр хайыл дих кодта æмæ цæмæн?

Галиуæрдыгæй уыд сылгоймгæгты хай, рахизæрдыгæй та нæлгоймæгты хай хурыскæсæны ’рдыгæй.Æркæсæм мАа мæнæ ацы нывмæ. Уым æцæгдæр бæрæг у хæдзар куы дихгонд цæуы уый. Уæдæ нæ зæрдыл æрлæууын кодтам ирон хæдзар Ирон хæдзары æппты ахсджиагдæр бынат ахсы артдзæст.Нæ рагфыдæлтæы астæуартæн сæрмагонд уавæрты уыд бæрæг æгъдау.

Артдзæсты бын æвæрдтой фидар къæйдуртъй арæзт, æмдымбылæй æртæ дæлтъуры æмæ бадæнт.Астæуартæн йæ фæздæгдзон кæддæриддæр уыд йæ сæрмæ, æмæ йæ хуыдтой ердо. Куыдфæстагмæ астæуыккаг æнусты дæргъы – астæуартæн йæ бынат сси цæрæнхæдзары хурыскæсæн фарс ,сылгоймæгты æрдæджы къулрæбын. Уыцы къкъулы мидæг амадтой тохына даргъ æмæ уæрæх фæздæгдзон.Уымæй уæлдай ма къонайы мидæг уыдис ахæм æвæрæнтæ гайла – уидгуытæ тæбæгътæ æвæрæн; къуск – уым æвæрд уыд хостæ, кæрдæджытæ,топпыхос æмæ æнд. Къуту – æхсæрыйы уистæй быд чыргъæд.


ДЗЫРДУАТОН КУЫСТ.

Уæдæ мах базыдтам бирæ ног дзырдтæ, уæхимæ мА сæ фæбæрæг кæнут. Ердо – фæздæгдзон

Тохына – фæздæгдзон

Къуск, къуту, гайла, арæзт уыдысты къонайы мидæг,къулы хуылфы.


Артдзæсты дзаумæттæ ма хуыдтой

Зынгисæн

Æртыскæн

Цæхæрхафæн

Кæрдзын фæлдахæн хъæдын фыййаг.


Сывæллæттæ, æркæсæм мА мæнæ ацы нывмæ.

Фарст: Цы ма уынæм нывы?


Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц: тъахтин, æрмгуырой, дурын, сивыр, куысси…


Рагзаманты адæм цардысты бирæ бинонтæй, сæ нымæц хæццæ кодта 60 адæймаджы онг.Фæлæ уæддæр бинонты æгъдау æвæрд уыд хъæугæ пъланыл. Æмбисондæн баззад: ”Чындз йæ тиумæ куыд уайсады,тиу дæр афтæ.” Ома хъæрныхас ничи кодтабинонты æхсæн.

Нывмæ ма æркæсæм. Къонайы астæу æвæрдтой астæуцæджындз – йæ сæрмæ та цыд аххæрæг, кæцы æххуыс уыд хæдзары фидардзинадæн.Уыцы астæуцæджындзæн йæ бон алкæмæн æвæрæн нæ уыд. Æмæиу сыхаг хистæр лæгты æххуысæй кæрæдзийæн æххуыс кодтой.


Хъомыладон хæс:

Нывы мах уынæм, сывæллон йæхи ирхæфсы, кæсы чиныджыартдзæсты цур. Уый бæрæгкæны, уый æмæ нæхистæртæ сæ кæстæры гыццылæй нырмæ хъомыл кодтой хъазгъ худгæйæ, ирон æгъдæуттæ амонгæйæ.

Дарддæр уынæм, къутуйы сæр бады гæды æмæ йæ зæрдæ æхсайы фиумæ. Ам та зæрдыл æрлæууы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ ”Марходарæг”:


Йе стонгæн бæргæ ис царды

Иу нæртоны хос,

Фæлæ йæм фæндаг нæ ары

Аскъуыйа йæ бос!-



Мах лæмбынæгдæр æрдзурæм артдзæстыл. Артдзæстæй уæлдай ма ахсджиаг æмæ табуйаг уыд рæхыс. Рæхыс ауыгъд уыд артдзæсты сæрмæ, рæхысыл та ауыгъд уыд æфсæйнаг дзæдангар, хæринаг кæнынæн. Астæурæхыс хуыдтой зæронд лæгтæ Сафайы рæхыс

Сылгоймæгтæн та уыд æнæфæтджиаг æмæ йæм йæ номæй нæ дзырдтой, хуыдтой йæ Сыгъдæг рæхыс, Фарны рæхыс. Уыцы рæхысмæ чътзи къухæй ничи æвнæлдта,йæ цуры хъæр ныхас, æвзæр ныхæстæ ничи кодтæа.

- Рæхысы уыйбæрц тыхтæ уыд,æмæ алы адæймаджы удыхъæд дæр зыдта. Æвзæр митæ нæборста,Ахæм адæмыл æфтыдта низ, уæлдайдæр та сывæллæттыл æфтыдта буары низтæ.

Цины хъуыддаджы уæлдайдæр чындзæхсæвы рæстæджы, чындзы кодтой артдзæстмæ. Чындз иу æртæхатты æрзылд йæ алыварс,æмæ иу куывтой, цæмæй бинойнагыл æрцæуа. Ахæм æгъдау ма федтонæрæджы Куырттаты комы Дзывгъисы бын и сиу зæронд ирон зæхбын биноныг хæдзары Сафайы рæхыс.Уырдæм бакодтой ног чындзы æмæ куыд æмбæлы афтæ чындзæн йе ’гъдау скодтой, рæхысæй йын йæ ных асæрфтой.

Сафамъ ма куывтой цæмæ фервæзын кæнатыхджын къæвдатæй. Сафайы рæхысы цур ард хордтой рахис къухæй хæцгæйæ рæхысыл.

Сывæллæттæ нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Нарты кадджытæй ” Фæндыр куыд фæзынд” уыцы хабар.

Цæй кой дзы цæуы ацы кадæджы? (радзурын цыбыртæй).

Хетæгкаты Къостайы чырыны уæхъус йæ хо Олгъайы уæхсджытыл ис æвæрд рæхыс. Уый бæрæг кæны,нæлгоймаг хæдзары куы амæлы,уæд уый.Омаммæ къона фехæлд.


Арфæйы ныхæстæ.

  1. Дæ бындур фидар уæд.

  2. Дæ хæдзар фæрнджын уæд.

  3. Фарн ацы хæдзары.

  4. Дæ бындур макуы рафæлдæхæд.

  5. Дæ астæурæхыс йæ бынатæй макуы рахауæд.


Сывæллæттæ, зæгъут ма мфæкæнынцын, уæ мадæлтæ уæ куыд фæхонынц, цавæр рæвдауæн ныхæстæ фæкæнынц?


  1. Мæ къона.

  2. Мæ бæлон

  3. Мæ астæуыккаг цæджындз.

.Æмбисæнттæ.

1. Æнкъард къона – дымгæдард.

2. Артдзæстæн ердо.

3. Артдзæстæн тохына.

4. Артдзæстæн – къона.

5. Фæздæг кæцæй кæлы, арт дæр уым и.

6. Астъуартæн – астæурæхыс.

7. Хæдзарæн - артдзæст.

8. Артдзæстæн бындур.

9Æнæ артæй фæздæг нæй, æнæ фæздæгæй – арт.


Урочы хатдзæг: Уæдæ ацы нывтæм гæсгæ базыдтам ног дзырдтæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут.

Уæдæ цы базыдтам мах абон нæ урочы, цавæр ног зонындзинæдтæ райстат абон? Нæ урочы мах дзырдтам нæ ирон æгъдæуттыл, нæ хæзнаты – хæзнадæртыл, уыцы æгъдæуттæ, æмæ нæ фыдæлты уа грох хъуамæ ма кæнæм.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


Хæдзармæ куыст: Ныффыссын нывæцæн ”Æз уарзын мæ фыды уæзæг.”

Хæрзбон зæгъын,.Стыр бузныг уе ’ппæтæн дæр. Амонджын ,фæрнджын ут1


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 7 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Очаг и его место у осетин.

Автор: Габуева Жанна Казбековна

Дата: 19.01.2015

Номер свидетельства: 158074


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
1580 руб.
1970 руб.
2110 руб.
2640 руб.
1690 руб.
2110 руб.
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства